25 майы нæ республикæйы паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-ы кусджытæ æрæвнæлдтой Къуайсайы горæты уынгты арæзтадон куыстытæм. Уыдонмæ бирæ рæстæджы дæргъы хъусдард нæ уыд æмæ æрцыдысты тынг æдзæллаг уавæрмæ.Уый фæстиуæгæн цæрджытæ æвзæрстой тынг бирæ зындзинæдтæ.

Аивгъуыйгæ азы горæт Къуайсайы цæрæнуатон-коммуналон службæйы кусджытæ æрæвнæлдтой сæ аразынмæ, фæлæ куыстыты гуырахст стыр кæй уыд, уымæ гæсгæ æппæт куыстытæ дæр лæвæрд æрцыдысты ГУП «Дорэкспострой»-мæ.

Ныртæккæ Къуайсайы арæзт цæуынц æртæ уынджы, Гагарины, Комаровы æмæ горæты сæйраг уынгтæй сæ иу –  Хетæгкаты Къостайы уынг. Боныгъæд кæд цасдæр рæстæджы бахъыгдæрдта кусджыты, уæддæр ныртæккæ куыстытæ сты сæ тæмæны. «Дорэкспострой»-ы сæйраг инженер Джыгкайты Нарт куыд загъта, афтæмæй Комаровы æмæ Гагарины уынгтæ асфальт никуы уыдысты, ныртæккæ цæттæ цæуынц асфальт кæнынмæ. «Нæ куысты планмæ гæсгæ ма ацы уынгты арæзт æрцæудзысты къæвдайы дондзæуæн каналтæ. Хетæгкаты Къостайы уынджы кусджытæ ныртæккæ цæттæ кæнынц, цæмæй уал æвæрд æрцæуа тротуарон плиткæ æмæ йæ уый фæстæ та бацæттæ кæндзыстæм асфальт кæнынмæ. Хъавæм ма ацы уынджы электроны рухсæй сифтонг кæнынмæ дæр. Цы электроцæджындзтæ дзы ис, уыдон сты тынг æвзæр уавæры, базæронд сты æмæ сæ  уымæ гæсгæ раивдзыстæм ногтæй. Ацы фæндæгтæ арæзт цæуынц нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты.

Æппæт арæзтадон æмæ цалцæггæнæн  куыстытæ хъуамæ фæуой ацы аз октябры мæймæ, фæлæ нæ фæнды, цæмæй фæуой Къуайсайы бæрæгбонмæ, сентябрмæ. Нæ куысты нын  кæд исты проблемæтæ фæзына, уæддæр æппæт амæлттæй архайдзыстæм, цæмæй горæты сæйраг уынг бæрæгбонмæ  кæронмæ арæзт æрцæуа, æмæ уый фæстæ та иннæ уынгтыл дарддæр кæндзыстæм нæ куыстытæ. Алы куысты дæр æнæ проблемæ никуы вæййы, фæлæ мах æппæт сæвзæргæ зындзинæдтæ дæр бынаты аскъуыдзаг кæнæм»- банысан кодта Джыгкайты Нарт.

Горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади нын куыд загъта, афтæмæй горæты уынгтæ арæзт кæй цæуынц, уый хорзæрдæм бандавдзæн не ‘мбæстæгты цардыл. «Ныртæккæ цы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц уый, кæй зæгъынæй хъæуы, тынг хорз у. Мах нæхæдæг дæр горæты цæрæнуатон-коммуналон службæйы кусджытимæ нæ хъус дарæм æппæт куыстытæм дæр. Кæд исты æххуыс фæхъæуы мах æрдыгæй, уæд сæм фæдаргъ кæнæм не ‘ххуысы къух»-загъта администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади.

Къуайсайæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй бирæ рæстæджы дæргъы зындзинæдтæ æвзæрстой къæвда бонты, уымæн æмæ иу дзы цъыфты ахизæн нал уыдис. Ныфс сæ ис республикæйы къухдариуæгады æххуысы фæрцы ма дарддæр дæр цадæггай арæзт кæй цæудзысты Къуайсайы иннæ уынгтæ дæр.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.