Мæгуыр, цы, дам, дын ис æмæ, дам – сис-сæрвасæн…

Мæгуырæн уый дæр исыл нымад у, хъæздыгдзинадыл. Фæлæ мах афтæ мæгуыр дæр нал стæм, хатт нæхи куыд нытæригъæдтаг кæнæм – бонæн йæ фæстагмæ, ныртæккæ Чъребайы цал хисæрмагонд машинæ ис, уал машинæйы æнæхъæн Фæскавказы æртæ Цæдисон республикæйы нæ уыдис. Уый, мæнæ мæгуырты мад кæй хонæм, уыцы Советон Цæдисы рæстæджы. Ныр та?.. Чъребайы бирæ хæдзары раз цыппар-фондз машинæйы урæд, уæддæр «мæгуыр-мæгуыр» хъусæм, хъаст-хъыллистæй къуырма кæнæм.

Мæгуырæн уæддæр…

О, сис-сæрвасæны кой кодтам. Æвæццæгæн, махмæ дæр нæ фырмæгуырæй афтæ фæкаст, æмæ нæ горæты раздæры Телманы уынгыл цы кæлæддзаг агъуыст ныппырх кодтой, уый нымайынц иууыл стырдæр историон æнамонддзинадыл, архитектурæйы хуыздæр фидауц фесæфтыл. Чи? Ирыстоны мæтæй æхсæв хуыссæг кæуыл нæ хæцы, уыцы патриоттæ! Ирыстоны цы цыдис, æппæт уыдæттæ Мæскуыйы кæнæ æндæр стыр горæтты, фæлмæн дивантыл бадгæйæ, хуызджын телевизортæм кæсгæйæ, чи зыдта, уыцы удуæлдай патриоттæ!..

Ох, хатыр… Ацы, ома, раздæры Телманы уынгыл раздæры Облфæлхасцæдисы агъуыст кæй ахафтой, уыцы хъуыддаг историон æнамонддзинадыл чи нымайы, æнусы архитектурон фидыц кæмæ каст, уыдонæй ам, бынæттон цæрджытæ дæр ис. Æмæ та, хатын æй, апысыра уыдзысты: мах дæр, дам, не стæм ардыгон?..

Стут ардыгон æмæ цы? Кæд ыл уæ зæрдæ афтæ рыстис, уæд æй уый онг цæмæн æруагътат, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр ыл дыууадæс шифер æрæмбæрзын йедтæмæ куы ницы хъуыд, цæмæй ахæм уавæрмæ ма æрхаудаид?

Æцæгæй уæм кæсы æнусы архитектурон фидыц? Æмæ дзы уæд, фарн уæм бадзурæд, фæлæ къахæвæрæн цæмæн сарæзтат?!.

Нæ театр куы басыгъд, æмæ йæ, æппынфæстаг, аразынмæ куы æрхъавыдысты, уæддæр разынд ахæм патриоттæ… Уый гæнæн, дам, нæй, уый, дам, пырхкæнинаг нæу, хъуамæ, дам, æвнæлд ма ‘рцæуа адæмы мысæнуатмæ… Æмæ уыцы сыгъд бæстыхай ныппырх кæныны ныхмæ чи уыдысты, уый зонут? Йæ хæлæфы къæрттимæ архайгæ-иу дзы чи смидæг, ахæмтæ. Махæн та-иу, йæ аразын кæй нæ фæндыд, уыцы чиновниктæ афтæ дзырдтой, Ирыстоны æхсæнады, дам, нæ фæнды йæ ныппырх кæнын…

Æхсæнад!..

Ехх! Афтæ хъæр-хъыллист кодтой, уазæгдон «Ирыстон» куы ныппырх кодтой æмæ йæ бынаты ног бæстыхай аразынмæ куы æрæвнæлдтой, уæд дæр. Æрмæст афтæ мачи зæгъæд, нæ йæ зыдтой, нæ йæ æмбæрстой, уыцы агъуыст кæй бамбыд æмæ йын ныппырх кæныны йедтæмæ æндæр фæрæз кæй нал уыд… Зыдтой, æмбæрстой йæ, фæлæ… Фæлæ хъуамæ истæмæй фесгуыхой, искуы разыной. Исты чи аразы, уый ахæмты сæр нæ хъæуы – аразы, æмæ йæ адæм афтæмæй дæр фендзысты. Чи ницы аразы, уый та æрмæстдæр ахæм цæмæйдæрты хъуамæ æркæсын кæна йæхимæ адæмы. Иу кæмæй дæр, дам, ницы хъуыст, æмæ…

Ныр дæр афтæ, августы хæсты уыйбæрц сæрылхæцджытæ нæ разынд Ирыстонæн, дзуттæгты кæлæддзаг агъуысты сæрыл цал адæймаджы растад гæрæхтæгæнгæ!

