Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы зонæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны цæры, Республикæ Хуссар Ирыстоны 10 мин æмбæстаджы бæрц. Уый тыххæй æрæджы не ‘мбæстæйонтимæ йæ фембæлды дзырдта РХИ-йы Президенты бынатмæ кандидат Тыбылты Леонид. Фембæлд уагъд цыд Дзæуджыхъæуы Металлургты галуаны æмæ дзы æрæмбырд дыууæ мин адæймаджы бæрц. Уый баст уыд Хуссар Ирыстоны дарддæры политикон æмæ социалон-экономикон рæзты фарстытимæ. Фембæлды хайад райста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.

Æрæмбырдуæвджыты раз ныхасгæнгæйæ, Битарты Вячеслав банысан кодта, зæгъгæ, ирон адæм, кæд æмæ се ‘хсæн хохрагъ лæууы, уæддæр сты иу адæм. Афтæ ма уый равдыста йе ‘ууæнк, абон уа æви райсом, уæддæр историон рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæн, æмæ Ирыстоны цæгат æмæ хуссар суыдзысты иу республикæ.

Хуссар Ирыстоны ныртæккæйы социалон экономикон царды фæдыл дзургæйæ, Битарты Вячеслав банысан кодта, зæгъгæ, бирæ фыдæвзарæнтæ кæмæ æрхауд, уыцы æрыгон республикæ ныфсджынæй цæуы размæ, рæзы æмæ фæндтæ кæны йæ адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæныны сæраппонд.

«Хуссар Ирыстон куыд æндидзы, уымæн æнæфенгæ нæй. Азæй азмæ арæзт цæуынц ног социалон объекттæ: фæндæгтæ, скъолатæ, сабиты цæхæрадæттæ, цæрæн хæдзæрттæ. Фидарæй мæ уырны, республикæйæн кæй рахицæн кæнынц, уыдонæй алы сом дæр хардз кæй цæуы бæстæйы фæрныгад райрæзыны сæраппонд. Уымæн æвдисæн сты, арæх кæимæ ныхас кæнын, уыцы федералон бæрнон кусджытæ дæр», – банысан кодта уый.

Битарты Вячеслав равдыста йе ‘ууæнк, æфсымæрон адæм кæй равдисдзысты куырыхондзинад, аккаг раздзог æвзаргæйæ. Уый банысан кодта, йæ хæлар æмæ коллегæ Тыбылты Леонид фидар ныфсы хицау кæй у æмæ фидарæй загъта, нæ адæмы фидæн раттын кæй хъæуы архайæг президенты къухтæм, уымæн æмæ йын ис æнæфæуд  хъуыддæгтæ æмæ нывæзтытæ.

***

ТУАТЫ ТЕМИНÆ: «МАХ НÆ БАУАДЗДЗЫСТÆМ ИСТОРИ СЗЫГЪУЫММÆ КÆНЫН»

Не ‘мбæстæйонтæй Цæгат Ирыстоны чи цæры, уыдонимæ фембæлды Президент Тыбылты Леонид йæ раныхасы загъта: «Æз ма мæ зæрдыл дарын 2012 азы апрелы мæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй адæм цыдысты республикæйы банкмæ, хастой æхца, цыма социалон объекттæ æндидзын кæныны тыххæй, афтæ, æмæ æцæгæй та уыцы объектты фæдыл нæ уыд проектон-сметæйон документаци дæр: цавæрдæр кустытæ кодтой под-рядгæнджытæ, фæлæ сын æхца нæ фыстой. Уый фæстæ азты махæн бирæ бантыст саразын. Фæнды мæ банысан кæнын, цыдæриддæр Хуссар Ирыстоны арæзтæуы, уый у Уæрæсейы Федерацийы æххуысы фæрцы. Владимир Путинимæ нæ фембæлды æз фехъуыстон ныфсы ныхæстæ, уыцы æххуыс нын дарддæр дæр кæй цæудзæн. Тынг ахсджиаг у, уыцы æххуыс бынатыл æмбæлын кæй райдыдта, æмæ республикæйы цыдæр-тæ кæй фæзынд», – загъта Тыбылты Леонид.

Режиссер Туаты Теминæ фехъусын кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг сарæзта историон къахдзæф, «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум снысан кæныны тыххæй» Барамындыл къух æрфысгæйæ.

«Ды, Леонид Харитоны фырт, уыцы къухдариуæггæнæг дæ, мæ бæллиц сæххæст кæнын кæмæн бантыст: нæ Ирыстонæн йæ историон ном – Паддзахад Алани раздахын. Мæн фидарæй уырны, Хуссар Ирыстоны адæм 9 апрелы референдумы уый тыххæй хъæлæс кæй ратдзысты æмæ мæ бæллиц æцæг кæй сæххæст уыдзæн», – загъта уый.

Туаты Теминæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы къахдзæф кæрон скæндзæн, ацы фарсты алыварс чи æвзæры, æппæт уыцы ныхæстæн дæр. «Мах нæ бауадздзыстæм истори сзыгъуыммæ кæнын», – банысан кодта уый.

«Хъыгагæн, æз Хуссар Ирыстоны æмбæстаг нæ дæн, æмæ мын фадат нæй республикæйы политикон царды хайад исын. Фæлæ мæнæн бирæ зынаргъ хæлæрттæ ис хуссары, æмæ æз хъусын, фондз азы дæргъы куыд бирæ арæзт æрцыд, уый. Æмæ уæ бауырнæд, уымæн стыр аргъ ис», – йæ ныхасмæ ма бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны Архайæг Президенты фарс кæй хæцынц, уый равдыстой культурæйы архайджытæ, спорты минæвæрттæ, хуымæтæджы æмбæстæгтæ. Трибунæйæ ныхасгæнджыты æхсæн ма уыдысты фыссæг Тедеты Шалико, Хетæгкаты Къостайы номыл ЦИПУ-йы профессор Моргуаты Барис, олимпион чемпион Хуыгаты Алан, УФ-йы Президенты Администрацийæ Ахуырад æмæ зонады министры уынаффæгæнæг Темина Казахова æмæ бирæ æндæртæ.

Фембæлды рæстæджы æрæмбырдуæвджытæн сæрибар микрофоны фæрцы уыд фадат, цæмæй раттаиккой сæ фарстытæ Хуссар Ирыстоны архайæг Президентмæ. Дзырдтой зæрдæрисгæ политикон, экономикон æмæ социалон темæтыл.

Цæгат Ирыстонмæ бацæугæйæ, Тыбылты Леонид æрæвæрдта дидинтæ Беслæны трагедийы амæттæгты цырты раз «Зæдты горæты».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.