Республикæ расидыны боныл 31 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн 20-æм сентябры уагъд æрцæудзысты бæрæгбонон мадзæлттæ. Иннæ хæттытау та, Театралон фæзуаты нæ республикæйы уæвæг гарзджын тыхтæ рæнхъон цыдæй рацæудзысты æфсæддон парады æмæ ныридæгæн сæхи цæттæ кæнынц ацы мадзалмæ. Цалдæр хатты æхгæд æрцыдис Театралон фæзуат, цæмæй дзы ауадзой Генералон репетицитæ æмæ бакæсой парады хайадисджыты цæттæдзинадмæ. Репетицитæн къухдариуæг кодта РХИ-йы гарзджын тыхты Генералон штабы хистæр Виктор Федоров.

Æфсæддон парады хайад райсдзысты парадон расчеттæ РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрадæй, Мидхъуыддæгты министрадæй, Уæлвæткон уавæрты министрадæй, Юстицийы министрадæй, РХИ-йы Арæнхъахъхъæнæн службæйæ, УФ-йы 4-æм гвардион æфсæддон базæйæ, УФ-йы Арæнхъахъхъæнæн управленийæ æмæ ма кадетон скъолайы курсанттæ. Ӕдæппæт сты 500 хæстонæй фылдæр, парады рацæудзысты æфсæддон техникæ дæр.

Мидхъуыддæгты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй 20 сентябры Театралон фæзуатмæ бацæуæнтæ уыдзысты æхгæд. Гæнæн уæвгæйæ, уыцы бон нæ хъæуы пайда кæнын хисæрмагонд транспортæй, уымæн æмæ горæты сæйраг уынгты азмæлæн нæ уыдзæнис адæмæй æмæ машинæтæй. Нæ хъæуы уромын автомашинæ, бар кæм нæй, ахæм бынæтты дæр, – фæткхалджытæ иваргонд цæудзысты. Фистæг бæлцæттæн та æвæрд æрцæудзысты сæрмагонд аркæтæ æмæ ма сæ сгардзысты металлодетектортæй дæр. Карз нозт, æхсæнгарз, цыргъаг предметтæ, авгæй конд дзаггарзтæ нæ уыдзæнис бахæссæн Театралон фæзуатмæ, æмæ æндæр бæрæгбонон мадзæлттæ кæм цæуа, ахæм рæт-тæм.

Æхсæнадон фæтк бахъахъхъæныны тыххæй Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ раз-вæлгъау ахиздзысты фæтыхджындæргонд режимы куыстмæ. Бæрæгбонон мадзæлттæ кæмыты хъуамæ цæуой, уыцы территоритæ æмæ бæстыхæйттæ инженерон-техникон хайады кусджытæ басгардзысты ахуыр куыйты фæрцы æмæ спайда кæндзысты сæрмагонд техникон фæрæзтæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.