ГОБОЗТЫ  ВАЛЕРИЙЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 75 АЗЫ

 Нæ интеллигенцийы минæвæрттæн сæ разагътадæртæй сæ иу – поэт, прозаик, тæлмацгæнæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, шахматист,  филологон зонæдты кандидат, доцент, йæ райгуырæн Ирыстоны иузæрдион хъæбул Гобозты Валерийыл 16-æм майы сæхæст уыдаид 75 азы. Фæлæ, стыр хъыгагæн, уый а-дунейæ æгæр раджы аивгъуыдта, йæ цардæй ахицæн  2012 азы 20-æм январы.

Йæ юбилейы цытæн горæты централон библиотекæ ауагъта мысæн изæр. Хайад дзы райстой нæ горæты интеллигенцийы минæвæрттæ: Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты профессор, Уанеты Захары номыл зонадон иртасæн институты ахуыргонд нымæрдар Битарты Зойæ, РХИ-йы сгуыхт журналист, газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Биазырты Роланд, РХИ-йы шахматты федерацийы президент, Республикон бирæпрофилон медицинон  центры тынон диагностикæйы хайады сæргълæууæг, æвзонг нывгæнджыты сфæлдыстадон къорд «Цхинвал – 5»-ы къухдариуæггæнæг  Саулохты Георги, æвзæнгты библиотекæйы сæргълæууæг Дриаты Нателæ, республикон библиотекæйы директор  Гуыцмæзты Иннæ, интеллигенцийы æндæр минæвæрттæ, библиотекæйы чиныгкæсджытæ æмæ горæты скъолаты ахуырдзаутæ. Мысæн изæр бацæттæ кодта библиотекæйы кусæг Битарты Нелли.

Библиотекæйы директор Прокопенко Иринæ бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы хайадисджытæн, банысан кодта ирон аивадон дзырдмæ Гобозты Валерийы стыр хайбавæрд.

Битарты Нелли та æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта юбиляры цард æмæ сфæлдыстадимæ.

Куыд радзырдта, афтæмæй Валери интеллигент бинонты ‘хсæн райгуырд, йæ мад æмæ йæ фыд ахуыргæнджытæ уыдысты. Уыдон архайдтой сæ кæстæртæн раст хъомылад радтыныл.

Гобозы фырт каст фæцис Цхинвалы пединституты историон-филологон факультет. Ацы факультеты кæд ирон æвзаг æмæ литературæ сæйраг предметтæ нæ уыдысты, уæддæр мадæлон æвзаг йæ зæрдæйы арф бынат бацахста. Йæ царды сæйраг нысаныл нымадта ирон аив дзырдæн лæггад кæнын. Пединституты ахуыргæнгæйæ, Валери йæ фыццаг къахдзæфтæ аразын райдыдта поэзийы дунемæ.

Битарты Нелли лæмбынæг радзырдта юбиляры цардвæндæгты, сфæлдыстадон архайды тыххæй, банысан ын кодта ирон литературæйы йæ сисæрмдзæф.

«Валери куыста паддзахадон драмон театры литературон хайады сæргълæууæгæй. Куыста зонад-иртасæн институты дæр, фæлæ кæмфæнды ма куыстаид, уæддæр йæ зæрдæйы цы поэзийы цæхæр ссыгъд, уый йын никуы мынæг кодта», – дзырдта докладгæнæг.

Гобозы фырт кусынмæ бацыд газет «Советон Ирыстон»-мæ æмæ куыста уацхæссæгæй, хайады сæргълæууæгæй. Хуссар Ирыстоны адæм уæззау уавæры куы уыдысты, йæ райгуырæн зæххыл хæсты цæхæр куы сцырын, уæд йæ уацмысты равдыста йæ райгуырæн бæстæйы тыххæй йæ зæрдæйы хъизæмæрттæ. Йæ уац «Тугæйдзаг цыппурс» мыхуыры рацыд, 1990 азы 7-æм январы гуырдзиаг фашисттæ Цхинвал куы бацахстой, уый хæдфæстæ.

Валери цалдæр азы куыста газет «Южная Осетия»-йы сæйраг редакторæй, уый фæстæ кусын райдыдта уни-верситеты журналистикæйы ахуыргæнæгæй, ссис университеты доцент, журналистикæйы  кафедрæйы сæргълæууæг. Уыимæ Гобозы фырт кодта зонадон куыст дæр. Æдæппæт ын бантыст 20 зонадон куыстæй фылдæр ныффыссын. Валери уыд хорз тæлмацгæнæг дæр. Уырыссаг æвзагæй иронмæ бирæ уацмыстæ ратæлмац кодта.

