19 октябры ахæм темæйыл Информаци æмæ мыхуыры комитеты уыдис Тымбыл фынг. Нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты хистæртæ, политологтæ, журналисттæ æмæ ХИПУ-йы студенттæ дискуссийы хуызы æрдзырдтой информаци адæмы рæгъмæ гъæдджынæй рахæссыны проблемæтыл, информацион ресурсты дарддæры рæзтыл æмæ æндæртыл.

Æрмæст махмæ нæ, фæлæ æгас дунейы дæр традицион информацион ресурстæ æмбæлынц зындзинæдтимæ, азæй-азмæ къаддæр кæны сæ популярондзинад. Уый та уымæн æмæ интернеты фæзындимæ ныббирæ сты ног информацион платформæтæ, социалон хызæгтæ æмæ адæмы фылдæр хай информаци райсынмæ ахызтысты уырдæм. Ам оперативонæй базонæн ис ног хабæрттæ, алыгъуызон цæстæнгас проблемон фарстатæм, алкæмæндæр фадат ис йæ хъуыды зæгъынæн. Искæй счъизи кæнын дæ куы фæнда, уæд дæ фæндиæгтæ дæр сæрибарæй дæ къухты бафтдзысты æмæ ма бæрндзинад дæр нæ хæсдзынæ – псевдонимæй, бот кæй хонынц, ахæм хуызы регистраци сараз æмæ дын «дзурыны» фадæттæ фагæй фылдæр. Дыууæ дзырды кæрæдзийыл бабæттын йæ бон кæмæн нæ вæййы æмæ антиæхсæнадон цард чи фæкæны, уый дæр социалон хызæгты зондамонæг æмæ «аналитик» фесты.

Социалон хызæгтæй æмæ интернеты информацион платформæтæй фылдæр пайда кæнынц æрыгон фæлтæр. Ам ссарæн ис алыгъуызон цымыдисон информацийæн æмæ ма йæ райсдзынæ уайтагъд. Æниу дзы фылдæр дезинформаци вæййы, фæлæ ныры дуджы уый тынг никæй æндавы. Ахæм ресурстæн сæйраг у сæ оперативондзинад. Фæлæ дзыллон информацийы фæрæзæн сæйрагдæр у раст информаци дæттын. Уымæ гæсгæ нæ хъæуы быцæу кæнын социалон хызæгтимæ æмæ æндæр ахæм информацион ресурстимæ – нæй сæ аййафæн æмæ лæмбынæг куы ахъуыды кæнæм, уæд хъæугæ дæр цæмæн кæны дезинформацийы хъуыддаджы искæй разæй фæуын. Фæлтау радт бæстон æмæ раст информаци, бафтау æм аналитикæ æмæ ахæм хуызы бирæты бацымыдис кæндзæн.

Газетты кой куы кæнæм, уæд уыдонæн оперативондзинады бынтондæр нæй нырыккон информацион ресурсты «аййафыны» фадат. Уымæ гæсгæ дзы хъæуы фылдæр аналитикон уацтæ æмæ очерктæ æвæрын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ног хабæрттæ дæр хъуамæ мыхуыр цæуой, фæлæ цыбырдæртæй. Стæй уыцы ног хабæрттæн райхалæн ис аналитикон уацты æмæ уый газеткæсæгæн цымыдисондæр æмæ пайдадæр информаци у. Уымæй уæлдай ма арæхдæр хъæуы фыссын нæ республикæйы хуымæтæг цæрджытыл, курдиатджын гоймæгтыл, хъæубæстыл, комбæстыл – ахæм уацтæ сæхимæ тынг æлвасынц газеткæсджыты.

Журналист куыд «æхсæны лæг»

Иумæйагæй сисгæйæ нæ республикæйы информацион тыгъдадыл куы дзурæм, уæд дзы дæсгай азты бындуронæй ницы ивы. Ойы, фæзындысты ног платформæтæ информаци тагъд адæттынæн, техникон фæрæзтæ дæр раздæримæ абаргæйæ бæрæг хуыздæр сты. Фæлæ ныр дæр æмæ раздæр дæр проблемæтæ æндæртæ сты. Нæ дзыллон информацийы фæрæзтæн популярондзинады хъуыддаджы фыццаг проблемæ у – критикон уацтæ дзы хæрзцъус кæй вæййы, уый. Уымæн йæ аххосæгтæ, æвæццæгæн, сты, æгæр чысылнымæц æхсæнад кæй стæм æмæ ма бирæтæ сæхирдæм критикæ кæй нæ фембарынц, уыдон. Хуссарирыстойнаг журналистæн критикон уац ныффыссын абарæн ис хъайтардзинадимæ. Æмæ афтæ хъуамæ ма уаид, фæлæ…

Хуссар Ирыстоны сæйраг дзыллон информацийы фæрæзтæ сты паддзахадонтæ, ома сæ контроль кæны РХИ-йы Хицауад æмæ уымæ гæсгæ хæсджын сты, паддзахадон политикæ адæмы рæгъмæ хæссынæй. Фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ æппынæдзух дæттой паддзахадон службæгæнджыты пайдайæн информаци. Дзыллон информацийы фæрæзтæн сæ нысан æндæр у.

