5-æм декабры уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты дыккаг сессийы фæндзæм рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Боны фæткы фыццаг фарст уыд «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы Хицауадты ‘хсæн æхсæнадæмон автомобилон бастдзинаты тыххæй Сразыдзинады ратификацийы тыххæй» РХИ-йы закъоны проект.

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл  комитеты сæрдар Дриаты Заза куыд банысан кодта, афтæмæй Сразыдзинад, кæцыйыл къухтæ æрфыфтæуыд ацы азы  25 июны Сухумы, бæстон кæны Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘хсæн æхсæнадæмон автомобилон  фæндагыл бæлццæттæ æмæ уæзтæ ласын, сæ территоритыл, афтæ ма æртыккаг паддзахадтæм (паддзахадтæй) транзит автотранспортон фæрæзтæй, кæцытæ регистрацигонд сты Хуссар Ирыстоны кæнæ Абхазы. Дыууæ паддзахады ‘хсæн дæр бæлцæттæ æмæ уæзтæ ласæн уыдзæн Сразыдзинад райсыны фæстæ. Документ ахъаз у Хуссар Ирыстоны политикон æмæ экономикон интерестæн.

Ацы Сразыдзинады депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Уыцы комитет ма депутатты размæ рахаста РХИ æмæ РЦИ-Аланийы Парламентты ‘хсæн закъондæттынадон архайды æмкуыст кæныны тыххæй Сразыдзинады фарст дæр.

Дриаты Зазайы ныхæстæм гæсгæ, ацы Сразыдзинад фæахъаз уыдзæн дыууæ Ирыстоны закъон-дæттæг органты динамикон æмгуысткæнынадæн.

«Ацы Сразыдзинадыл къухтæ æрфысыны руаджы фæактивондæр уыдзысты депутатты, дыууæ Парламенты  æдзухон комитеттæ æмæ аппаратты  ‘хсæн бастдзинæттæ, афтæ ма  фæуæрæхдæр æмæ фæфидардæр  уыдзысты парламентон бастдзинæдтæ æмæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл ахуыр кæныны процесс.

Ацы Сразыдзинады райстыл дæр депутаттæ иууылдæр сразы сты.

Дарддæр уынаффæмæ рахастæуыд «2020 азæн РХИ-йы паддзахадон бюджеты тыххæй» закъоны проект.

Закъоны проекты фæдыл æмбарынгæнæн доклад сарæзта РХИ-йы Финансты министр Хæбæ-латы Азæ. Уый депутатты базонгæ кодта ахсджиаг финансон документы сæйраг параметртимæ.

«2020 азæн республикæйы бюджеты æфтиагон хай у 7 578 037,42 мин сомы, 6 222 549,4 мин сомы бæрц уæрæсейаг финансон æххуыс бахынцгæйæ. Уыдонæй Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн рахицæн æрцыд 4 722 549,4 мин сомы, бюджетон инвестицитæ сæххæст кæнынæн та – 1 500 000 мин сомы. Уæрæсейы финансон æххуыс у 82 проценты, развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйæн йæхи æфтиæгтæ та сты 13 554 88 мин сомы.

Депутаттæ сæ фиппаинæгтæ загътой бюджеты иуæй-иу статьяты тыххæй, сæрмагондæй та иуæй-иу министрадты къухдариуæггæнджыты æмæ сæ хæдивджыты, афтæ ма республикæмæ кæй фæхуыдтой, уыцы специалистты куыстмыздты тыххæй.

Закъоны проект райсыныл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ дæр уынаффæмæ рахаста «2020 азæн РХИ-йы Пенсион фонды бюджеты тыххæй» закъоны проект. Закъоны проекты тыххæй раныхас кодта Пенсион фонды сæргълæууæг Тасойты Азæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй закъоны проект арæзт æрцыд «РХИ-йы Пенситы тыххæй» закъонмæ гæсгæ, РХИ-йы Пенсион фонды архайды параметртæ сбæрæг кæныны тыххæй.

