РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик хайад райста æвдæм æрсидты Парламентмæ депутатты æвзæрстыты. Хицауады сæргълæууæг æвзарæн фадыгмæ æрбацыд йæ бинонтимæ æмæ уыд фыццæгтæй сæ иу. «Абон уагъд цæуы стыр ахсджиаг политикон цау – Хуссар Ирыстоны закъондæттæг органмæ æвзæрстытæ. Уырны мæ, ног Парла-ментмæ кæй æрбацæудзысты аккагдæр æмæ цæсгомджындæр адæймæгтæ, кæцытæн сæ бон уыдзæн адæмы ныфсытæ царды ныббиноныг кæнын, бæстæйы рæзт, стабилондзинад æмæ национ æмразыдзинад сифтонг кæнын, кæцытæ цæттæ сты Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ æнгомæй, иумæ хъахъхъæнынмæ. Респуб-ликæйы алы æмбæстаджы хæс дæр у æвзæрстыты хайад райсын æмæ йæ позици равдисын, уымæй паддзахады дарддæры рæзтмæ йæ хайбавæрд бахæсгæйæ», – загъта Хицауады Сæрдар хъæлæс кæныны рæстæджы.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.