Бæрæг куыд у, афтæмæй 25-æм майы æнæнхъæлæджы тæрк къæвда æмæ тыхдымгæ тынг зиæнттæ ракодта нæ горæты цалдæр бирæуæладзыгон хæдзæрттæн. Уыдонæй иууыл тынгдæр зиан рачындæуыд Фидауынгæнджыты уынгыл 12-æм бирæуæладзыгон хæдзарæн.

Тыхдымгæйы фæстиуæгæн хæдзар æнæ æмбæрзтæй аззад, ныцъæл кодта, хæдзармæ хæстæг уынджы цы бæлæстæ уыд, уыдон къалиутæ. Хорз уыд æмæ уыцы рæстæджы уынджы ничи уыд, уымæ гæсгæ удзиан ницы æрцыд. Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады æххуысæй, къæвда æмæ тыхдымгæ куы фæлæууыдысты, уæд чысыл æмгъуыдмæ бæлæсты къалиутæ æмæ хæдзары сæр сыгъдæг æрцыдысты.

Дыккаг бон уагъд æрцыд Хицауады оперативон рабадт, уым хайад райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли дæр. Арæзт æрцыд кусæгон къамис, кæцы банымадта хæрдзтæ æмæ уыцы фæрæзтæ хицæн æрцыдысты Хицауады резервон фондæй. Арæзтадон куыстытæ йæхимæ райста горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Уыдон ныфс бавæрдтой, агъуыст ивд кæй æрцæудзæнис цыбыр æмгъуыдмæ.

Бæстыхайы æмбæрзын райдыдтой, фæлæ хъуыддаг адаргъ. Аразгæ-аразын кусджытæ ныппырх кодтой, ам цы фæздæгуадзæнтæ уыд, уыдон. Агъуыст аразыныл куыстой куы дыууæ, куы та æртæ кусæджы. Ацы бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон ныфс æвæрдтой хус бонтæ кæй ахæсдзæнис. Фæлæ та июны æмбисты æхсæвы стыр къæвда куы ныууарыд, уæд цæрджытæ катайы бахаудтой. Иуæй-иу фатертæ донласт фесты. Фæздæгцæуæнтæй цы дон калд, уый систыл лæдæрсыд суанг фыццаг уæладзыгмæ дæр. Цæрджытæ куыд архайдтой, уый апарахат кодтой социалон хызæгты.

Ацы цауы тыххæй се ‘нæразыдзинад равдыстой Хицауады уæнгтæ дæр. Куысты дисциплинæ фехалын æмæ цæрджыты ‘хсæн тыхстдзинады ситуаци сæвзæрыны тыххæй йæ бынатæй сæрибар æрцыд горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Хъуылымбегты Роберт. Йæ бынатмæ йын снысан кодтой Хъотайты Аланы.

Уый базонгæ куыстимæ, лæмбынæгæй уавæр сахуыр кæныны фæстæ ныфс бавæрдта 5 боны æмгъуыдмæ агъуыст арæзт кæй фæуыдзæнис. Уый тыххæй объектмæ барвыста 10 кусæджы. Уыдон, цыбыр æмгъуыдмæ фæздæгдзæуæнтæ ногæй сарæзтой, аиуварс кодтой, сæ размæ кусджытæ цы цухдзинæдтæ æруагътой уыдон дæр. Æмæ ныридæгæн бирæуæладзыгон агъуысты сæр у цæттæ. Цы чысыл деталтæ ма дзы баззад саразинаг, уыдон дæр аиуварс кæндзысты ацы бонты.

Сæрмагонд къамис кусы æрдзон бæллæхы аххосæй зиан цы цæрджытыл æрцыд, уыдон хæрдзтæ банымайыныл æмæ сын æрцæудзæнис æмбæлон æххуыс.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.