Уæрæсейы Федераци арæнтыл хизыны змæлд рæстæгмæ кæй æрурæдта вирусы пандемийы аххосагмæ гæсгæ, уый куыд бандавдзæн республикæйы цардуаг æмæ æндæр ахсджиаг здæхтыты, уый тыххæй бабæрæг кодтам нæ горæты цалдæр объекты. Уыдон дæр ныртæккæйы рæстæджы сты иууыл хъæуæг æмæ нæ арæх кæдæм хъæуы цæуын, ахæм объекттæ.

Хуссар Ирыстоны æнæуый дæр грипп æмæ æндæр хæцгæ низты дыккаг уылæн кæй апарахат, уымæ гæсгæ ахуырадон уагдæтты дæр рæстæгмæ урæд æрцыд ахуырадон процесс, цæмæй ма апарахат уыдаиккой вирусон хæцгæ низтæ. Уыдонмæ ма æрбаиу, æнæхъæн дунейы цы тæссаг хæцгæ низ тезгъо кæны, уый дæр. Æмæ уымæй хи бахизыны нысанæн рæстæгмæ æхгæд æрцыдысты ахуырадон æмæ æндæр цардуагон, базарадон объекттæ. Бæстæйы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ афтиæгтæ, хæлцадон æмæ фыццаградон æнæмæнхъæуæг товартæ уæйгæнæн дуканитæ архайдзысты цæрджыты хæрзæбонæн.

Бæстæйы къухдариуæгад æппæт амæлттæй дæр архайынц, цæмæй не ‘мбæстæгты бахизой цардæн тæссаг вирусæй æмæ уый æмрæнхъ уавæрæй пайдагæнгæйæ бирæ амалиуæггæнджытæ ма зынаргъ кæной сæ уæййæгтæ.

Хæлцадон дуканитæ, афтиæгтæ куыд ифтонг сты хæлцадон продукттæ æмæ медицинон препараттæй, уый базоныны нысанæн знон азылдыстæм ацы объекттыл. Хæлцыл дзырд куы цæуа, уæд ифтонг сты продукттæй. Хъуагдзинад ис, æрмæстдæр ссад уæй кæнынæй. Ссад цы уæйгæнæн объектты ис, уым ныртæккæ нæй йе ссарæн, фæлæ ныфс æвæрынц, абон сæм æнæмæнг кæй уыдзæн, уымæй.

Афтиæгты нæ азылдæй бæрæг уыд, æмæ ифтонг кæй сты æнæмæнгхъæуæг препараттæй. Ссарæн нæй, ныры рæстæджы модæйы цы маскæтæ ис, уыдонæн æмæ хицæн дезинфекцигæнæн антисептиктæн. Уæйгæнджытæ куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ уыцы æрмæг нæй фирмæты дæр, уымæ гæсгæ йæ закъаз кæнын дæр æнæпайда у. Уый нæ, фæлæ ма Мæскуыйы уынджы афтиæгтæй сæ иу нæ азылды рæстæджы иста медицинон препараттæ, цыран уыд тæвд рыппарыны æмæ вирусы ныхмæ алыгъуызон æмæ бирæ æндæр хъæуæг препараттæ.

Информацион фæрæзты руаджы ма æндæр уагдæтты сæргълæуджытæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ нæ фæтыхсдзысты нæдæр æртагæй, нæдæр кæрдзын кæныны продукттæй, уымæн æмæ нæм ис фæсауæрцтæ дæр.

Уымæ гæсгæ нæ хъæуы фæдисхъæр кæнын, æмæ дуканиты зыд æлхæд æмæ фæсауæрц кæнын. Паникæ у иууыл негативондæр фæзынд æхсæнады, уæд цыма адæймаджы иммунитет дæр лæмæгъ æмæ æдых кæны, ахæм æнкъарынад фæзыны. Æмæ низы та æндæр ницы хъæуы.

Хæстон рæстæджытæ, æххормаг æмæ æвæрæз цардыл ахуыр стæм мах. Бавзæрстам æрдзы аххосæй æнамондзинæдтæ дæр. Вирусы пандеми кæд серьезон биологон æхсæнгарз у адæймагады ныхмæ, уæддæр бирæ баст у нæхиуыл дæр, санитарон нормæтæ куыд раст æххæст кæнæм æмæ низы ныхмæ куыд зондджынæй фæлæууæм, уымæй. Æмæ бæстæйы къухдариуæгады, вирусологты æмæ эпидемиологты амындтытæ ацы рæстæджы куыд раст æххæст кæнæм, уымæй нæхи дæр бахиздзыстæм æмæ нæ фидæнæн æнæниз фæлтæр дæр.

Иумиагæй сисгæйæ республикæйы хицауад нæ бæстæмæ коронавирусон инфекци цæмæй ма æрбаирвæза, уый тыххæй бакодта уæлæмхас карантин, кæцы архайдзæн 13 апрелмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.