Нæ горæты Анахарсисы номыл национ республикæйы уагъд æрцыд поэзийы изæр, кæцы баст уыд зынгæ уырыссаг поэттæ Игорь Северянин, Андрей Вознесенский æмæ Булат Окуджавайы сфæлдыстадимæ. Сорганизаци йæ кодтой библиотекæйы уырыссаг абоненты кусджытæ. Мадзалмæ æрбацыдысты библиотекæйы кусджытæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты профессортæ-ахуыргæнджыты сконды минæвæрттæ æмæ студенттæ.

Мадзалмæ æрбамбырдуæвджытæ базонгæ сты курдиатджын поэтты сфæлдыстадимæ, сæ царды иууыл нысаниуæгджындæр цаутимæ, сæ бон ссис поэзийы дунейы аныгъуылын. Игорь Северянин у поэзийы æвзист æнусы ирддæр минæвæрттæй сæ иу. Уымæн йæ удæгасæй бантыст дыууын æмбырдгондæй фылдæр мыхуыры рауадзын.

Зынгæ уырыссаг поэт Андрей Вознесенский курдиатæн табу кодта Борис Пастернак. Сæ хæлардзинад бандæвдта йæ аивадыл æмæ æгæрыстæмæй йæ цардыл дæр. Уый уырыссаг поэзимæ бацыд метеорау.

Булат Окуджава у советон уырыссаг поэт, бард, прозаик, сценарист æмæ композитор. У дыууæсæдæйæ фылдæр эстрадон зарджыты автор, афтæ ма у зарæжжы жанры ирддæр минæвæрттæй сæ иу. Йæ зарджытæн æмдзæгæтæ æвзæрста æрмæст йæхи фыст æмдзæвгæты ‘хсæн нæ, фæлæ ма Кавказы æмæ Нарты эпосы аргъæуттæй дæр. Окуджава у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг æмæ уымæ гæсгæ хæсты темæ стыр бынат ахсы йе сфæлдыстады.

Мадзалы раныхас кодта æмæ йæ организатортæн бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Пæрæстаты Мананæ. «Уырыссаг ныхæсты бындур сты сæрмæтты, аланты, скифты интонаци æмæ сæ уырыссаг æвзаг бахъахъхъæдта. Уымæ гæсгæ махæн нæ зæрдæтæм æввахс сты», – загъта Пæрæстаты чызг.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг æзаджы кафедрæйы доцент Остъаты Джульеттæ дæр бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ загъта уагдоны кусджытæн ахæм диссаджы мадзæлттæ кæй бацæттæ кæнынц, уый тыххæй. Абон, зæгъ, стыр æхцондзинад райстам ацы мадзалæй. «Поэттæй алчидæр стыр хайбавæрд бахаста уырыссаг поэзимæ. Ацы поэттæ фыстой хицæн рæстæджыты, алчидæр сæ царды бавзæрста алыгъуызон зындзинæдтæ, фæлæ сæ аивадæй егъау фæд ныууагътой уырыссаг поэзийы. Поэтикон ныхас та хъæздыгдæр кæны адæймаджы миддуне. Иу хатт æмдзæвгæйы рæнхъытæ куы бауарзай, уæд уый у цæрæнбонтæм».

Поэзийы изæры æвзонг фæлтæр бакастысты поэтты фыст æмдзæвгæтæ. Университеты фæсарæйнаг æвзæгты факультеты 2-æм курсы студенткæ Хъодалаты Мария гитарæйыл сæххæст кодта йæхи фыст зарæг.

Кæронбæттæны æрæмбырдуæвджытæн бузныджы ныхæстæ загъта библиотекæйы директор Кокойты Валерия мадзалмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй.

 Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.