Куыд хистæр кары адæм, афтæ фæсивæд, уæлдайдæр та сывæллæттæ, æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц Ног азы бæрæгбонмæ. Сывæллæттæ миты æруардыл æмæ Ног азы бæрæгбоныл сæмбæлынц стыр цины æнкъарæнтимæ. Уæлдай тынг ма фæцин кæнынц, алыхуызон лæвæрттæ сын Митын Дада куы радты æмæ сæ адджинæгтæй куы барæвдауы, уæд.

Рæхджы нæ республикæйы æппæт скъолаты дæр фæндзæм кълæсты онг ахуырдзау фæсивæдæн байуардзысты ногазон лæвæрттæ. Уый тыххæй нын фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады техникон ифтонгады хайады хистæр Тедеты Аленæ. Уый нын куыд загъта, уымæ гæсгæ ацы аз ногазон лæвæрттæ бацæттæ кодтой 8132 сывæллонæн. «Ног азы бæрæгбонмæ сывæллæттæ уымæн фенхъæлмæ кæсынц æмæ кæй райсынц бæрæгбонон лæвæрттæ. Нымад бонтæ ма баззад Ног азы бæрæгбонмæ. Уымæ гæсгæ нæ министрад развæлгъау бацæттæ кæнынц сывæллæттæн лæвæрттæ. Ногазон лæвæрттæ байуардзысты республикæйы æппæт скъолаты 1-5-æм кълæсты ахуырдзаутæн æмæ скъолайы агъоммæйы кары сабитæн, афтæ ма 1-7 азы онг кæуыл цæуы æмæ нæ республикæйы сывæллæтты поликлиникæйы хыгъды чи лæууынц, уыдонæн дæр. Ногазон лæвæрттæ æлхæд ‘рцыдысты Цхинвал æмæ нæ республикæйы районты сывæллæттæн. Нæ министрад бацархайдзæнис, цæмæйдæриддæр районты ахуырадон уагдæттæ æмæ сывæллæтты поликлиникæтæ фыццæгтæ аласой сæ къаффетты къоппытæ. Ахуыргæнинæгтæ сæ ногазон лæвæрттæ райсдзысты скъолаты æмæ скъолайы агъоммæйы уагдæтты хъомылгæнинæгтæ та сæ рæвдауæндæтты æмæ сывæллæтты поликлиникæты официалон мадзæлтты рæстæджы», – банысан кодта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады кусæг.

Ацы бонты мах санэпидемстанцы кусджытимæ бацæудзыстæм æмæ сбæрæг кæндзыстæм адджинæгтæн сæ бæзгæ æмгъуыд. Специалисттæ куы аскъуыддзаг кæной æмæ куы зæгъой гъæдджын сты, зæгъгæ сын бар ис сывæллæттæн радтынæн, уæд ахуырадон уагдæттæн фехъусын кæндзыстæм, цæмæй сæ лæвæртты аласой. Стæй сæ уыдон куыд æмæ кæд уарой сывæллæттыл, уый сæхæдæг аскъуыддзаг кæндзысты», – загъта министрады кусæг.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.