Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Ленингоры районы Цъинагар æмæ Орчъосаны хъæуты скъолаты ног ахуыры азы райдианы сæраппонд. Паддзахады сæргълæууæгимæ уыдысты Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ Ленингоры районы сæргълæууæг Мамытаты Витали.

Педагогон коллектив, скъоладзаутæ æмæ сæ ныййарджытæн ног ахуыры азы райдианы тыххæй раарфæ кæнгæйæ, Бибылты Анатолийæн йæ цæст бауарзта ахуыры стыр æнтыстытæ.

«Абон у рæсугъд, нысаниуæгджын бæрæгбон, скъоладзаутæ ногæй  æрбаддзысты сæ партæты фарсмæ, фыццагкъласонтæ та фыццаг хатт скъолайы къæсæрæй бахиздзысты. Алы ныййарæгæн ахсджиаг у, цæмæй йæ сывæллон зонындзинæдтæ райса, уымæн æмæ æнæ ахуырадæй аккаг фидæнæн уæвæн нæй. Фыццаджыдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, махæй алкæйы дæр фæнды, цæмæй сывæллæттæ удварныл хъомыл уой. Æмæ ахæм хъомылад мах исæм скъолаты», – загъта Президент.

Уый бафæндыд, цæмæй хъæууон скъолаты контингент фылдæр кæна, æмæ ахуыргæнджытæй æрдомдта, цæмæй ахуырадмæ цымыдисдзинад æвзæрын кæной, ахуырдзаутæ та цæмæй тырной зонындзинæдтæ райсынмæ, кæцытæ суыдзысты сæ дарддæры царды æнтыстыты бындур.

Бибылты Анатоли загъта йæ цæттæдзинад, кæй ахъаз кæндзæн республикæйы ахуырадон уагдæтты уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Лæварæн паддзахады сæргълæууæг дыууæ скъолайæн дæр радта телевизортæ.

Скъоладзаутæ æмæ æппæт æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныры дуджы æнæахуыр адæймагæн зын уыдзæн йæхи ссарын æмæ ахуырдзаутæй æрдомдта, цæмæй æппæт сæ тыхтæ радтой ахуырмæ.

«Уый уыдзæн уæ æххуыс паддзахадæн. Бæрзонд хæссут уе скъолайы тырыса, макуы рох кæнут уæ ахуыргæнджыты, хъусут сæм. Æрмæстдæр уæд уыдзæн махæн нæ бон зæгъын, мах ахуыр адæмы кæй уадзæм, уый», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый фæстæ Президент æмæ йемæ чи уыд, уыдон базонгæ сты Цъинагары хъæуы цы спортивон зал арæзт цæуы, уым куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ, æмæ уыдысты Хуссар Ирыстоны аивæдты дæсныты хайадистæй концерты.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.