Нары, Къостайы райгуырæн хæдзары, райдыдтой реставрацион куыстытæ.

Ивгъуыд æнусы 30-æм азты поэты уæзæг фыццаг хатт цалцæг кæнынмæ бавнæлдта инженер – рухстауæг, æхсæнадон архайæг Гаглойты Рутен. Къостайы хæдзар æдзæллаг уавæры куы федта, уæд йæхицæн æнцой нал ардта. Хуссар Ирыстонæй фæласта æрмæджытæ æмæ базылдис Хетæгкаты Леуаны хæдзармæ.

Фæлæ азтæ цыдысты, æмæ та хæдзар фæцудыдта. Дыккаг хатт дзы реставрацион куыстытæ цыдысты 1979 азы, драматург Хуыбецты Раяйы хъæппæрисæй.

Фæлæ æнусон дур дæр нæу. Æмæ та 2009 азы, поэты райгуырдыл 150 азы куы æххæст кодта, уæд нæ республикæйы культурæйы министр Хæбæлаты Фатимæйы хъæппæрисæй музей бындурон цалцæггонд æрцыд. Ногæй самадтой къæдзæхдурæй йæ фæрстæ, бамбæрзтой йын йæ сæр, базылдысты агъуыстытæм. Æнæивдæй ныууагътой æрмæст, Къоста кæм райгуырд, уыцы къуым.

Иуæндæс азы рацыд, æмæ та Къостайы хæдзар-музей тæссаг уавæрмæ æрцыд.

Фирмæ “Скиф-Ос РСК”, (йæ генералон директор Петр Павлов) уыцы уавæр аиуварс кæныны охыл бавнæлдта егъау реставрацион куыстытæм. Ныртæккæ кусджытæ æвæллайгæйæ архайынц, цалынмæ боныхъæд нæ фехæлд, уæдмæ музейы æддаг куыс-тытæ бакæныныл. Бригадир Джиоты Бата нын куыд радзырдта, афтæмæй уал, фыццаджыдæр, хæдзар цы къæдзæхы фахсыл лæууы, уый фæрстæ сфидар кæнын хъæуы.

– Къæдзæхы фæхстæ згъæлынц. Дымгæ æмæ къæвдатæ сæ хæргæ цæуынц. Æмæ хæдзар дæлвæзмæ куы ныххауа, уымæй тынг тæссаг у. Архайæм уал уыцы былтæ æмæ фæхстæ бетон æмæ æфсæйнаг æрмæгæй ныффидар кæныныл. Баивдзыстæм хæдзары сæр дæр. Уый фæстæ йæм бауадздзыстæм дон, сараздзыстæм дзы хъармгæнæн системæ, рухсытæ. Уыимæ ма бацархайдзыстæм, цæмæй хæлд ма ‘рцæуа агъуыстытæн сæ рагон-историон хуыз, – загъта Джиоты Бата.

Реставрацион куыстытæ цæуынц дыууæ мæйы. Зæрдиагæй дзы чи фыдæбон кæны, уыдонæй иу у Хуыгаты Алан. Хуры судзгæ тынтæй дæр нæ фæлмæцы, афтæмæй лæгуæрдонæй хуыр ласы арæзтадон фæзмæ. Бырон калы æккойуаргъæй, уымæн æмæ уырдæм техникæ бакæнæн нæй.

Къостайы райгуырды 165 азы бон Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæ бацæудзысты цалцæггонд музейы ног бæстыхаймæ.

САУТÆТЫ Тамилæ,

«Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.