Абон, 10-æм сентябры Белграды райдайдзæн дунейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Æмæ кæд ерысты хайад райсынмæ нæ бауагътой Уæрæсейы командæйæ, уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ чемпионаты майдантыл тох кæндызсты ирон богалтæ, кæцытæ хъахъхъæнынц æндæр бæстæты спортивон кад. Æдæппæт ирон спортуарзджытæ сæ хъус дардзысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы 9 хъомылгæнинагмæ. Уыдонæй цыппар архайдзысты Словакийы æмбырдгонд командæйы сконды. Ацы бæстæйы номæй архайынц дыууæ хатты Европæйы чемпион Салхъазанты Таймураз, Европæйы чемпион Гулаты Æхсарбег (79 кг), Макъоты Барис (86 кг) æмæ Цæкуылты Батырбег (97 кг). Венгрийы командæимæ Белградмæ ацæудзæн Байцаты Владислав (97 кг). Испанæн майдан рамбулыныл архайдзæн Фриаты Таймураз (86 кг), Молдавийы сконды чемпионаты та архайдзæн Рубайты Георги (92 кг). Дунейы раздæры чемпион Цæболты Хетик (74 кг) хъавдзæн Сербийы спортивон кад фæбæрзонддæр кæнынмæ. 74 кг уæзы ма йæ тыхтæ фæлвардзæн Украинайы командæйы уæнг Тогъуызаты Зелимхан.

 

СТАДИОНЫ РЕКОНСТРУКЦИЙЫЛ

КУСДЗЫСТЫ ДЫУУÆ СМЕНÆЙÆ

РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмбырд ауагъта Дзæуджыхъæуы республикон стадион «Спартак»-ы реконструкцийы архайæг арæзтадон организациты минæвæртты хайадистæй. Регионы сæргълæууæг æрсидт подрядон организацитæм, цæмæй фæцырддæр кæной куыстыты темптæ, зæгъгæ, ацы стыр спортивон объект республикæйæн у тынг ахсджиаг. Сергей Меняйло подрядчикты раз хæс сæвæрдта, цæмæй 2022 азы объектты цæттæдзинад уа 45% æмæ бахардз кæной ацы нысанæн æппæт рахицæнгонд финансон фæрæзтæ. РЦИ-Аланийы сæргълæууæг ма сын рекомендаци радта, цæмæй куыстытæ ракæной дыууæ сменæйы графикмæ.

«Объекты куыстыты фæудмæ æнхъæлмæ кæсынц спортуарзджытæ, Цæгат Ирыстоны цæрджытæ иууылдæр. Сæрмагондæй мæхæдæг контроль кæндзы-нæн куыстыты цыд», – банысан кодта Сергей Меняйло.

Хицауады сæрдар Дзанайты Борис, вице-премьер Икъаты Русланбег æмæ Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадæн хæсгонд æрцыд «Спартак»-ы реконструкци сæрмагонд контролмæ райсын, афтæ ма хъуамæ сæ хъус дарой подрядон организацитæн рæстæгыл аванс хицæн кæныны процессмæ. Æрмæст ацы аз бахъæудзæн 1 миллиард æмæ 61 милуан сомæй спайда кæнын. Æдæппæтæй стадионы арæзтадæн хицæнгонд æрцæудзæн 2 миллиард  875 сомы.

Подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй стадионы бирæ фадгуыты ныридæгæн куыст цæуы дыууæ сменæйы.

Ног къуырийæ та куысты процесс æнæхъæнæй рахиздзæн дыууæ сменæмæ. Раздæр арæзтады темптыл бандæвта, фыццаг уал цы проект уыд, уымæ коррективрокæтæ бахæссын. Уæрæсейы футболон цæдисы домæнтæм гæсгæ Уæрæсейы премьер-къорды хъæзтытæ уадзæн ис æрæмстдæр фыццаг категорийы стадионты. Уымæ гæсгæ ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты проектон-сметон документацимæ, цæмæй стадион дыккаг категорийæ ивд æрцæуа фыццаг категоримæ. Куыстытæ фæуыны фæстæ футболон аренæйы уыдзæн премьер-къорды хъæзтытæ уадзæн. Объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн 2023 азы 1-æм июлы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.