7 июны Хицауады хæдзары Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта республикæйы æхсæнады минæвæртты, алыгъуызон сферæты кусджыты, зонадон архайджыты.

Хорзæхтæ дæттыны цытджын церемонийы рæстæджы Президент банысан кодта, зæгъгæ, мадзалы хайадисджытæй алчи дæр  стыр хайбавæрд бахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгады рæзты хъуыддагмæ.

«Алчи дæр уæ йæхи сæрмагонд хайбавæрд бахаста нæ бæстæйы размæцыд  æмæ рæзтмæ. Абон сымах хуызæтты æмæ нæ республикæйы сæрибардзинады тыххæй чи тох кодта, нæ уыцы хъæбатырты фæрцы  мах цæрæм хæдбар æмæ дидинæфтауæг паддзахады», – загъта Президент.

Хæлардзинады ордентæ, «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» майдантæ, кады нысæнттæ æмæ Кады грамотатæ паддзахады сæргълæууæджы къухтæй райстой педагогтæ, энергетиктæ, культурæйы архайджытæ, сæудæджерадон-транспортон, зонады сферæйы кусджытæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ-профессорон сконды, тыхон ведомствоты, Парламенты, хъæууон хæдзарады  æмæ æндæр куыстуæтты минæвæрттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæджы ном лæвæрд æрцыд зынгæ ирон ахуыргонд æмæ æхсæнадон-политикон архайæг, филологон зонæдты кандидат Дзиццойты Юрийæн.

«Мах не ‘ппæт дæр зонæм зонадмæ дæ хайбавæрды æмæ нæ паддзахады хæрзиуæджы тыххæй де ‘нтыстджын куысты тыххæй.  Уырны мæ, дæ бæрзонд профессионализм ноджыдæр бирæ азты  ахъаз кæй уыдзæн æнтыстджын архайдæн, кæцы здæхт у Хуссар Ирыстоны размæцыд æмæ дидинæфтыдмæ», – загъта Тыбылты Леонид.

Йæ рады Дзиццойты Юри бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн, кæй йæ схорзæх-джын кодта æмæ йын йæ архайдæн стыр аргъ кæй кæны, уый тыххæй æмæ бахахх кодта, зæгъгæ, дарддæр дæр, гæнæн цæмæн уа, уый араздзæн  йæ Райгуырæн бæстæйы хæрзæбонæн.

Мидхъуыддæгты министрады ветеран Букуылты Чермены паддзахады сæргълæууæг схорзæхджын кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» майданæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, сæрмагондæй йæхæдæг зонгæ у, республикæйы  паддзахаддзинады рæзтмæ йын цы хайбавæрд ис, уыимæ.

Паддзахадон хорзæхтæ чи райстой, уыдонæн мадзалы кæрон раарфæ кодта Тыбылты Леонид æмæ банысан кодта, ныфс æй кæй ис, уыдонæй алчи дæр къухыбафтгæ æнтыстытыл кæй не ‘рлæудзæн æмæ йæ потенциалæй кæй спайда кæндзæн республикæйы фидæны хæрзиуджытæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.