Президент Бибылты Анатоли Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты паддзахадон уынаффæгæнæгæй снысан кодта Хицауады раздæры Сæрдар  Пухаты Эрикы.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли банысан кодта Пухаты Эрикы куысты стыр фæлтæрддзинад.

«Дæумæ цы потенциал ис, цæмæй уый æнæхъуаджы ма сæфа, уый тыххæй мæ фæнды  снысан дæ кæнон экономикон фарстаты фæдыл Президенты паддзахадон уынаффæгæнæгæй. Ды иттæг хорз зоныс Хицауады куыст, иттæг хорз зонгæ дæ паддзахады цардархайды æппæт фадгуытимæ æмæ мæ уый тыххæй уырны, уыцы куысты дын кæй уыдзæн æнтыстытæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Пухаты Эрик Хицауады Сæрдары бынаты æнтыстджын куыст кæй кодта, уый тыххæй йын Бибылты Анатоли бузныг загъта æмæ йын раарфæ кодта йæ ног бынатæн дæр.

Йæ рады Пухаты Эрик бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн, кæй йыл æууæнды, уый тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн æнтыстджын куыст кæй кæндзæн, уымæй. 

«Раст уынаффæтæ куы исæм, уæд нæм æнхъæлмæ кæс-дзæн æнтыст. Бузныг де ‘ууæнчы тыххæй», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.