Культурæйы министр Зассеты Жаннæйы бахæсмæ гæсгæ, Национ музейы кусджытæ ленингойраг коллегæтимæ кусынц Ленингоры поселочы чысаны ерыстауты музейы фонд ногæй срегистраци кæныныл.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй сæрды райдианы музей рахызт Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады юрисдикцимæ, æмæ ссис Паддзахадон историон-бæстæзонæн музей.

«Уый арæзт æрцыд уымæн, æмæ, нæ культурæйæн стыр аргъ цы музейæн ис, уый хъæуы паддзахадон æмвæзадыл æххуыс», – загъта Зассеты Жаннæ.

Фыццаджы уал министрады сæргълæууæг бахæс кодта Национ музейы кусджытæн ленингойраг коллегæтæн баххуыс кæнын фонд ногæй срегистраци кæныны хъуыддаджы, æмæ уырыссаг æвзагыл ног инвентарон чингуытыл фыстытæ саразын, уымæн æмæ раздæр уыдысты гуырдзиаг æвзагыл.

Ленингоры музейы директор Чертхъоты Зæлинæ куыд банысан кодта, афтæмæй ныры онг сарæзтой 1600 онг экспонатæн фæлхыгъд, уыдон та иумæйагæй сты 5 мины.

Фонды фæлхыгъды куысты хайад исынц Национ музейы директоры хæдивæг Санахъоты Лианæ, фонды хайады хистæр зонадон кусæг Болататы Эльвирæ, æрдзы хайады сæргълæууæг Къæбулты Еленæ æмæ æндæртæ.

Санахъоты Лианæ куыд банысан кодта, афтæмæй музейон фонды хыгъд у фондон куысты сæйраг здæхтытæй сæ иу. Йæ нысан у музейон предметтæ æмæ коллекцитæ физикон æмæ юридикон æгъдауæй бахъахъхъæнын.

«Музейтæ хæсджын сты, цæмæй уадзой басгæрстытæ сæйраг хыгъдон документацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ музейон предметтæ æмæ коллекциты уæвынад æмæ экспонатты уавæры тыххæй. Ленингоры музейы рагæй нæ уыд фæлхыгъд, уымæн æмæ уый у зын куыст, кæцыйæн нæ уыд сæххæстгæнæн сæрмагонд тыхтæй», – банысан кодта директоры хæдивæг, æмæ загъта, зæгъгæ, Ленингоры паддзахадон историон-бæстæзонæн музеимæ иумæйаг куыст кæй адарддæр уыдзæн.

Банысан кæнын хъæуы, чысаны ерыстауты галуаны бæстыхайы, кæцы арæзт æрцыд 18 æнусы, æвæрд сты ирæтты бирæзаманон æрмæджытæ, кæцытæн ис этнографион æмæ археологон зонады стыр интерес.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.