Профилон парламентон комитеты рабадты æруынаффæ кодтой «2020 азæн республикæйы паддзахадон бюджеты тыххæй» Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектыл, кæцы уагъд æрцыд комитеты сæргълæууæг Джиоты Еленæйы сæрдариуæгадæй, – хъусын кæны закъондæттынадон органы пресс-службæ.

 Закъоны проектмæ æмбарынгæнæн­тимæ раныхас кодта РХИ-йы финансты министры хæдивæг Тыбылты Маринæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы закъоны проект бакуыст æрцыд «2020 азæн паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы закъоны 8-æм статьямæ гæсгæ, кæцымæ гæсгæ финансон фæрæзты баззайæццæгтæ,  Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы уынаффæмæ гæсгæ хаст цæуынц 2020 азмæ ахæм нысæнтты тыххæй.

«Паддзахадон бюджетмæ хастцæуæг ивындзинæдтæ, сæйраджыдæр хауынц Инвестицион программæйы фæрæзты баззайæццæгтæ – 539 584 127,63 мин сомы ахæссынмæ, кæцытæ баззадысты ивгъуыд азæй», – загъта уый.

Уымæй дарддæр ма банысанчындæуыд, зæгъгæ, закъоны проекты  ногæй бакуысты нысан у, хицæн здæхтыты æмæ бюджетон фæрæзты сæйраг уагдарты фæндæтты фæдыл сфидаргонд бюджетон хардзы æхцаты фæлгæтты хæрдзты здæхтыты ‘хсæн адих кæныны фæдыл бюджеты хæрдзтæ фæфылдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ гæсгæ.

Депутаттæ райстой уынаффæ, цæмæй ацы закъоны проект хаст æрцæуа уына­ф­фæмæ республикæйы Парламенты Президиуммæ.

Комитеты куысты хайад райстой депутаттæ Санахъоты Давид, Бибылты Ацæмæз, Икъоты Витали, Уалыты Ибрагим, Гаглойты Алан, Гаглойты Малхаз, Икъоты Сæрмæт, Хуыджеты Руслан æмæ Къуезерты Арсен.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.