Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстонмæ уазæгуаты æрцыд Уæрæсейы æппæтстилон каратэйы федерацийы сæргълæууæг æмæ уæрæсейаг æфсæддон æмтохадты цæдисы æххæстгæнæг директор Рамиль Габбасов.

Цытджын уазæджы йæхимæ райста Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Рамиль Габбасовы куыст æмæ архайдимæ Хицауады Сæрдары базонгæ кодта Фæсивæд, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Уый фæстæ уазæг йæхæдæг æрдзырдта Хуссар Ирыстонмæ йе ‘рцыды нысаны тыххæй. «Ноябры мæйы 2019 азы Хуссар Ирыстоны каратисты æмбырдгонд командæ хайад райста Мæскуыйы уагъдцæуæг бæстæйы чемпионаты. Уым хайад истой 49 бæстæйы спортсментæ. Хуссар Ирыстонæй æртæ каратисты систы чемпионтæ. Командон скондæй та Хуссар Ирыстон бацахста дыккаг призон бынат. Уый нысан кæны, Хуссар Ирыстоны кæй ис иттæг хорз потенциал ацы хуызы спортæн. Мах фæнд кæнæм Хуссар Ирыстоны каратэйы федераци саразынмæ, уæрæсейаг æфсæд­дон  æмтохæдты цæдисы æххуысæй», – дзырдта Рамиль Габбасов.

Зассеты Сергей та загъта, зæгъгæ, Рамиль Габбасовимæ æруынаффæ кодтой, цæмæй уалдзæджы Хуссар Ирыстоны ауадзой æфсæддон æмтохæдты фестиваль. Уый тыххæй сын баххуыс кæндзæнис Уæрæсейы æппæтстилон каратэйы федераци.

Уазæгмæ æнхъæлмæ кастысты Мыхуыры хæдзары РХИ-йы  журналисттæ дæр.

Пресс-конферецийы рæстæджы Рамиль Габбасов дзуапп радта, журналистты цы фарстатæ цымыдис кодтой, уыдонæн.

Фестиваль ауадзыны нысаны тыххæй дзургæйæ та загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ æр­цæудзæнис бирæ профессионалон спортсментæ, кæцытæ мастер-къластæ фенын кæндзысты бынаты. Уагъд æрцæудзысты бынаты семинартæ æфсæддон æмтохадты хуызтæй. «Майы мæйы уæ каратистты æмбырдгонд командæ хуынд æрцыд Европæйы чемпионатмæ, кæцы уагъд цæудзæнис Санкт-Петербурджы. Сентябры мæйы та Дунейон чемпионат уыдзæн Турцийы. Æз сараздзæн æппæт дæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны командæ уым райса хайад».

Æфсæддон æмтохæдты цæдисы Федераци республикæйы саразыныл дзургæйæ, уый загъта, кæй хæссы йæ сæргълæууæгæй каратэйы тренер Созайты Владимиры кандидатурæ. «Æз рагæй зонгæ дæн ацы тренеримæ. Суанг ма Беларусийы куы цард æмæ уым куы цæттæ кодта спортсментæ, уæдæй. Спорты ацы хуызы Созайты Владимир нымад цæуы дæсны тренерыл. Йæ хъомылгæнинæгтæ  зындгонд сты Уæрæсейы. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Хуссар Ирыстоны сывæллæттæн уый æрцыд æмæ уæ горæты кусын иттæг æхсызгон хъуамæ уа. Фæлтæрдджын тренеры архайд та бæрæг у, йæ хъомылгæнинæгтæ æппынæдзух цы призон бынæттæ бацахсынц, уыймæй дæр», – загъта Рамиль Габбасов.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.