Тасойты Азæ фæндон бахаста, цæмæй хæрдзтæ фидар æрцæуой 436 970,3 мин сомы гуырахстæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы фæрæзтæй пенситæ фидынæн бахардз уыдзæн 426 450,4 мин сомы. Цы ма дзы баззайа, ома, 53 милуан сомы,  уый та аргъæвдæуыдзæн 2021 азы фыццаг январмæ. Уый хыгъдæй фæфылдæр уыдзысты пенситæ фидыны хæрдзтæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 1 октябры бæрæггæнæнтæм гæсгæ пенсиисджытæ сты 4735 адæймаджы.

Ацы закъоны проект дæр депутатты хъæлæсæппæрстæй ист æрцыд.

Депутаттæ уынаффæ кодтой, Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты раразмæгонд закъоны проекттæ «Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæн хатырон кредиттæ дæттыны тыххæй» æмæ «2020 азæн РХИ-йы чысыл амалиуæгадæн ахъазы фонды бюджеты тыххæй». Дыууæ закъоны проекты дæр депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Уыцы комитеты сæрдар Тъехты Алан раразмæ кодта  2020 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзты план дæр, кæцы здæхт у РХИ-йы социалон-экономикон рæзты фыццаградон хæслæвæрдтæ аскъуыддзаг кæнынмæ.

Тъехы Алан уынаффæмæ раразмæ кодта 2020 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзты прогноз дæр. Æмбарынгæнæн ныхасы фæстæ дыууæ фарсты дæр фидар æрцыдысты депутатты хъæлæсæппæрстæй.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды комитеты сæрдар Габатты Алан уынаффæмæ рахаста «РХИ-йы паддзахадон фиддоны тыххæй» РХИ-йы закъоны 15 статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй закъоны проект æрвыст æрцыд РХИ-йы Хицауадмæ. Уый тыххæй ис æппæт документтæ, уыцы нымæцы РХИ-йы Парламенты Контролон-барадон управленийы æмæ парламентон комитетты скъуыддзаггæнæн гæххæттытæ дæр.

Депутатты хъæлæсæппæрстæй ист æрцыд ацы закъоны проект дæр.

Дарддæр депутаттæ уынаффæ кодтой Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты консультант Тедеты Азæйы РХИ-йы Адвокатон палатæйы цур квалификацион къамисы скондмæ бакæныны фæдыл. Ацы кандидатурæ дæр фидæр æрцыд æмхъæлæсæй.

Рабадты раразмæгонд æрцыд РХИ-йы Æхсæнадон палатæйы уæнгты сфидар кæныны фарст. Профилон комитеттæ раразмæ кодтой РХИ-йы æмбæстæгтæй  8 кандидатурæ. Ацы фарсты фæдыл уынаффæйы фæстæ скъуыддзаг æрцыд уыцы кандидаттæй уал æртæйы сфидар кæнын, иннæтæ рабадты кæй нæ уыдысты, уый фæстиуæгæн.

РХИ-йы Парламенты сессийы рабадты кæрон  сусæг хъæлæсæппæрсты руаджы депутаттæ хъæлæс радтой РХИ-йы Мид-хъуыддæгты министр Наниты Игорь æмæ Юстицийы министр Лалыты Залинæйæн æнæууæнкдзинады вотум рахæссыны ныхмæ.

Хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæм гæсгæ Наниты Игорæн дæр æмæ Лалыты Залинæйæн дæр æнæууæнкдзинады вотум рахæссыныл разы уыдысты 16 депутаты, йæ ныхмæ та – 18 депутаты.

Парламенты спикер Тадтаты Алан бахатыд депутаттæм, цæмæй архайой, сæ бæрны цы хæслæвæрдтæ ис, æрмæстдæр уыдон скъуыддзаг кæныныл, кусой сæ æвзарджыты – Хуссар Ирыстоны адæмы интересты тыххæй.

«Мах хъуамæ кусæм æрмæстдæр закъондæттæг органы нормæтæм гæсгæ. Мах стæм иу æмуд коллектив æмæ иумиаг тыхтæй æппæт дæр хъуамæ аразæм нæ адæмы хæрзæбонæн», – банысан кодта Тадтаты Алан.

 Сессийы рабадты куысты хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг, экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, РХИ-йы Парламенты æмæ РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб æмæ РХИ-йы Президенты Администрацийы минæвар Уанеты Мурат.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.