26 декабры изæрæй Театралон фæзуаты байгом кодтой Ногазон наз бæлас. Мадзал бацæттæ кодта РХИ-йы Культурæйы министрад. Йæ хайадисджытæ уыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры артисттæ æмæ курдиатджын скъоладзаутæ, кæцытæ рæвдз сты зарынмæ, кафынмæ æмæ инсценировкæты хъазынмæ. Ӕдæппæт дзы сæ курдиат равдыстой 40 скъоладзауæй фылдæр.

Мадзалмæ фæуазæг ис бæстæйы президент Гаглойты Алан дæр æмæ зæрдиагæй раарфæ кодта æрæмбырдуæвæг сывæллæттæн æмæ ныййарджытæн.

Ногазон наз бæлас — театралон фæзуаты
Ногазон наз бæлас — театралон фæзуаты

«Ног азы æрбалæудмæ алы сывæллон дæр фæбæллы, фæцин кæны. Нæ сомбон раджы дæр æмæ ныр дæр баст у нæ кæстæр фæлтæримæ, æмæ уæ алкæй хæдзармæ дæр Ног аз сабырдзинад æмæ уарзондзинад куыд хæсса, уыцы арфæ уын мæ зæрдæ зæгъы. Бирæ ныййарджытæ абоны бон зæрдæхсайгæ сты æмæ уыцы хæстонтæ дæр æнæнизæй сæ хæдзæрттыл æмбæлæг куыд уой, уыцы хорздзинад æрхæссæд æрцæугæ аз. Курæг стæм Хуыцауæй, цæмæй нын нæ кæстæртæн рæсугъд сомбон бахæлар кæна æмæ нæ алы Ног азыл та ног фæндтимæ, бæллицтимæ æмбæлæм. Ӕнæниз æмæ мын амондджын ут!», — загъта йæ арфæйы ныхæсты Гаглойты Алан.

Кæронбæттæны ссыгътой Ногазон наз бæлас æмæ сывæллæттæ хъазт сарæзтой Митын Дада æмæ Митын Чызгимæ. Семæ ма бамбал сты алыгъуызон аргъæутты минæвæрттæ дæр.

Джиоты Алыксандр