Фиппаинæгтæ Зеленскийы балцы тыххæй

Фыдæлтæй фæстæмæ мæгуыргурыл нымадтой, исты бахæрыны тыххæй чи куырдта, уый. Украинæ та мæгуыргур æхсæнгарзы тыххæй ныллæууыд. Ногæй зилы сыхаг бæстæтыл Зеленский æмæ сæ домы хæцæнгарз. Ӕгæрыстæмæй ма сæм æртхъирæнтæ дæр кæны, ома йæ æз хорз зонын, цас хæцæнгарз уæм ис æмæ мын дзы уыйбæрц хъуамæ радтат.

Болгарийы сæйраг горæт Софияйы Зеленскимæ ничи æнхъæлмæ каст æмæ йыл сæмбæлдысты уазал цæстæнгасимæ. Æнæнхъæлæджы сæм кæйдæр хæдтæхæгыл æрхæццæ. Аэропорты йыл сæмбæлдис æрмæстдæр сæ премьер-министры хæдивæг Мария Габриэль. Нæ дæр ын гауызтæ айтыгътой, нæ дæр цытджын караул сæвæрдтой. Йæ кортежы размæ рахызт болгайраг сауджын, йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, бакодта йыл анафемæ æмæ йæ схуыдта хæйрæджыты хицауады сæргълæууæг.

Болгарийы советон дугæй баззад дзæвгар хæцæнгарз æмæ нæмыг, украинæйаг æфсæддонтæ та ныридæгæн хъуагдзинад æййафынц. Ӕмæ Зеленскийы ныццыд Болгаримæ фыццаджыдæр уыимæ уыд баст. Дыккаджы та йæ фæндыд, цæмæй Болгари сæ фарсмæ балæууа НАТО-йы скондмæ бацæуыны фарстайы.

Фыццаг фарстайы фæдыл ахæм карз дзуапп райста Зеленский, æмæ йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта.

«Болгарийы гарзджын тыхты фæсауæрцтæй хæцæнгæрзтæ сисын æмæ сæ Украинæйæн радтыныл æз разы нæ дæн. Æнæмæнг уый æвзæрæрдæм бандавдзæнис Болгарийы хихъахъхъæнынхъомдзинадыл. Абон мах æрмæстдæр хъусæм «уæлахиз», «уæлахиз». Сабырдзинады кой ничи скодта, æмæ сабыр дуне та сæйраг у. Конфликт карздæр кæнын раст фæндаг нæу, Украинæ раууатмæ æрцыдис æмæ хæстæн йæ кæрон нырма нæ зыны. Афтæмæй та хæстон архайдтытæ бандæвтой æрмæст Европæйыл нæ, фæлæ æгас дунейыл. Акæсæм ма, Европæйы бæстæты куыд бæрзонд инфляци ис, цахæм æхсæнадон æндыгъддзинад дзы ис. Уымæ гæсгæ, æрмæст Украинæйыл нæ хъæуы хъуыды кæнын, фæлæ – Европæйы фидæныл дæр», – загъта Болгарийы президент Румен Радев.

Зеленский ахæм дзуаппмæ не ‘нхъæлмæ каст æмæ уасæг æмбондмæ куыд стæхы ныууасынмæ, афтæ хæрдмæ фæхаудта æмæ алывыдтæ лæхурын райдыдта. Ахæм уагахаст фенгæйæ, Радев журналистты рарвыста æддæмæ. Ӕвæццæгæн æй нæ фæндыд, цæмæй Зеленскийы гуымиры ныхæстæ апарахат уой æгас дунейыл.

Дыккаг фарсты фæдыл Зеленскийы хъуыддæгтæ æнтыстджындæр разындысты – Болгари разы у Украинæйы фæндонимæ НАТО-йы скондмæ бацæуыны тыххæй æмæ ницы фау æрхастой Зеленскийы программæмæ. Фæлæ æрмæст ахæм дзырдимæ – «кæд фидæны æмбæлон уавæртæ сараза Украинæйæн НАТО-йы скондмæ бацæуынæн, уæд». Ӕмæ уыцы «уавæртæ» цахæм уыдзысты, уый Хуыцау йедтæмæ ничи зоны.

Болгарийæ йæ зæрдæ нæ барухс Зеленскийæн æмæ атахт Прагæмæ æмæ фембæлд сæ президент Петр Павелимæ, сæ премьер Петр Фиалаимæ æмæ ма сæ парламенты минæвæрттимæ. Чехи сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианæй фæстæмæ стыр æфсæддон æххуыс кæнынц Украинæйæн æмæ сæ ныхæстæм гæсгæ, дарддæр дæр æххуыс кæндзысты.

Уырдыгæй Зеленский араст Стамбулмæ Турчы президент Эрдоганимæ фембæлыны сæраппонд. Сæ фембæлды фæстиуджытæ фæстæдæр рабæрæг уыдзысты.

           ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.