Мысæн изæр

Ивгъуыд майрæмбоны нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы къухбакæнæн нал уыд адæмæй. Уыдон æрбамбырд сты Къостайы фæдонтæй æнусон кады аккаг чи сси, уыцы курдиатджын фыссæг, Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, стыр ахуыргонд, публицист, драматург, æхсæнадон архайæг, бæрзонд уды хицау, ирондзинады сæрхъызой –  Джыккайты Шамилы мысæн изæрмæ. Мадзал бацæттæ кодтой Æвзæнгты библиотекæйы кусджытæ йæ директор Тъотъоты Ленæйы хъæппæрисæй   æмæ 6-æм астæуккаг скъолайы 6-æм, 9-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæимæ.

Мысæн изæрмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, Парламенты депутат, фыссæг Гæбæраты Юри, нæ горæты библиотекæйы бæрнон кусджытæ, РХИ-йы культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, ацы министрады бибилиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæ, скъолаты ахуыргæнинæгтæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ.

Библиотекæйы кусджытæ мысæн изæры цытæн бацæттæ кодтой Шамилы чингуыты равдыст æмæ фотостенд «Иры кадæн лæууыдис мæсыгау», зæгъгæ, цыран фенæн æмæ бакæсæн уыд Шамилы къамтæ æмæ йе ‘мдугонты хъуыдытæй ист цитатæтæ Шамилы тыххæй.

Мысæн изæрмæ æрбацæуæг адæмæн, мадзал чи бацæттæ кодта, уыдонæн зæрдиаг арфæтæ ракæныны фæстæ библиотекæйы директор Тъотъоты Ленæ загъта:

– Тынг æхсызгон мын у, абон ардæм Джыккайты Шамилы рухс ном ссарыны тыххæй бирæ адæм кæй æрбамбырд. Адæймаг куы райгуыры æмæ царды рæсугъд фæд куы ныууадзы, уæд уымæй хуыздæр ницы ис. Æмæ, махæй рох макуы хъуамæ кæна, царды æгъатыр цалх кæуыл атылд, йæ цард æрдæгыл кæмæн аскъуыд, фæлæ нæ литературæйы арф фæд чи ныууагъта, уыцы стыр гоймаг Джыккайты Шамилы ном.

Изæрамонæг скъоладзаутæй сæ иу æрдзырдта Шамилы цард æмæ сфæлдыстадыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæд Иры уæзæгыл исчи æцæг иронæй райгуырд æмæ йын хъæбулы лæггад бакодта, уæд уыдонæй иу уыдис Джыккайты Шамил. Шамил æцæг уарзтæй уарзта йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ адæмы. Адæмы сагъæстæ – йæ хуыздæр зард. Ирон аив дзырды цæрæнбонæн йæ уд нывондæн хаста. Йæ гыццыл райгуырæн бæстæ  Дзомагъы хъæу, йе стыр фыдыуæзæг  Ирыстон  аккаг бынат æрцахстой йе сфæлдыстады. Уый тыххæй ахуыргæнинæгтæ бакастысты Шамилы фыст æмдзæвгæтæ «Ирыстон», «Сæрибар».

Шамил – рæстдзинады бардуаг. Йæ уд æдзухдæр дзæнгæрæгау кодта фæдисхъæр, йæ дзыллæйы хæрзæбонæн цырагъау сыгъд. Ирыстоны кадыл кад æфтыдта, йæ сыгъдæг уд нывондæн хаста Иры зæхх æмæ адæмæн. Джыккайты Шамилæн йæ курдиат, йе сфæлдыстад, йæ цин æмæ йæ бæллиц æгасæй дæр уыдысты адæмон. Йе сфæлдыстадон бынтæ сты хурæмдых. Ссардтой дзы бынат æфсарм, æгъдау, фарн, уарзондзинад, йæ удæй фылдæр цы райгуырæн бæстæ уарзта, уый, йæ уд нывондæн кæмæн хаста, уыцы мадæлон æвзаг. Æмæ сæрыстыр у, йæ мадæлон æвзаг удвидар кæй у, басæттæн, ныддæлдзиныггæнæн ын кæй нæй. Æрмæстдæр йæхи тыхы фæрцы кæй у цæрæццаг. Йæхи тыхы фæрцы кæй цæуы размæ  дзырдта мадзаламонæг. Шамилы æмдзæвгæ «Мадæлон æвзаг», афтæ аив бакаст 6-æм скъолайы 11-æм къласы ахуыргæнинаг Сиукъаты Виктория æмæ йæм хъусынтыл фесты мадзалмæ æрбацæуджытæ.

Шамилæн уыд æнкъараг æнæбасæттон, рæстаг зæрдæ æмæ йын Хуссар Иры хæст, адæмы тыхст уавæр æнцой нæ лæвæрдтой. Йæ судзгæ маст, йæ хъыг уыдис Цхинвал. Æмæ 1991 азы ныффыста æмдзæвгæ «Цхинвал». Бакаст æй 6-æм скъолайы 11-æм къласы ахуыргæнинаг Хуыгаты Азæмæт.