Цы ‘рцыд, цы хабар у? Нарты дунейæ нын баззад уыцы «архитектурон» агъуыст, æмæ нын уымæн æнæкæрон зынаргъ у? Нæ фыдæлтæ Аланты кувæндон уыд æви дзы Хетæгкаты Къоста царди  кæнæ куыста?.. Цы ‘рцыди, цы та нæ уæлфад гал фæлæууыд, дзуттæгты  кæнæ сомихæгты зæронд хæдзары тыххæй кæрæдзийы хурхы сæртæм цæмæн бавнæлдтам?

Фæлæ мæ дзырды сæр æндæр цæуылдæр у. Рæстдзинадыл.

Дзырд дæр ыл нæй, кæйфæнды арæзт ма уыдаид, кæйфæнды культурæ æмæ архитектурон æрмдзæфыл дзурæг ма уыдаид, уæддæр тæригъæд уыд ныппырх кæнынæн. Уымæн æмæ йын уыд, нæ горæты афтæ арæх кæуыл не ‘мбæлæм, ахæм историон архитектурон хуыз. Ома, мæгуыр, цы, дам, дын ис, æмæ, дам, сис-сæрвасæн…

Уыдис ын бахъахъхъæнæн, уыдис дзы спайдагæнæн. Фæлæ…

Цалынмæ йын бахъахъхъæнæн уыд, уæдмæ газет «Хурзæрин» фæдисы дзæнгæрджытæ куы цагъта йæ бахъахъхъæныны тыххæй, уæд уæ искæмæй мысты цъыззытт уæддæр цæмæннæ райхъуыст, диваныл цæрæг патриоттæ! Ноджыдæр æй зæгъон, ницы йæ хъуыд – дыууадæс шиферы йедтæмæ, фæлæ йыл ничи хъуыды кодта, никæй æндæвта. Ахæм аз ма уыдаид æмæ ма рахастаиккам адæмы рæгъмæ ацы фарст… Цал хатты фыстам, цал хатты сидт редакци, кæмæ хауд, уыдонмæ, цæмæй йын фæтæригъæд кæной, æрæмбæрзой йæ æмæ бынтон ма ныккæла.

Никæмæ хъуыст нæ фæдисы хъæр, нæдæр нын фарсхæцæг разынд…

Ныр…

Иугæр Бибылты Анатолийы рæстæгмæ æрхауд йæ ныппырх кæнын, уæд хъуамæ спайда кæной уавæрæй, уæдæ куыд, хъуамæ скалой сæ марг, сæ хъæстæ!..

Цæмæн æрцыд ахæм уавæрмæ? Уымæн æмæ йын йæ агъуыст систой, Советон Цæдис куы ныппырх, уæд. Чи йæ систа, чи йæ ныппырх кодта, уый ма ныр хæйрæг базонæд, æвæццæгæн, сомалиаг пираттæ уыдысты кæнæ пакистайнаг тыхгæнджытæ…

Хъуыдис æй сагъуындын, цæмæй ма ныппырх уыдаид, стæй фæкæс, æмæ нæ искуы равдæлдаид йæ среставраци кæнынмæ дæр.

Хæлын æмæ згъæлын райдыдта Хъуылымбегты Тъорезы рæстæджы, фæлæ йæ хъуыды дæр ничи æркодта, хæлд æмæ згъæлд Цыбырты Людвиджы рæстæджы, уæддæр никæй æндæвта, кæлæддзагæй-кæлæддзагдæр кодта Кокойты Эдуарды рæстæджы, фæлæ йыл никуы ничи батыхст, бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыд Тыбылты Леониды рæстæджы, уæд дæр – афтæ. Никæй æндæвта, ничи кодта йæ кой дæр, æрмæст мах, журналисттæ…

Ныр… Хъæдхъиутæй ма дзы цы хæлæддзаг къултæ аззад, уыдон цæмæй макæй сывæллоныл рафæлдæхой æмæ æнамонддзинад ма ‘рцæуа, уый тыххæй адæм тыхсын æмæ хъаст кæнын куы райдыдтой, уæд ды хорз лæг фест, Бибылты лæппу æмæ йæ ма бауадз ныппырх кæнын, ма йæ ныххафын кæн. Æмæ, зæгъæм, Хуыцау фыдбылызæй бахизæд, фæлæ дзы искæй цур иу агуыридур дæр æрхауд, уæд… Уæд та иннæрдæм райдыдтаиккой хъæр-хъыллист кæнын. Ахæм уагмæ кæй рæстæджыты æрхауд, уыдоны кой та ничи скодтаид, иууылдæр та сæ фыдæх ныццарæзтаиккой абоны къухдариуæгадмæ.

Афтæ цæрæм… Сæр нæ кæм фæхъæуы, уым æгомыгæфсон скæнæм, кæм нал фæхъæуы, уым та… О, хæдæгай, Сырх дзуар, æнæхицау мæнгагъуыстау куы ныппырх кодтой, уæд кæм уыдыстут?..

Афтæ цæрæм…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.