Паддзахадон унитарон куыстуæтты архайдыл контрол кæныны фæдыл æхсæнведомствæйон къамис сфидар кодта кондадты 2019 азты бакæнгæ куысты хыгъдтæ æмæ дарддæры финансон-хæдзарадон архайды плæнттæ.

Къамисы сæрдар, Республикæ Хуссар   Ирыстоны  Хицауады  Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй плæнтты æфтиæгтæ æмæ хæрдзтæ хынцыд æрцыдысты кондады гуырахст æмæ продукци реализаци кæныны прогнозкæнынадмæ гæсгæ.

Къамисы  рабадты  æркастæуыд æртындæс  паддзахадон  унитарон куыстуаты,  номхуындæй  Дзулфыцæн   комбинат,  Хуссар  Ирыстоны энергоресурс, доны  хæдзарад, г. Цхинвалы хæрзарæзтады управлени æмæ æндæрты финансон-хæдзарадон архайдмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.