25-æм марты уагъд æрцыд 2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл оперативон штабы радон рабадт. Рабадт уагъта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Хайад дзы райстой профилон министрадтæ æмæ ведомствоты, подрядон организациты, контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ. Куыд фæтк, афтæ ацы рабадты дæр æруынаффæчындæуыд, Инвестпрограммæмæ хаст цы объекттæ æрцыдысты, уыдоны арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уыцы фарстытыл.

Республикæйы дарддæр арæзт цæуынц куыд ног, афтæ ивгъуыд аз чи нæ фесты, уыцы объектты арæзтадтæ. Ивгъуыд азæй рахизгæ объекттæй сæ иу у, Тельманы уынджы 10-фатерон цæрæн хæдзар. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей æрæмбырдуæвджытæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы объект хъуамæ арæзт фæуа ацы аз. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ ам дыууæ фатеры кæнынц бæстонгæнæн куыстытæ, астæрдты цæттæ кæнынц ламинат æвæрынмæ. Хъæрмад саразыны фæдыл куыстытæ фесты. Аразджытæ ма æрæвнæлдтой хæдзары алыварс территори схæрзарæзт кæнынмæ дæр, арæзтадон æрмæджытæй сты ифтонг.

Рабадты дзырд цыдис, университетон комплексы арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй. Ацы  объекты, бæрæг куыд у, афтæмæй графикæй чысыл фæстейæ задысты. Уый фæдыл Арæзтады министр Зæгъойты Эдуард куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ æппæт куыстытæ дæр цæуынц графикмæ гæсгæ. Арæзтады министрæн ма паддзахадон драмон театры фæдыл хæсгонд уыд, цæмæй бацæттæ кæна, ам цы куыстытæ æххæст цæуынц æмæ аразджытæ цы зындзинæдтыл æмбæлынц, уыдоны тыххæй информаци. Министр банысан кодта, зæгъгæ, ахæм информаци цæттæ уыдзæн æввахс рæстæджы. «Паддзахадон драмон театры фæдыл ивгъуыд рабадты цы проблемæтæ нысан æрцыдысты, уыдон нырма дæр сты.

Куыстытæ дарддæр цæуынц астæуккаг темптæй. Объектты цы кусджытæ кусынц, уыдоны нымæц вæййы 30-100 адæймаджы бæрц. «Мах генподрядон организацимæ æнхъæлмæ кæсæм куыстыты графикмæ, цæмæй бамбарæм, подрядон организаци кæд фæуыдзæн куыстыты æмæ уый фæстæ исæм мадзæлттæ», –  загъта Зæгъойты Эдуард.

Рабадты боны фæткы уыд республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар  Ирыстоны»-ы раз арæнгонд бæрн-дзинады æхсæнадтæ «Эверест» æмæ «СоюзСтройПроект»-ы хæс-тæ бафидыны æмæ кусджытæн куыстмызд бафидыны фæдыл фарст.

«СоюзСтройПроект»-ы минæвар Алексей Шишлов уый фæдыл загъта, зæгъгæ, ног къуырийы компани æххæстæй бафиддзæн йæ хæстæ, куыд «Энергоресурс – Хус-сар Ирыстонæн», афтæ кусджытæн дæр. «Эверест»-ы минæвар дæр Хицауады Сæрдарæн ныфс бавæрдта, æввахсдæр рæстæджы фарст скъуыддзаг кæй æрцæу-дзæнис. Фарсты фæдыл ма Хицауады Сæрдармæ бахатыд Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ банысан кодта, зæгъгæ, дзырд цы подрядон организацитыл цæуы, уыдонæн сæ уавæры иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыдыстæм. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, сæ хæстæ уæддæр нæма бафыстой. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ министр фæндон бахаста, цæмæй «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы раз хæстæ кæмæн ис, уыдонæн сæ бакæнгæ куыстыты тыххæй финанскæнынад урæд æрцæуа, цалынмæ сæ хæс-тæ нæ бафидой, уæдмæ. Зæгъойы фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй ацы инициативæйы фарс рахæцыд Президент Тыбылты Леонид дæр.

Хъуылымбегты Доменти дæр хорзыл банымадта ацы фæндоны. «Кæд æмæ хæсджынтæ сæ хæс нæ бафыстой, уæд ахæм организацитæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй ма фидут. Уымæн æмæ ацы хъуыддагæй дæр ныддаргъ ис. Кусджытæ уыйбæрц рæстæджы дæргъы цæмæннæ хъуамæ исой сæ куыстмызд, уыдон сты, намысджынæй кæй бакуыстой, ахæм æхцатæ. Ацы фарстытæ хъæуы рæстæгыл скъуыддзаг кæнын», – загъта Хицауады Сæрдар.

