Горæт Ессентукийы уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн æмхæццæ æмбуар хæстæй Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат «Крепость Кавказа», зæгъгæ. Ерысты хайад райстой Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Уыдонæн бантыст фараст майданы рамбулын. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Мамытаты Роман (80 кг), Харебаты Давид (40 кг), Джиоты Артем (50 кг) æмæ Æлборты Елизаветæ (40 кг). Æвзист майданты хицæуттæ баисты Пухаты Умар (45 кг) æмæ Козаты Хетæг (77 кг). Бронзæйон призертæ та систы  Алан Генгеури (65 кг), Сиукъаты Эрик (50 кг) æмæ Оттаты Артур (55 кг).

Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Хъуылымбегты Мамед, Хаситы Зелим, Бестауты Азæмæт, Дзабиты Артем æмæ Хетæгкаты Яков.

 

БОКС

Хуссарирыстойнаг боксертæ дыууæ майданы рамбылдтой 13-14-аздзыд спортсменты ‘хсæн спортивон æхсæнад «Юность России»-йы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Стъараполы крайы. Æвзист майданы хицау бацис Гуыцмæзты Тамерлан. Уый 48 кг уæзы категорийы архайгæйæ, акодта 4 тохы, кæцытæй æртæйы фæуæлахиз. Бронзæйон призер та ссис Букуылты Арсен. Уый та йæ цæттæдзинад фæлвæрдта 52 кг уæзы категорийы.

Спортсменты тренетæ сты Куымæридтаты Родион æмæ Тедеты Алик.

 

АРÆЗТ ЦÆУЫ 1-АГ КАТЕГОРИЙЫ СТАДИОН

 

РЦИ-Аланийы республикон стадион «Спартак»-ы реконструкци фæуыдзæн 2023 азы. Уый тыххæй дзыллон информацион фæрæзтæн хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад.

«Объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн 2023 азы дыккаг кварталы. Ацы хъуыддаг фæстæдæр рæстæгмæ хаст æрцыд проект ивд кæй æрцыд, уый аххосагæй. Ома, кæд раздæры проектмæ гæсгæ стадион хаудаит дыккаг категоримæ, уæд ныр та арæзт æрцæудзæн фыццаг категоримæ хауæг стадион. Уымæн æмæ Уæрæсейы футболон цæдисы премьер-къорды хъæзтытæ уадзыны бар ис  æрмæстдæр фыццаг категоримæ хауæг стадионы.

Ведомствойы куыд банысан кодтой, афтæмæй объекты демонтажгонд æрцыдысты трибунæтæ, бауагътой йæм рухс. «Куыст цæуы хурныгуылæн æмæ хурскæсæны трибунæты котловантæ бацæттæ кæныныл.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.