Æрæджы нæ республикæмæ Цæгат Ирыстонæй кусæгон балцы æрцыдысты æхсæн-этникон журналистикæйы скъолайы журналисттæ Къæбысты Заринæ, Василенко Юля æмæ сæ куратор, газет «Северная Осетия»-йы уацхæссæг Бедойты Залинæ. Уазджытæн се ‘рцыды нысан уыд Хуссар Ирыстоны хъæутæй иуы фенын æмæ дзы чи цæры, уыдоны цардимæ базонгæ уæвын. Уыдон цымыдис кодтой, хъæуы цæрджытæ сæ цард куыд аразынц, цахæм æгъдæуттæ сæм ис, хъæу нырыккон домæнтæм гæсгæ йæ цард куыд аразы, йæ адæмæн цахæм æнтыстытæ æфты сæ къухты фæллойадон хъуыддаджы.

Бедойты Залинæ куыд загъта, афтæмæй ма уыдон уыдысты Цæцæны æмæ Кæсæг-Балхъары хъæуты. Уый фæстæ уыдон саразынц чысыл тексттæ, фоторавдыстытæ æмæ уыдоны руаджы равдисынц Цæгат Кавказы хъæуты цæрджыты цард.

Ацы хатт та журналисттæ сæ фæндаг акодтой Цхинвалы районы Дменисы хъæумæ. Семæ уыд РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты æхсæнадон æмæ мидæггагон информацион иудзинады фæдыл сæйраг специалист Гæджиты Анжелæ.

Уыцы бон Дменисы хъæуы цæрджытæ нысан кодтой Хуыцауы номыл бæрæгбон. Уазджытæн тынг цымыдисон уыд бæрæгбоны нысаниуæг æмæ сын уый тыххæй хъæуы цæрæг Кокойты Валери лæмбынæг радзырдта.

«Уазал зымæджы фæстæ æрбалæууы царддæттæг уалдзæг, райхъал вæййы æрдз, зæхх сулæфы æмæ райдайынц алыгъуызон хæдзарадон куыстытæ. Адæм райдайынц хуым кæнын, тауын. Ирон адæмы уалдзыгон бæрæгбонтæ та динон-символикон æгъдауæй баст вæййынц зæххы куыстимæ. Зæхкусæг лæгæн   сæйраг у йæ тыллæджы æрконд æмæ уымæ гæсгæ кодта алыгъуызон ритуалон æгъдæуттæ, уыдоны мидæг уый æвдыста йæ зæрдæйы уаг, йæ уырнынад. Уымæ гæсгæ кодтой Хуыцауы номыл куывдтæ, кодтой нывæндтæ æмæ куывтой сæ хорæрзады тыххæй. Уыдоны уырныдта, Хуыцау сæ кæй бахъахъхъæндзæн æрдзы хивæнд митæй: тыхдымгæтæ, тæрккъæвдатæ æмæ ихуардтæй», – загъта Валери.

Уый  куыд загъта, афтæмæй ацы бæрæг бон хъæубæстæ аразынц иумæ. Аразгæ та йæ фæкæнынц хъæуы иумæйаг фæзуаты, кæнæ фысым чи уа, уый хæдзармæ æввахс. Ныр дæр фынгтæ уæз кодтой алыгъуызон хæринæгтæй: физонæг, къуыдырфых дзидза, уæлибыхтæ æмæ æндæр хæринæгтæй дæр.

Бæрæгбоны фынгыл равзæрстой фидæны фысымы.

Уазджытæн тынг цымыдисон уыдысты ацы æгъдæуттæ æмæ райгондæй дзырдтой ацы æгъдауы аивдзинадыл.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы бæрæгбон дменисæгтæ кæй нысан кæнынц тынг рагæй.

Ирон адæммæ рагæй фæстæмæ уазæг тынг кадджын кæй у, уымæ гæсгæ сæ уазджыты сбуц кодтой. Бахуыдтой сæ иумæйаг куывдмæ æмæ журналисттæн ноджыдæр фадат фæцис адæ-мимæ аныхас кæнынæн, сæ царды уавæртимæ базонгæ уæвынæн.

Уазджытæ цымыдис кодтой, хъæуы фæсхæст ногæй  цы объекттæ арæзт æрцыдысты, уыдонимæ. Бацыдысты æмæ федтой хъæуы сывæллæттæн ногарæзт рæвдауæндон, фæсивæды спортивон комплекс, фæндаджы арæзтад.

Журналисттæ  цымыдис кодтой, сæхи сæрмагонд хæдзарадтæ чи райтынг кодтой, уыцы чысыл амалиуæггæнджыты куыстмæ.

Райдианы уал уыдон бацыдысты Бестауты Алексийы кæрчыты фермæмæ. Уый сын лæмбынæг æрдзырдта æфсæддон службæгæнæг кæй уыд æмæ ныр отставкæйы ацæуыны фæстæ кæд йæ бон уыд горæты æдыхстæй, йæ пенсийæ фæцæрын, уæддæр æй йæхимæ кæй æлвæста йæ райгуырæн хъæу. Куыста йæ хæдзаргæрон зæххытæ, сарæзта дыргъдон. Ныр дыууæ азы бæрц та архайы маргъдард райтынг кæныныл. Балхæдта инкубатор æмæ йын сæ нымæц кæны фылдæрæй фылдæр. Уый йæ кæрчытæн хæрын кæны бынаты æркæнгæ нартхор, мæнæу, æркæрды сын кæрдæг. Алекси куыд зæгъы, афтæмæй нæ архайы, тагъд сæ чи астыр кæны, ахæм хæринаг самал кæныныл. Цы æйчытæ райсы, уыдон та уæй цæуынц нæ горæты магазинтæй цалдæры.

Ацы фермеры архайд у цæвиттойнаг, уымæн æмæ æппæт дæр аразы йæхи цæнгты фæллойæ.

Журналисттæ бабæрæг кодтой Лолаты Æхсары хъæппæрисон архайд дæр. Уый кæны кæсагдарды куыст æмæ йын ис стыр æнтыст. Кæсæгтæ тынг зæрдиагæй æлхæнынц фæлхасгæнджытæ. Æхсар куыд зæгъы, афтæмæй уый архайдзæн, ноджы сæ фæфылдæр кæныныл.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.