Знауыры районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ схæрзарæзт кодтой Метъехы хъæумæ фæндаг, кæцы 20 азæй фылдæр цалцæг не ‘рцыд, – фехъусын кодтой районы администрацийы пресс-службæйы.

Ам куыд банысан кодтой, афтæмæй фæндаджы арæзтад ис фæуыны стадийыл.

«20 азæй фылдæр ацы хъæумæ фæндаг цалцæг нæ уыд æмæ нал бæззыд. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ егъау куыст бакодтой, фæндаг сарæзтой æмæ дзы ныртæккæ  ацæуæн ис рог машинæйыл дæр», – загътой пресс-службæйы.

Куыд банысан кодтой, афтæмæй Лопаны, Цънелисы, Калеты хъæутæм дæр цалцæг цæуынц фæндæгтæ.

«Фæндæгтыл калынц хуыр æмæ йæ дарддæр лæгъз кæнынц», – загътой пресс-службæйы.

Куыд ма банысан кодтой, афтæмæй районы разамынад пълан кæны 2023 азы мадзæлтты пълан-мæ цы фæндæгтæ хаст æрцыд, уыдон сцалцæг кæнын.

«Президент Гаглойты Алан бахæс кодта Бехъмары хъæуæй Сихиатмæ фæндаг алæгъз кæнын», – банысан кодтой районы администрацийы.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.