Мыхуыры йын рацыд цалдæр чиныджы. Йæ фыццаг чиныг «Уылæнты зарæг» мыхуыры рацыд 1985 азы. Уыдонæй фæстаг чиныг уыд «Рæстæджы фурдтæ», фæлæ, хъыгагæн, чиныг рæстæгыл мыхуыр не ‘рцыд, Цæдис кæй ныппырх æмæ бæстæ кæй сæмтъер, уый аххосæй. Бæргæ йæ мыхуырæй куы федтаид, фæлæ йын нæ бантыст. Чиныг мыхуырæй рацыд, Валери куы фæзиан, уæд. Йæ ныгæнæн бон æм æй æрбахастой æмæ йын æй йæ нывæрзæн сæвæрдтой. Йæ фыццаг æмдзæвгæ «Бæллиц» мыхуыры рацыд 1976 азы. Ацы æмдзæвгæйы та бакаст библиотекæйы кусæг Букуылты Маринæ.

Хуссар Ирыстоны сæрвæлтау йæ цард чи рауæлдай кодта, уыдонæй бирæтыл ныффыста номарæн æмдзæвгæтæ, уацтæ. Бирæ фыста, Ирыстоны хæсты цæхæрæй пиллон куы уагъта, уыцы дугыл, Ирыстоны разагътайы адæймæгтыл. Джыгкайты Шамилыл цы æмдзæвгæ ныффыста, «Æрвон зарæг», зæгъгæ, уый бакаст 5-æм скъолайы ахуыргæнинаг Къæбысты Дианæ. Уыцы скъолайы ахуыргæнинаг    Сланты Дима та бакаст поэты æмдзæвгæ «Æстъалытæм кæсын». Ацы уацмысы Валери равдысты йæ зæрдæйы рис. Æмдзæвгæтæ ма бакастысты ахуырдзаутæ Лоладзе Нинæ, Бекъойты Лерæ, Цоциты Амандæ,   Гæбæраты Давид, Цоциты Амандæ, Цхуырбаты Альдæ. Йе ‘мдзæвгæ «Мæ уарзт»-ы  Валери ссардта зынгæ инженер æмæ революционер Гаглойты Рутены рухс ном. Æмдзæвгæ аив бакаст Рутены чысыл хъæбул Гаглойты Арсæмæг.

Битарты Нелли банысан кодта шахматтæй хъазыны Валерийы арæхстдзинад. Уыд республикæйы иууыл тыхджындæр шахматист, спорты мастер. 1977 азы ссис Гуырдзыстоны чемпион. Уымæй дарддæр Валери уыдис фыццаг адæймаг, кæцы нæ республикæйы ахуырдзау фæсивæдæн амыдта шахматтæй хъазты сусæгдзинæдтæ. Абон шахматты скъола хæссы Гобозты Валерийы ном. Арæх йæ номыл ауадзынц республикон  турниртæ.

Шахматты фадыджы Валерийы архайды тыххæй раныхас кодта шахматтæй йæ ахуыргæнинаг, ныр та шахматты федерацийы сæргълæууæг, тренер Саулохты Георги. Уый банысан кодта шахматты скъолайы Валерийы зæрдиаг архайд, сывæллæттæн куыд лæмбынæг амыдта шахматтæй хъазын, æппæт уыдæттæ.

Саулохы фырты раныхас уыд зæрдиаг æмæ эмоционалон.

«90-æм азты зын уавæры уыд нæ республикæ. Горæты нæ уыд рухс, дон, куыст. Чи куыста, уыдон та сæ куыстмыздтæ дæр нæ истой. Шахматтæй кæм ахуыр кодтам, уыцы хатæны уыд пец. Цæмæй хатæн чысыл схъарм уыдаид, уый тыххæй-иу пецы иу суг баппæрстам æмæ-иу куы фæцæйхуыссыд, уæд та – ноджы иу суг. Уыдæттæм нæ кæсгæйæ, Валери йæ куыст нæ уагъта. Шахматты скъолайы-иу иу сывæллон куы уыд, уæддæр-иу йемæ шахматтæй тренировкæ кодта цалдæргай сахаттæ. Йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, йæ зонындзинæдтæ амыдта сывæллæттæн. Фарастæм къласы куы уыдтæн, уæд фыццаг хатт фæуæлахиз дæн Дзæуджыхъæуы. Уыцы уæлахиз мæнæн космос уыд, фæлæ мæхицæй æхсызгондæр та Валерийæн уыд. Валерийæн шахматтæй амоныны йæхи методикæ уыд. Абон æз дæр уыцы методикæйæ пайда кæнын.», – дзырдта Георги.

