Хъæздыг æмæ бæркадджын у ирон æвзаг, аив у йæ зæлынад. Йæ ахадындзинад æмæ хъæздыгдзинад, стæй рагон æвзæгты къордмæ кæй хауы, уымæн æм аздæхтой сæ хъусдард суанг ма фæсарæйнаг ахуыргæндтæ дæр. Историкон-этимологион æмæ Æмбарынгæнæн дзырдуæттæ алкæцы æвзагæн нæй, уыдон сты нæ нæртон æвзагæн  æмæ æрмæст уыдонæй  дæр бæрæг у йæ хъæздыгдзинад. Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста йæ диссаджы «Ирон фæндыр» снывæзта нæ мадæлон æвзагыл, сæ хæдбындур поэтикон æмæ прозаикон уацмыстæй фæхъæздыг кодтой æмæ кæнынц абоны бон дæр нæ фысджытæ. Афтæ æмæ нæ адæмæн ис, буц æмæ сæрыстыр кæмæй хъуамæ уой, æндæр адæмты хуыздæр сфæлдыстадон уацмысты фарсмæ кæй æрæвæрæм, ахæм хæрзгъæд аивадон уацмыстæ.

Цæмæй не ‘взаджы рæзтмæ ноджы тынгдæр нæ хъусдард здахæм, кæддæриддæр ын хъахъ-хъæнæм йæ сыгъдæгдзинад, уый тыххæй Ирон æвзаджы бон нысан кæнын райдыдтам 2003 азæй фæстæмæ 15 майы. Кæй зæгъын æй хъæуы, саби мадæдон æвзаджы ад банкъары бинонты ‘хсæн. Уый хорз æмæ раппæлыны аккаг цæвиттон у махæй алкæмæн дæр. Фæлæ æвзаджы ахадындзинад æмæ рæзтыл кæстæр тынгдæр фæцалх вæййы мадæлон æвзаджы ахуыргæнæджы иузæрдион æмæ æдзухон куысты руаджы. Растдæр уый арæхстджын æмæ æнувыд фæллойы фæрцы ахуырдзаумæ тынгдæр фæзыны йе ‘взаджы адæнкъарынад æмæ æгæрон уарзт. Афтæ у уавæр Цхинвалы районы иумиагахуырадон уагдæтты дæр, цыран ахуыргæнджытæ нæ ауæрдынц сæ тыхтыл æмæ æппæт сæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй амонынц  сомбоны цардаразджытæн.

Районы адæмон ахуырады хайады ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Цъæхилты Светланæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы кадджын бæрæгбон банысан кæнынц æппæт скъолатæ дæр. Афтæ уыдзæн ацы аз дæр.

– Нæ зæрды уыд, цæмæй алы скъола дæр йæ ахуыргæнинæгтимæ æрбамбырд уыдаиккой æмæ йæ ауагътаиккам ахуырады хайады æмбырдгæнæн залы, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ афтæ нæ рауад. Уымæ гæсгæ бахæс кодтам нæ ахуыргæнджытæн, цæмæй йæ алчи дæр банысан кæна æмæ ауадза бынаты. Цъæхилты чызг хицæнтæй æрдзырдта ахуыргæнджыты архайдыл ацы бæрæгбоны тыххæй. Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Плиты Заирæ æмæ Хъуылымбегты Маринæ алы аз дæр бæрæгбонон мадзалмæ сæ ахуыргæнинæгты бацæттæ кæнынц зæрдиагæй, равзарынц ирон поэтты æмдзæвгæтæ æмæ æххæст цæттæйæ равдисынц се ‘взыгъддзинад. Уымæй дарддæр ма бацæттæ кæнынц хъæлдзæг скетчтæ æмæ сæ ралæудæй бахъæлдзæг кæнынц аивадуарзджыты зæрдæтæ. Кафты аивадмæ æвзыгъддæр чи у, уыдон дæр равдисдзысты сæ арæхстдзинад, стæй ма айзæлдзысты зарджытæ дæр.

Хорз арæхстдзинадимæ ралæууынц Дменисы астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ дæр æмæ афтæ уыдзæн ныр дæр. Уым та ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй кусынц Дудайты Земæ, Къусраты Анжелæ æмæ Лолоты Циалæ. Ацы ахуыргæнæн уагдоны дæр мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ æмхуызонæй зæрдиагæй бакусынц алы ахуыргæнинагимæ дæр æмæ бæрæгбонон мадзал рауайы хъæздыг æмæ цымыдисон. Мадзал бацæттæ кæнын æмæ ауадзыныл хорз бакусынц Сатихъары скъолайы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Зинæ æмæ Чысиаты Иринæ, стæй ма Зар, Арцеу, Гром, Тъбет æмæ Бихъары скъолаты ахуыргæнджытæ дæр. Уымæй дарддæр ма Дменис æмæ Къостайыхъæуы скъолаты уагъд æрцæудзæн Ирон æвзаджы къуыри. Бæрæгбон банысан кæндзысты кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.