125 азы сæххæст зынгæ ирон хирург Къæбысты Падойы райгуырдыл

1896 азы Дзауы районы Сыхты хъæуы цæрджытæ  Къæбысты Кавказ æмæ Цхуырбаты Таучейæн дыууæ чызджы фæстæ лæппу куы райгуырд, уæд æрмæст сæхæдæг нæ цин кодтой, фæлæ ма хиуæттæ æмæ сыхæгтæ дæр. Уымæн æмæ æвзонг æмкъæйттæ бæллыдысты, цæмæй сæ дыууæ чызгæн уа æфсымæр, мыггаг дарддæргæнæг. Сæ фæнд сæххæст æмæ сæ тыхтæ æмæ хъарутыл, раст цыма уæлæмхас тыхтæ бафтыд, уыйау царды зындзинæдтæ мурмæ дæр нал дардтой. Ныййарджытæм кæд ахуырдзинад нæ уыдис, кæсын-фыссын нæ зыдтой, уæддæр хорз æмбæрстой, ахуырдзинадæн цы стыр ныса-ниуæг ис, уый æмæ сæ фырт Падо скъоламæ цæуынхъом куы  фæцис, уæд æй барвыстой Дзауы скъоламæ. Йæ ахуыргæнджытæ уадид рахатыдысты Падойы æвзыгъддзинæдтæ æмæ йæ цалдæр æндæр лæппуимæ ахуыр кæнынмæ арвыстой горæт Ганджамæ. Æнцон нæ уыд уым ахуыр кæнын, иуæй бинонтæ æмæ хиуæттæй дард, аннæмæй та бæрзонд уыдысты ахуыргæнджыты домындзинæдтæ æмæ Падойы та никуы фæндыд æдзæттæйæ йæ уроктæм цæуын.

Уыцы азты цъус зындзинæдтæ не ‘взæрста, тыхст куыд хæрдыл, афтæ дарæсыл дæр, фæлæ уыдæттæй дæр нæ саст йæ ныфс. Уыцы уавæртæ йын йæ раст хъуыдытæ кодтой уæрæхдæр æмæ æппæт фадæттæй дæр кодта пайда. Ахуырадон аттестат райсыны фæстæ Падо бацыд горæт Саратовы университетмæ медицинæйы хайадмæ. Ахуырмæ Падойы æвзыгъддзинæдтæ уым фæбæрæгдæр сты ноджы тынгдæр. Æппынæдзух йæ хъуыдытæ уыдысты йæ ахуыримæ.

Падо Дзæуджыхъæумæ æрцыд 1920 азы. Хуссар Ирыстонæй лигъдæтты куы федта, уæд ма-иу  хъуыды дæр акодта, зæгъгæ, фæлтау куынæ æрцыдаин æмæ мæ адæмы ахæм хъизæмæрттæ куы нæ федтаин. Фæстæдæр Падо фыццаг Дзаумæ æрцыд æмæ уым цард, уый фæстæ та – Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта рынчындоны.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Падойы арвыстой горæт Гуры госпиталмæ. Уым бакуыста цалдæр мæйы æмæ йæ кæд фæстæмæ нæ уагътой, уæддæр æрбацыд æмæ йæ куыст адарддæр кодта Цхинвалы рынчындоны. Кусджытæ кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ Падо фылдæр рæстæг уыд йæ куысты уæлхъус. Рынчындоны куы нæ уыд, уæд та йæм рынчынтæ цыдысты хæдзармæ. Рынчыны басгарын æмæ йын баххуыс кæнынæн цы хъуыд, уыдон ын уыдысты хæдзары дæр.

Падойыл æвдай азы куы сæххæст, уæд фæцух цæстырухсæй æмæ йæ бахъуыд йæ куыст ныууадзын.  Æнæ Падо, кæимæ куыста, уыдонæн æнцон нæ уыдис, арæх-иу  сæ бахъуыд йæ сæр. Куы иу æм бахатыдысты, уæд-иу «нæ» никуы загъта.

Падойы чи зыдта, уыдонæй ма абон дæр бирæ чидæртæ фæзæгъы, зæгъгæ, уый уарзта фæтк æмæ æгъдау, алцы дæр хъуамæ уыдаид йæ бынаты æфснайд æмæ сыгъдæгæй. Нæ уарзта гæдыныхас, йæхæдæг куыд уыд куысты дæр, куыстæн æддейæ дæр  афтæ домдта алкæмæй дæр. Уыимæ нæ уарзта, исчи-иу дзы куы æппæлыд, уый дæр.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.