Дзауы поселочы  ныр та уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Константины номарæн турнир. 5-æм июны ацы поселочы уыд номарæн турнир самбойæ æмæ дыууæ боны фæстæ та ерыстæ уагъд æрцыдысты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Турнирмæ хуынд æрцыдысты цæгатирыстойнаг æвзонг богалтæ дæр. Æдæппæтæй дзы сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 160 спортсменæй фылдæр. Уыдон уыдысты Цхинвал, Дзау, Къуайса, Дзæуджыхъæу, Горæтгæрон район æмæ Заводы поселокæй.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей.

Æрæмбырдуæвджытæн президенты номæй та раарфæ кодта спорты фарстаты фæдыл паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

Дзаумæ турнирмæ æрвылхатт дæр æрцæуы уæгъдибар хъæбысхæстæй РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы хистæр тренер Кокойты Таймураз. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм ерыстæ ахъаз кæнынц сывæллæтты цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн.

«Нæ хъомылгæнинæгты ерыстæм куы акæнæм, уæд тынг фæцин кæнынц. Уæлдай æхсызгондæр та сын вæййы Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын. Сæрд куы вæййы, уæд ма мын фæдзурынц, зæгъгæ, æхсæв дæр æрлæууæм æмæ ма нæхи цæугæ доны дæр ныннайæм. Мæн ныфс ис, ацы турнир æрвылаз дæр уагъд кæй цæудзæн æмæ нын алы хатт дæр уавæр кæй уыдзæн ерысты хайад райсынæн», – банысан кодта Кокойты Таймураз.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ сæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

 ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.