РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæрдариуæгадæй ауагъд æрцыд æмбырд, кæцыйы дзырд цыдис 2018 азы Инвестпрограммæ реализаци кæныны фарстыл. Ацæугæ къуырийы цы рабадт уыд, уым банысан æрцыд, зæгъгæ, арæзтцæуæг объектты арæзтад цæуы интенсивон режимы, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй графикмæ гæсгæ объектты арæзтады ис бафиппаинæгтæ.

Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæндагаразджытæ уæлдай хъусдард аздæхтой, иумæйагахуырадон уагдæттæм цы фæндæгтæ ис, уыдонмæ. Цæвиттон, Дмитровы уынгыл ис скъолайы агъоммæйы уагдон æмæ  иумиагахуырадон скъола. Уымæ гæсгæ уырдæм тротуартæ цæуынц асфальт, цæмæй ахуырдзаутæн æмæ рæвдауæндоны сабитæн æнцондæр цæуæн уа.  Эдуард куыд загъта, афтæмæй 1-æм сентябрмæ уыдон арæзт æрцæудзысты.

Æмбырды ма дзырд цыдис, цæмæй хыгъдон документаци рæстæгыл арæзт æрцæуа, нæ горæты уынгты арæзтады тыххæй, кæцыты сæххæст кодтой «Дорэкспострой» æмæ «Водоканал».

Хицауады Сæрдар ма бафæдзæхста, цæмæй радон рабадтмæ арæзт æрцæуа Коцты Грийы уынджы дондзæуæн къанау саразыны тыххæй план. Уый, зæгъгæ, у Президенты сæрмагонд хæс.

Афтæ ма æрсидт барадхъахъхъæнæг æмæ хъусдарæг органты кусджытæм, цæмæй нæ республикæйы хæдбардзинадыл 10 азы кæй æххæст кæны, уымæ гæсгæ сæ хъус æрдарой горæт æмæ йæ æрбахизæнты сыгъдæгдзинадмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.