Цасдӕр алы ӕмӕ алы аххосӕгты фӕстиуӕгӕн, мӕ уагыл нӕ дӕн. Фӕззӕг дӕр йӕхион куыннӕ кӕны. Фӕлӕ уӕлдай тынгдӕр мӕхимӕ фӕхӕрам дӕн ме ’стырдӕр рӕдыд бамбаргӕйӕ. Ӕмӕ йыл ӕргомӕй сӕттын. Уымӕн ӕмӕ, ӕрмӕстдӕр дӕ азымыл сразы уӕвгӕйӕ, ис рараст гӕнӕн цы хъуыддаджы фӕкъуыхцы дӕ, уымӕн.

А фӕстаг рӕстӕджы, ирон публицистикӕйы мӕ тыхтӕ бавзарыны сӕр куы бахъуыдис, уӕд мыл дзӕвгар ӕртӕфстис ныр дӕс азы дӕргъы ме ‘нӕсӕрфат, мӕ уӕлӕнгай ахаст нӕ мадӕлон ӕвзагмӕ. Ӕгӕрӕстӕмӕй, мӕ алкӕцы ирон дзырд дӕр рантысы зӕрдӕхъӕрмттӕгӕнгӕйӕ. Уый хыгъд та хорз хъуыды кӕнын, мӕ фыццаг къахдзӕфтӕ национ журналистикӕйы кӕй райдыдтон ирон ӕвзагыл ӕрмӕджытӕй, телеуынынады информацион алӕвӕрдты ирон хайады амонӕгӕй.

Ныры онг дӕр буц дӕн, ногазон «Фарны изӕры» сценари мын кӕй бантыстис, уымӕй. Уӕвджыйӕдӕр, уӕд нӕ командӕйӕн бантыст телекӕсӕджы зӕрдӕ балхӕнын тынг аив ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ телепродуктӕй, кӕцы ныры онг дӕр никӕй бон бацис сфӕлхатт кӕнын.

Уый хорз, фӕлӕ ивгъуыды цыфӕнды ирд мысинӕгтӕй дӕр ныр ницыуал пайда ис. Ӕрмӕст ма миддунейы цавӕрдӕр тӕгтӕ базмӕлынц, иу уысмы дӕргъы зӕрдӕ барухс кӕнгӕйӕ. Ӕмӕ ныр та цы? Иугӕр мӕхимӕ бӕрндзинад райстон, цӕмӕй мӕ хъуыдытӕ, нӕ царды алы фӕдыздӕхӕны фӕдыл дӕр, мыхуыр цӕуой иууыл кардзыддӕр национ газеты фӕрстыл, уӕд хъуамӕ уыцы ӕмвӕзады ӕмрӕнхъ уа мӕ арӕхстдзинад дӕр ирон фыссынады, ирон публицистикӕйы.

Зын у, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы. Ӕниу, зӕгъгӕ, Бегарайы бӕхау фыдӕбоны йедтӕмӕ ницӕмӕн бӕззын, уыцы хъуыдыйыл рагӕй куы сразы дӕн, уӕд ӕнцон фӕндӕгтӕ та кӕд агуырдтон? Дзырд дӕттын, хиды ӕртӕхтӕ мӕ буарыл хус фӕд уадзгӕ куы сысой, уӕддӕр ӕз, аххосджын кӕй дӕн, уый ӕмбаргӕйӕ, ме ’ппӕт хъомысӕй бацархайдзынæн мӕ ивгъуыды фӕлтӕрддзинад раздахыныл ӕмӕ ног, уӕрӕхдӕр зонындзинӕдтӕ райсыныл. Сы-мах та йын, мӕ хӕлӕрттӕ, ӕвдисӕн уыдзыстут уыцы хъуыддагæн, ӕмӕ-иу, курӕг уӕ дӕн, ма бахӕлӕг кӕнут уыцы, Хуыцау зӕгъӕд ӕмӕ циндзинад уа, мемӕ адих кӕнын. Ныр фыссын ӕмӕ мӕхинымӕр мӕ зӕрдӕ йӕхиуыл фӕхуды, зӕгъгӕ, мӕгуыр фынтӕй хъал вӕййы. Уымӕн ӕмӕ мӕ мӕ хъуыдытӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ дард фидӕнмӕ ахӕссынц, кӕм ӕз, ирон ӕвзаджы ӕфсургъ бӕхыл бадӕг, арӕхстджын ӕмӕ дӕсны барӕгӕй мӕхи банкъарын. Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лирикæ у, фӕлӕ мӕ ӕнӕмӕнгӕй бацархайын хъӕуы.

