РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Мидхъуыддæгты министр Наниты Игоры. Уый радзырдта Хуссар Ирыстоны криминогенон уавæры, афтæ ма РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады кусджытæй се службæон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы чи фæмард, уыдоны бинонтæн социалон æгъдауæй баххуыс кæныны фæдыл куыст куыд цæуы, уый тыххæй.

«Фæстаг рæстæджы республикæйы фæндæгтыл фæфылдæр сты фæндагон-транспортон цаутæ. Зæгъма цы мадзæлттæ ист цæуы барадхъахъхъæнæнг ведомствойы къухдариуæгады ‘рдыгæй, уыдон фæкъаддæр кæнын æмæ сæ ма руадзыны тыххæй?», – бацымыдис кодта Президент.

Наниты Игорь загъта, зæгъгæ, республикæйы криминогенон уавæр абоны бон у стабилон. Уый банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй фæндагон-транспортон цаутæ фæкъаддæр уой, уый тыххæй фæфылдæр чындæуыд патрулон экипажтæ, кæцытæ патрул кæнынц Цхинвалы уынгты æхсæвæй-бонæй.

«Уыимæ иумæ цæуы сæрмагонд профилактикон куыст шофыртимæ. Афтæ ма дзыллон информациты фæрæзты фæрцы цæуы æмбарынæн куыст фистæгæй цæуджытимæ, кæцытæ сты фæндагон змæлды хайадисджытæ. Мах ацы фадыджы куыст фæрæвдздæр кæндзыстæм æмæ æдасдзинадæй сифтонг кæныны тыххæй исдзыстæм æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ, цæмæй фæкъаддæр кæнæм фæндагон-транспортон цаутæ», – загъта Нанийы фырт.

Бибылты Анатоли банысан кодта цæрджытимæ æнæсцухæй æмбарынгæнæн куысты ахстджиагдзинад.

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад æмæ сæрмагонд сконды фарсæрдыгæй дарддæры къахдзæфтæ здæхт уыдзысты, уымæ, цæмæй республикæйы криминогенон уавæр фæхуыздæр уа. Мидхъуыддæгты министрады сæйраг хæс у Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзвадат æмæ æдас цард сифтонг кæнын. Мидæггагон фæтк хъуамæ уа бæрзонд æмвæзадыл», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æмбæстæгтимæ кусынæй дарддæр, æнæмæнгхъæуæг у мидхъуыддæгты органты кусджыты æхсæн фæтк æрæвæрын, кæцытæ хаттæй-хатт сæхæдæг свæййынц фæндагон-транспортон цауты аххосджынтæ.

«Æнæмæнгхъæуæг у ведомствойы сæрмагонд скондæн бамбарын кæнын, се уæхсджытыл цы бæрндзинад ис, уый. Уыдон хъуамæ æмбарой, æрмæст мидхъуыддæгты министрады нæ, фæлæ ма кæй сты республикæйы æппæт барадхъахъхъæнæн системæйы намыс дæр.

Уый хъуамæ æмбарой æмæ-иу хорз ахъуыды кæной, цалынмæ нозтджынæй не сбадынц машинæйы, уæдмæ. Мæн ныфс ис, Мидхъуыддæты министрады сæрмагонд сконд кæй æнкъары йæ бæрндзинад æмæ æппæтдæр кæй араздзæн, цæмæй ахæм уавæртæй хизой сæ хиуæтты æмæ æмгæртты», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый бахæс кодта Наниты Игорæн, цæмæй Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд сконды сифтонг кæна эффективон куыстæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымйыны 10 азы сæххæты цытæн мадзæлтты рæстæджы.

Службæйон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы мидхъуыддæгты министрады кусджытæй чи фæмард  , уыдоны бинонтæн социалон æгъдауæй баххуыс кæныны фарстыл дзургæйæ, Наниты Игорь банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн мидхъуыддæты министрадты хаххыл арæзт сразыдзинад реализации кæныны фæлгæтты дарддæр цæуы ведомствайы структурæ оптимизаци кæныны куыст. Уымæ гæсгæ ахæм фадат фæзынд, цæмæй фæмардуæвджыты бинонтæн бафидæм цы æххуыс сæм æмбæлы, уыдон.

«Фæсауæрцон суммæ у 32 милуан сомы онг. Æмæ абон боны махæн фадат ис мидхъуыддæгты органты фæмардуæвæг кусджыты бинонтæн бафидæм ‘ххуысы æхцатæ. Уыдон сты 50 бинонты бæрц. Ацы фарст фидар æрцыд РХИ-йы финасты министрад, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министрад æмæ УФ-йы мидхъуыддæгты министрадимæ», -загъта Нанийы фырт.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, социалон æххуыс лæвæд æрцæудзæн, ахæмтæн, кæцытæн сæ хæстæджытæ амардысты хæстон архайдтыты кæнæ та фыдгæнджыты ахсыны рæстæджы. Фиддонты бæрц уыдзæн 500 мин сомæй иу милуан сомы онг.

Фæмардуæвджыты бинонтæ, РХИ-йы Мдхъуыддæты министрады сæрмагонд сконд æмæ сæрмагондæй йæхи номæй Наниты Игорь бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргъæууæгæн, ацы куыст сæххæст кæнынæн сын кæй баххуыс кодта, тыххæй.

«Анатолий Ильяйы фырт, ды æппæтдæр сарæзтай æмæ стыр æххуыс бакодтай, цæмæй ацы фиддонтæ радтыны тыххæй. Фæмардуæвджыты бинонтæн бирæ рæстæджы дæргъы сæ бон нæ уыд ацы фарст аскъуыддаг кæнын, фæлæ абон махæн уый фадат ис», – загъта Наниты Игорь.

Президент, банысан кодта, зæгъгæ, социалон æххуыс кæй хъæуы, уыцы бинонтæй иу дæр, æнæ хъусдардæй нæ баззайдзæн, æмæ бузныджы ныхæстæ загъта ацы фадыджы чи бакуыста, уыдонæн Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты къухдариуæгадæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.