Зæгъойты Эдуард ма куыд ра-дзырдта, афтæмæй нæ горæты Калинины, Кировы, Джиойы фырты, Дзауы уынгты куыстытæ райдыдтой зæххыбын коммуникацитæ раивыны фæдыл. Ахæм куыстытæ ацы бонты райдайдзысты фæсивæдон æмæ Герцены уынгты дæр.

Рабадты хайадисджытæ æркас-тысты экономикæйы реалон секторы рæзты фарстытæм дæр. Рæх-джы Цхинвалы цытджын æгъдауæй байгом уыдзæн республикæйы фыццаг, нырыккон дзидзакуыст-гæнæн завод «Растдон». Уый хорз фадат ратдзæн фермерон хæдзарадты æмæ амалиуæгадон архайды рæзтæн, уыдонимæ экономикæйы рæзтæн дæр. Ацы проекты фæстиуæгæн фæзындзæн 43 кусæн бынаты.

Ацы объекты фæдыл Экономикæйы министр Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, ам æнæ-къуылымпыйæ цæуынц, куыстуат эксплуатацимæ раттыны фæдыл цæттæгæнæн куыстытæ. Ныртæк-кæ кусджытæ æхсынц ифтонг-гæрзты. Афтæ ма куыстытæ æх-хæст цæуынц йæ территори йын схæрзарæзт кæныны фæдыл. Ныридæгæн бынаты сты, кæй хъуамæ ныссадзой, уыцы бæлæстæ æмæ цъæхдарæнтæ. Министры ныхæстæм гæсгæ объект хъуамæ скуса ацы мæйы кæрон.

Министр фехъусын кодта, реализаци ма кæй æрцыд минералон дон уадзыны фæдыл иу проект «Ирыстоны суадæттæ», зæгъгæ. Ацы бонты уый рауагъта фыццаг продукци æмæ 29 марты та цытджын æгъ-дауæй гом æрцæудзæнис. Уый руаджы фæзындзæнис 25 кусæгон бынаты. Министр ма радзырдта интенсивон типы дыргъдæттæ «Ирыстоны дыргъдæттæ»-йы æп-пæт территорийыл дæр кæй фесты плантаж æмæ культиваци. Талаты фыццаг парти æмæ уазалгæнæн ифтонгад ныридæгæн бынатмæ ласт æрцыдысты. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы бонты махмæ æрцæу-дзæн сæрмагонд бригад, кæцы план кæндзæн зæххы фадыджы æмæ садздзæн талатæ. Бригады кусджытæ мæй æмæ æрдæгмæ хъуамæ талатæ ныссадзой 60 гектары фæзуатыл. Ам ма дыргъæф-снайæн бæстыхайæн ныккал-дæуыд бындур. Æрбаластой йæм згъæр конструкцитæ æмæ изоляцигæнæн конструкцитæ.

Министр ма рабадты хайадисджытæн радзырдта реализаци кæй цæуы Джиоты Аланы проспектыл базарадон хиирхæфсæн центры арæзтады фæдыл проект. Ам дæр куыстытæ цæуынц проектмæ гæс-гæ, финанскæнынадимæ нæй проблемæтæ. Йæ арæзтад хъуамæ фæуа ацы азы июль-августмæ. Æххæстæй куы скуса, уæд куыстæй ифтонг æрцæудзысты 160 адæйма-джы бæрц.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, нырыккон базарадон хиирхæф-сæн центр байгом кæныны ахсджиагдзинад. Уымæн æмæ ахæм центры лæггæдтæ фыццаджыдæр хъæуынц фæсивæды. Йæ ныхæс-тæм гæсгæ ацы проект у хъæуæг æмæ йын ис социалон нысаниуæг. Зæгъгæ, кафе «Винченцо»-имæ уый хъуамæ суа рæзгæ фæлтæры уарзондæр улæфæн бынат. Æмæ, зæгъгæ, сæрмагондæй цæуын нал хъæудзæн Дзæуджыхъæумæ – хиирхæфсынмæ. Республикæйы фæстаг рæстæджы арæзт æрцыд хæрзвадат Инвестицион климат. Афтæ кæй у, ууыл дзурæг сты социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм алыгъуызон инвестпроекттæ. Фæ-лæ республикæйы разамынад, уыдоны фагыл нæ нымайы æмæ агуры ног фадæттæ инвесторты æрбахоныны фæдыл.

Зæгъойты Вильям куыд фехъусын кодта, афтæмæй æввахсдæр бонты уæрæсейаг компаниимæ къухтæ фыст æрцæудзæнис инвестицион сразыдзинадыл, нырыккон згъæркуыстгæнæг завод саразыны фæдыл. Инвестициты бæрц хизы 1 миллиард соммæ. Экономикон рæзты министр банысан кодта, зæгъгæ, закъондæттынадон æм-вæзадыл арæзт æрцыдысты хæрз-вадат уавæртæ бизнесæн æмæ уы-дон та дзурæг сты, Инвестагенст-вомæ æркæсынмæ хаст чи æр-цыдысты, уыцы серьезон проекттæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.