Ӕрдзурдзынӕн ма ууыл дӕр, ирон ӕвзагмӕ лӕмбынӕг хъусдард ӕмӕ аудгӕ ахаст аздахынмӕ мӕ фӕстаг рӕстӕджы кӕй сразӕнгард кодтой мӕ коллегӕтӕ, кӕцытӕн сӕ авторон алӕвӕрды фӕлгӕтты, «Ӕ», зӕгъгӕ, ахӕм номимӕ, ӕвзонгады контент кӕй фӕхонӕм, ахӕм хуызы, кӕй бантыстис сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ Хуыцауы рухсмӕ ракалын не ’хсӕнады ахӕм хъӕнтӕ, кӕцытӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ куы нӕ байгас уой, уӕд нӕ хабар стыр бӕллӕхмӕ цӕуы. Уый тыххӕй сын, се ’ппӕтӕн дӕр, хъӕуы стыр бузныджы ныхӕстӕ схӕлар кӕнын, ӕмӕ сын ӕй нӕ бахӕлӕг кӕндзынӕн.

Нал дзурӕм иронау ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл. Цавӕрдӕр хъӕууист ныха-сыздӕхтыл фӕцайдагъ уӕвгӕйӕ, не ’взагӕй арвистон аразӕм, не ’рвылбонон царды ӕмӕ ӕндӕр бахъуыды рӕстӕджы дӕр бирӕбӕрцӕй пайда кӕнӕм цъӕхснаг суржик ӕвзагӕй. Уый уал иу мӕт.

Мӕ бон зӕгъын нӕу ӕмӕ ме ’скъолайы рӕстӕджы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ ахуыр кӕнынмӕ уӕлдай хъусдард здӕхт цыдис, кӕнӕ ацы предметтӕ нӕ фӕлтӕрмӕ уӕлдай цымыдисдзинад ӕвзӕрын кодтой. Стыр хъыгагӕн, нӕ, фӕлӕ ныр, цы алӕвӕрдыл цӕуы ныхас, уый фӕлгӕтты гомгӕрцӕй ӕвдыст ӕрцыд, уавӕр ӕвзӕрырдӕм кӕй фӕцудыдта.

Ирон автортӕй, зӕгъгӕ, дӕ уарзондӕр фыссӕг кӕнӕ поэт чи у, куы бафӕрсынц респондентты, уӕд хистӕрӕй-кӕстӕрӕй, тыхамӕлттӕй иу ном сдзурын сфӕразынц. Хетӕгкаты Къоста, зӕгъгӕ. Ӕниу, уым диссагӕй ницы ис, иу мисхал ирон туг кӕй дадзинты тӕдзы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Къоста сӕ Хурты хур у. Фӕлӕ йӕ бирӕбӕрцӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ фӕкӕнӕм, уыцы дзуаппыты мидӕг, кӕцытӕ вӕййынц исты зӕгъыны адӕргӕй, мах кӕй дӕлдзиныг кӕнӕм ирон нацийы арф мидисджын ӕмӕ гуырахстджын культурон бынтӕ. Уымӕн ӕмӕ дыууынӕм ӕнус ирон литературӕйӕн цы нӕмттӕ раттын нӕ бахӕлӕг кодта, цы Хуссары, цы Цӕгаты, уыдон сфӕлдыстадӕн сӕрибарӕй абарӕн ис дунейы литературон фонды иууыл ирддӕр нӕмттимӕ.

Ӕмӕ сӕ иу респондентӕй дӕр уӕдӕ цӕуылнӕ рантыст ахӕм дзуапп, зӕгъгӕ, мӕ уарзондӕр фыссӕг у, дӕнцӕгӕн, Агънаты Гӕстӕн, мӕ уарзондӕр поэт Козаты Исидор ӕмӕ а. д. Бирӕ сты уыдон, кӕцытӕн бантыстис ӕмӕ ӕнтысы ныры онг дӕр национ удварны эстетикон цырагъ цӕмӕй ма бамынӕг уа, уыцы фӕрнджын ӕмӕ ахадгӕ хъуыддаг. Цы у уӕдӕ йӕ аххосаг нӕ куыдфӕндыйы ахастӕн нӕ мадӕлон ӕвзагмӕ? Скъола, сабидон, ӕхсӕнад, бинонтӕ, ӕви не ’взӕрмӕбӕлджыты сусӕг пълан, кӕцыйӕн, куыд уынӕм, афтӕ, ӕнтысы махӕн не ’ппӕтӕн дӕр нӕ дадзинтӕй, цавӕрдӕр ӕмвӕзадыл, нӕ культурон код кӕй фӕхонӕм, уый фӕиппӕрд кӕнын? Алчидӕр нӕ хӕсджын у ацы фарстайыл сдзуапп кӕнын, йӕ рӕдыдыл басӕттын ӕмӕ йӕ рараст кӕныныл бацархайын, цӕмӕй нӕ сомбон, кӕцы ӕнгом баст у ӕнӕцӕстуынгӕ тӕгтӕй, фыццаджыдӕр, не ’взагимӕ, ирон адӕмы знӕгты амӕттаг ма фӕуа.

Уымӕн ӕмӕ, Козаты Исидор цӕйау фыста: «Зӕххыл куы нӕ цӕриккой Ир, уӕд дуне уаид къахыр».

ПЛИТЫ Георги