Йе ‘мдзæвгæ «Дыууадæс дзырды» адæймагæн дæтты цыдæр стыр тых, йæ зæрдæ йын дзаг кæны сæрыстырдзинадæй, фидауцæй. Поэты æнкъарæнтæ фергом сты иунæг абарстæй: «Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты». Хуры руаджы ис зæххыл цард æмæ æмзæвгæйы цы дыууадæс дзырды ис (Цард, Арт, Мад, Бæркад, Фарн, Æфсарм, Хæлар, Æхсар, Сæрибар, Кад Кард, Ирыстон), уыдон нысан кæнынц, цард цæмæй фидауы æмæ цæуыл лæууы, адæймаг лæджы ном хæссыны аккаг цæмæй у, уыцы символтæ. Дыууадæс дзырды фæрцы поэт равдыста йæ адæмы удыхъæд æмæ царды нысан, йæ ахаст мадæлон æвзагмæ. Ацы æмдзæвгæ хистæркъласонтæ бакастысты литературон-музыкалон ком-позицимæ гæсгæ æмæ уымæй фæаивдæр мадзал.

Шамилæн йæ цард уыд тох рæстдзинады сæрвæлтау. Нæ уарзта хин æмæ мæнгарддзинад. Æдзух тырныдта уымæ, цæмæй адæмæн сæ бон уа сæ хъуыды æргом дзурын. Фæндыд æй, цæмæй нæ уарзон Иры зæххыл мауал кæла туг. Хуыцауы фендмæ бæллыд, цæмæй Иры зæххыл фæзына аккаг фæтæг. Уый тыххæй ныффыста æмдзæвгæ «Тæхуды».

Мадзалмæ æрбацæуджытæ райстой стыр удæхцондзинад ацы æмдзæвгæ дискыл фыстæй Шамил йæхæдæг кæй бакаст, уымæй. Уый мадзалмæ æрбацæуджытæн уыд стыр сюрпризы хуызæн æмæ йын йæ хуызист æмæ хъæлæсмæ хъуыстой зыдæй, цымыдисæй. Иу уысм адæймагмæ афтæ фæкаст, цыма се ‘хсæн уæвы уый дæр. Шамил ма экранæй ноджыдæр бакаст цалдæр æмдзæвгæйы.

Мадзалы Шамилы тыххæй æндæр поэттæ цы æмдзæвгæтæ ныффыстой, стæй йæхи фыст æмдзæвгæты дæр кастысты мадзалы хайадисæг студенттæ, гимнази «Рухс»-ы ахуыргæнинæгтæ.

Юбиляры сфæлдыстад æмæ цардвæндаджы тыххæй раныхас кодта Хъазиты Мелитон.

– Джыккайты Шамил ирон литературæмæ цы бавæрæн бахаста, уый диссагæн дзуринаг у. Уый Ирыстоны кадыл æфтыдта кад, йæ сыгъдæг уд нывондæн хаста Иры зæхх æмæ ирон адæмæн. Фидар удыхъæд ын кæй уыд, уый ирдæй зыны йæ бирæ диссаджы рæсугъд æмдзæвгæты. Ирон адæмæн уымæн ссис ныфсы мæсыг, цæугæ хох.

Рæстылдзу, йæ адæмы сæрхъызой кæй уыд, уый тыххæй йæ амардтой æгъатыр мардæй Ирыстоны знæгтæ дæр. Фæлæ, абон дæр йæ амæлæты тыххæй дзуапп кæй ничи радта, уый тыххæй йæ раныхасы хъынцъымгæнгæйæ дзырдта Гæбæраты Юри дæр: «Бирæ зæрдæмахъаргæ зæгъинæгтæ ахаста Шамил йемæ, уыдонæй нæ адæм баззадысты æнæхай, ирон чиныгкæсæг сæ никуыуал бакæсдзæн æмæ уый та уæззау хабар у».

Æгъатыр у хъысмæт. Нал ис Шамил, фæлæ æнустæм баззад йæ бирæвæрсыг курдиат, йæ тохы хъæр, йæ куырыхон ныхас, йæ зонд, йæ дзырды фарн æмæ махæн кæддæриддæр уыдзысты фæндагамонæг.

Ахæм зæрдæмæхъаргæ мадзал кæй сарæзтой Шамилæн, уый тыххæй ахуыр-гæнинæгтæ æмæ сæ ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæйæн арфæйы ныхæстæ загътой РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ æмæ библиотекæйы куысты фæдыл сæйраг специалист   Дриаты Нателæ.Уыдон ма бузныг загътой Æвзæнгты библиотекæйы кусджытæн, Шамилæн ахæм диссаджы мысæн изæр кæй сарæзтой æмæ 6-æм скъолайы ахуыргæнинæгтимæ æмгуыст кæй кæнынц, уый тыххæй дæр.

Чинæгкæсджытæн, æцæгдæр, хорз уавæртæ ис ацы библиотекæйы. Тъототы Ленæ куыд зæгъы, афтæмæй ардæм арæх цæуынц скъоладзаутæ, канд аивадон литературæ бакæсыны тыххæй нæ, фæлæ сæ уроктæм цæттæ кæнын куы фæхъæуы алыхуызон темæты фæдыл, уæд дæр. «Скъоладзаутимæ нын хорз бастдзинæдтæ кæй ис, уымæ гæсгæ нын æнцон вæййы алыхуызон мадзæлттæ ауадзын дæр, – загъта Ленæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.