Кæцыфæнды бæстæйы дæр æхсæнад нæ фембары йæ разамынады позици, фæндиæгтæ, æмæ уымæ гæсгæ «æхсæны адæймаджы» хæстæ феххæст кæны журналист. Дзыллон информацийы фæрæзты кусæг цæрджыты проблемон фарстатимæ арæхдæр æмбæлы, хуыздæр сæ сахуыр кæны, сæ домæнтимæ зонгæ вæййы æмæ йын уымæ гæсгæ сæ раргом кæнын æнцондæр вæййы. Фæлæ нæм разыны ахæм разамонджытæ æмæ паддзахадон службæгæнджытæ, кæцытæ куыддæр фехъусынц сæ куыстмæ хауæг фадыджы рдæм критикæ, афтæ йæ райсынц сæхирдæм æфхæрды хуызы. Ома мæ нæ фефсæрмы, адæмы цæсты мæ бафтыдта, мæ куыстæй мæ «сурын кæны» æмæ афтæ дарддæр. Йæ автормæ йын зулмæ кæсын райдайынц, уайдзæфтæ йын фæкæнынц, цыма исты фыдракæнд сарæзта. Æмæ ахæм позици бынтондæр раст нæу. Паддзахадон куыст дæ хæдзаримæ ма хъуамæ барай, уый иумæйаг хъуыддаг у, æмæ кæд дæ куысты хъæндзинæдтæ рабæрæг ис, уæд критикæ лæгау райс æмæ проблемон фарстатæ гæнæнуæвгæйæ рараст кæн.

Гæнæн ис æмæ журналист дæр фæрæдийа – раст информаци ма райса æмæ уымæ гæсгæ йæ критикæ конструктивон ма рауайа. Фæлæ рæдийгæ чи нæ фæкæны? Уыцы хъуыддаг журналистæн фылдæр зиан хæссы, йæ репутацийыл бандавы æвзæрырдæм æмæ уымæ гæсгæ æппынæдзух архайдзæн, цæмæй йæ критикон уацы уа рæстдзинад. Ахсджиаг къуыхцыдзинæдтæ та æппынæдзух æмбæхсын куы хъавæм, уæд дзы хорзæй ницы рауайдзæн – не ‘мбæстæгтæ налдæр бæстæйы разамонджытыл æууæнддзысты, налдæр журналисттыл. Газетты фæрстыл æмæ æндæр информацион ресурсты бынæттон цæрджыты проблемон фарстатыл куы нæ дзырдæуа, сæ фæндиæгтæ дзы куы нæ кæсой адæм, уæд сæ ахæм информацион ресурстæ цæмæн хъæуынц?

Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома нæ дзыллон информацийы фæрæзтæ паддзахадон уымæн сты æмæ дзы критикон уацтæ ма хъуамæ уа. Зæгъгæ, критикон уацтæн бынат ис оппозицион информацион ресурсты. Фæлæ уал фыццаджы банысан кæнын хъæуы, оппозицион информацион ресурстæ нæм бынтондæр кæй нæй, уый. Социалон хызæгтæ æмæ интернеты тыгъдады алыгъуызон платформæты информаци фылдæр хатт рæгъмæ рахæссынæн нæ бæззы – иумæйаг æмвæзад ныллæг кæннод æргом дезинформаци, сæ хайадисджыты фылдæр хай фæсномыгтимæ регистрацигонд æмæ бæрæг нæ вæййы, æмбæстаг у æви æцæгæлон, фæсарæнтæй фыссы йæ уацтæ æмæ комментаритæ. Дыккаджы та, кæд бынæттон цæрджытæ рафыссынц кæнæ сын рафыссын кæнынц бынæттон газеттæ æмæ журналтæ, уæд сæ цахæм информаци фæнды райсын, уый фадат дæр сын хъуамæ уа. Кæннод газеттæ æмæ журналтæ æрмæстдæр паддзахадон структурæты кусджытæ сæхицæн рафыссæнт – ахæм форматы хуымæтæг адæмы нæ цымыдис кæнынц.

Искæцы разамонæджы ныхмæ критикон уац мыхуыр куы æрцæуа, уымæй бæстæ нæ фесæфдзæнис. Газеткæсæг та критикон уац цахæм цымыдисимæ бакæса, ахæм цымыдисимæ бакæсдзæнис проблемон фарст аскъуыддзаг кæнынимæ баст уац дæр. Ома, цас фылдæр критикон уацтæ мыхуыр цæуа æмæ ма уыимæ иумæ æнтыстытыл дзурæг информаци дæр бирæ куы уа, уыйбæрц адæм бæстæйы разамынадыл дæр тынгдæр æууæнддзысты æмæ сын паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзтæм дæр хуыздæр ахаст уыдзæнис.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.