Ирон æвзаг скъолаты

Фæстаг азты Ирыстоны скъолатæ фылдæр аздæхтысты мадæлон æвзаджы æрдæм. Фæзындысты ног ахуыргæнæн чингуытæ, кусæн тетрæдтæ, аудио æмæ видеоæрмæджытæ, зарджыты æмбырдгæндтæ, мультипликацион кинонывтæ ирон æвзагыл. Уыдон иууылдæр ахъаз сты ирон сывæллæттæн сæ мадæлон æвзагмæ тырнындзинад æмæ уарзондзинад рæзын кæнынæн.

Алы дуджы дæр, уæлдайдæр та абоны боны, скъолайæн ис стыр ахадындзинад скъоладзауты дарддæры ахуырадæн, уымæн æмæ ам æвæрынц бындур сабиты алывæрсыг рæзтæн: сæ зонындзинæдтæн, сæ хъуыдыкæнынадæн, сæ хъомыладæн, сæ фидæны равзæрст дæсныйæдтæн. Скъола разæнгард кæны ахуырмæ, æхсæнадæн пайдайаг фæллоймæ, рæзын сæм кæны уарзондзинад Фыдыбæстæ æмæ йæ диссаджы рæсугъд æрдзмæ, нæ адæммæ, æвзаг æмæ культурæмæ. Æмбарын сын кæны æмæ амоны удварны хæзнатæ: рæстдзинад, лæгдзинад æмæ ирондзинадмæ.

Мах, Хуссар Иры ныййарджытæ,  стыр бузныг стæм нæ ахуыргæнджытæй, хурау нын кæй тавынц нæ рæзгæ фæлтæры, сæ сомбоны цардвæндагыл сæ зонды бæрзæндтæм кæй разæнгард кæнынц, сæ зонындзинæдтæ сын кæй не ‘вгъау кæнынц, уый тыххæй. Иууыл æхсызгон та нын уый у, æмæ газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл мыхуыр кæй цæуынц се ‘мдзæвгæтæ æмæ чысыл радзырдтæ. Уымæй нын нæ зæрдæты гуырын кæнынц фылдæр уарзондзинад нæ адæмон газетмæ, нæ мадæлон æвзагмæ. Сывæллæтты разæнгард кæнынц сæ хъарутæ сфæлдыстадон куыстмæ фæлварыныл.

Ахуыр æмæ хъомыладон куыст кæрæдзийыл баст сты. Скъола ахуыргæнинæгтæн сæ кармæ гæсгæ дæтты хъæугæ зонындзинæдтæ, хъомыл сæ кæны адæймаджы хуыздæр миниуджытыл, цæттæ сæ кæны фидæны цардмæ.

Мадæлон æвзаг æргом кæны национ культурæйы бындур, йæ адæмы миддуне, истори, рагфыдæлты царды сусæгдзинæдтæ. Æмæ уынæм, цы фæфыссынц, цы фæдзурынц нæ ахуырдзаутæ ирон æвзагыл нæ уарзон Ирыстоны бæрæгбонты. Бирæ цымыдисаг мадзæлттæ, равдыстытæ, конкурстæ арæзт æрцæуы ахæм бонты. Скъоладзаутæ радзурынц, сæ уарзон горæт куыд бирæ уарзынц, куыд сæ фæнды базонын йæ равзæрд, йæ райрæзты истори; куыд сæрыстыр сты йæ æрдхæрæны куырыхон, зындгонд, номдзыд, разагъды хъæбултæй. Абоны ахуырдзауты дæр фæнды фидæны аккаг кæстæртæ суæвын, цæмæй йын йæ кад æмæ йæ намыс дарддæр хæццæ кæной сомбоны фæлтæртæм, æмæ горæт цæра, рæза, тæмæнтæ кала æнустæм.

Хъыгагæн, ныййарджытæй чидæртæ мадæлон æвзагыл сæ къух систой, сæ сабиты ирон къордтæй ракæнынц, ирон æвзаг дыккаг кæмæн у (иронау чи нæ зоны), уыцы къордтæм. Сæ ныхас карз æмæ æлгъаг у: «Кæм нæ бахъæудзæн ирон æвзаг?». Ахæм ныййарджытæ сæхиуыл худинаджы ном æвæрынц. Алчи дæр хъуамæ зона царды æцæгдзинад: йæхи чи нæ уарзы, уый никæй уарзы, йæхи чи нæ зоны, уый никæй зоны. Ирон лæг хъуамæ баззайа иронæй. Не ‘взаджы хъысмæт аразгæ у не ‘ппæтæй дæр, æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм.

Нæ рухс дзæнæты бадинаг хистæртæ дзырдтой сæрыстырæй: «Æгъдау, æфсарм æмæ мадæлон æвзаджы бардуæгтæ сты бинонтæ, ахуыргæнæг, скъола æмæ чи-ныг». Мадæлон æвзаг сабитæн амоны фыдæлтыккон хæрзæгъдæуттæ, сæ сусæг æвæрæнтæ, æмæ уыдон та раргомгæнæн ис сабиты ныййарджытæ, скъола æмæ ах-уыргæнджыты ‘хсæн иумæйаг зондахастæй.

ДРИАТЫ Лейла

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.