Банысан кодта, йæ ахуыргæнинæгтæм ын цы хъарм, зæрдиаг ахаст уыд, куыд сыл аудыдта æмæ сын куыд лæггад кодта, уыдæттæ.

«Цыдæриддæр интеллигенцийы æмбарынады ис, уыдонæй æххæст уыд Валери. Дзæуджыхъæуы мединститутмæ куы бахаудтæн, уæд мыл Валери амбæлд æмæ мын тынг зæрдиагæй фæарфæтæ кодта, стæй йæ дзыппæй йæ ‘хцадон систа. Уыд дзы æртæ мины иугай сыфтæй. Иу мин йæхицæн ныууагъта, дыууæ мины та мæнмæ лæ-вæрдта, студентмæ, дам, æхца никуы вæййы. Æз сæ нæ куымдтон, фæлæ мын сæ мæ дзыппы тыххæй нытътъыста», – дзырдта Саулохты Георги.

Радзырдта ма шахматты федерацийы архайды тыххæй дæр.

«Валери раджы фæзиан, фæлæ федераци куы арæзтам, уый фæстæ та-иу турниртæ куы уагътам, уæддæр ын цыдæр æгъдауæй æнкъардтон йе ‘ххуысы къух. Йæ номыл сарæзтам æхсæнадæмон шахматон турнир. Уый у Республикæ Хуссар Ирыстоны бренд. Ацы аз июнь кæнæ июлы 7-æм хатт ауадздзыстæм ацы турнир, æрхондзыстæм æм Цæгат Ирыстонæй, Донецк æмæ Луганскы республикæтæй. Уадз æмæ фылдæр адæм Хуссар Ирыстоны æрмæст хæстæй ма зоной, фæлæ ма рæсугъд бæстæ кæй у æмæ дзы æппæт дæр размæ кæй цæуы, зоной йæ уыдæттæй дæр», – загъта Георги.

Валерийы хæлар, йе ‘мсис Биазырты Роланд дæр радзырдта Валерийы тыххæй йæ мысинæгтæ.

«Гобозты Валери диссаджы зæрдæйы хицау уыдис, фæлмæнзæрдæ, гуымир ныхас никуы скодтаид. Куысты мидæг-иу искæмæн æххуыс кæнын куы хъуыдис, уæд-иу никуы базивæг кодта. Валерийæн æнкъараг зæрдæ уыдис, алцы дæр йæ зæрдæмæ æввахс иста. Ирыстон уæззау уавæры куы бахауд, уæддæр тынг сагъæс кодта, уый бæрæг у йæ чиныг «Сагъæс Ирыстоныл»-æй дæр.

Йе сфæлдыстадыл ын куы дзурæм, уæд зæгъæн ис: Валерийæн, æвæццæгæн, фылдæр бантыстаид, фылдæр чингуытæ рауагътаид, фæлæ йыл 2008 азы хæст йæ хъысмæтыл тынг бан-дæвта, тынг ыл алæгæрста. Хæсты азарæй сæ алыварс бирæ хæдзæрттæ ныппырх, уыцы нымæцы  йæ хæдзар дæр, фæлæ кæд йæ алыварс пырх хæдзæртты хицауад  арæзтой, уæддæр æнæвнæлдæй лæууыд Валерийы хæдзар. Бæргæ цыд хицауадмæ, цæмæй йын йæ хæдзар дæр саразой, фæлæ йæ никуы ницæмæ дардтой æмæ уый бандæвта йе ‘нæниздзинадыл дæр».

Валерийы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Битарты Зойæ дæр. Уый банысан кодта Валерийы адæймагон миниуджытæ, йе ‘мкусджытæм дæр æмæ йæ куыстмæ дæр йæ намысджын ахаст.

Гобозы фырты фыст æмдзæвгæтæ бакастысты библиотекæйы кусджытæ Гуыззыдтаты Этери, Букуылты Маринæ, Хъотайты Маринæ, Коцты Людæ. Æвзонг зарæггæнæг Хъодалаты Мария мысæн изæр ноджыдæр барæсугъд кодта Гобозты Валерийы æмдзæв-гæйыл фыст зарæг «Ныхас мæйимæ»-йæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.