Адӕймаг кӕмфӕнды куы басгуыха, уӕддӕр ӕхсызгондзинад хӕссы йæ адæмæн. Афтæ сты ирон адæм дæр. Уадз ӕмӕ нӕра ирон лӕджы ном. Фӕлӕ ныл схӕцыд, Секъайы загъдау «искӕй хуымы цыргъ ӕхсырфы» низ – æцæгæлон бæсты цæргæйæ  цы адӕм дӕ радтой, уый рох кӕныны низ. Ӕмӕ нӕ чи цы бӕстӕйы фӕцӕры, уый уым уалдзыгон митау батайы, йӕ фӕстӕ цы цот ныууадзы, уыдон нал фӕфӕнды сӕ фыдӕлты, сӕ равзӕрд зонын. Фыдыбæстæ сын æцæгæлон свæййы. Кæй зæгъын æй хъæуы, иууыл афтæ не сты. Бирæтæн сæ уарзт сæ райгуырæн зæхмæ ноджы фæтыхджындæр вæййы  æмæ сæ арфæйаг хъуыддæгтæй кад скæнынц сæ иубæстон адæмæн, сæрбахъуыды рæстæджы сæ фарсмæ балæууынц. Уыдон хъуамæ фæзминаг уаиккой æндæртæн дæр. Фæлæ мæ ныхасы сæр ныртæккæ уыдоныл нæу. Хъыгагæн, æгæр бирæтæ исынц сæ къух сæ ирондзинадыл æрмæст Ирыстонæн æддейæ нæ, фæлæ ам, нæхимæ дæр.

Ирыстоны сомихагимӕ, гуырдзиагимӕ, азербайджайнагимӕ уырыссагау ныхас кӕныс, ӕмӕ, зӕгъгӕ, сӕ цотӕй исчи уӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыд, уӕд уайтагъд сӕхи ӕвзагыл дзурын райдайынц. Ирӕттӕй та бирæтæ сӕ цотмӕ хӕдзары дӕр иронау нал дзурынц.

Ирон сылгоймаджы дзыхӕй ирон ныхас йӕ хъӕбулмӕ куы нӕ хъуыса, уӕд скъолайы, ӕхсӕнады тых бирӕ нӕ ахады.

Германы Гетингемы университеты иумӕйаг ӕмӕ индогермайнаг ӕвзӕгты факультеты разамонӕг, профессор Михаэль Йоб та нӕм сиды: «Тынг ахсджиаг у, ирӕттӕ сӕхи культурӕ ӕмӕ сӕхи ӕвзаджы нысаниуӕг арф куы бамбариккой Хуыцауӕй лӕвӕрд сын кӕй у, ӕмӕ ахӕм лӕвар алкӕмӕн кӕй нӕй, уыцы уагыл ӕм сӕ цӕстӕнгас куы аздахиккой. Ӕрмӕстдӕр ирӕттӕм ис уый ӕмӕ ӕндӕр никӕцы адӕммӕ, ӕрмӕстдӕр уыдоны къухты ис ацы ӕвзаджы хъысмӕт. Ӕмӕ диссаджы хорз уаид, сӕ бон куы бауид афтӕ бакӕнын, цӕмӕй ирон ӕвзаджы зӕлланг макуы бамыр уа зӕххыл».

Абон цы ацӕрон, уый – мӕхи, цас фылдӕр бынтæ скӕнон – куыдӕй, ууыл нӕ ахъуыды кӕнгӕйӕ – уый ссис бирӕты царды нысан. Ӕмӕ сӕрмӕ нӕхӕссинаг хъуыддӕгты ныллӕууынц. Уый бырынцъаг фӕндаг у, хорзмӕ нӕ кӕны, йӕ рӕзтӕ ӕхгӕд сты, йӕ кӕрон бӕллӕх у. Ферох сӕ ис: искӕй исбонӕй исбон нӕй, тӕригъӕд нӕ тайы, стӕй ирон ӕмбисонд та: хорзӕн бын ма скӕн, ӕвзӕрӕн бын ма ныууадз. Ӕмӕ ахӕмтӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ цот бынхортӕ свæййынц.

Ацы ныхæстыл ныхъхъуыды кӕнын æмбæлы, æмбæлы нæ удварны рæзтыл фылдæр кусын, фылдæр хъусдард здахын хъæуы рæзгæ фæлтæры национ æнкъарæнтыл хъомыл кæнынмæ.

Худинаг у, æндæр нациты минæвæрттæй ирон æвзагыл ӕнувыд чи у, уыдоны раз, Къостайы уды рис хъуыды кӕнгӕйӕ, нӕ дзӕнӕтыбадинаг фыдӕлты рухс ном мысгӕйӕ.

Не ‘взаг, нӕ адӕмон сфӕлдыстад, не ‘гъдӕуттӕ базонынмӕ нӕм цӕуынц фӕсарӕнтӕй, ам та сыл нӕхиуӕттӕй бирæтæ былысчъил кӕнынц. Сӕ худинаг сӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, афтӕмӕй. Дыууӕ хатты Ирыстонмӕ Францӕй, ӕцӕгӕлон бӕстӕйы сӕйраг горӕт Парижӕй фæуазæг францаг лӕппу Лоран Алибер. Уый сӕхимӕ францаг ӕвзагыл Нарты кадджытӕ Ж. Дюмезилы тӕлмацӕй куы бакаст, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ ӕвзыгъд лӕппу йӕхицӕн хӕсыл банымадта, чи сӕ сфӕлдыста, уыцы адӕмы базонын. Æмӕ ахуыр кӕнын райдыдта нӕ адӕмон сфӕлдыстад, не ‘взаг, докторон диссертаци дӕр ныффыста Нарты кадджытӕй.

Хуыцау бахизӕд, фӕлӕ ирон адӕм сӕ фыдӕлты ӕвзагыл сӕ къух бынтондӕр систой ӕмӕ ӕндӕр ӕвзаг райстой, зӕгъгӕ, уӕд нӕ нӕ алыварс дзырдхъом  адӕмтӕ, нӕ рагфыдӕлтӕ скифтӕ, сӕрмӕттӕ ӕмӕ алантӕм, нӕ историмӕ ӕхсты бӕрцмӕ дӕр нал бауадзиккой. Ныр дӕр ӕм сӕ бӕттӕнтӕ куы тонынц, сӕхиуыл ӕй рабар-бабар кӕнынц, фӕлӕ сыл ӕппындӕр нӕ бады, нӕ фидауы, дӕлӕсин-уӕлӕсин дӕр дзы не сты. Сӕ «наукон» хатдзӕгтӕ ирон ӕвзагыл базгъӕлӕнтӕ вӕййынц.

Дриаты Лейла

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.