РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадт радон хатт уагъд не ‘рцыд, кворум кæй нæ фаг кодта, уый аххосæй. Рабадтмæ хаст æрцыд РХИ-йы Президенты бавдыстмæ гæсгæ РХИ-йы Хицауады Сæрдары бынатмæ Бекъойты Геннадийы снысан кæныны тыххæй фарст.

Парламенты спикер Тадтаты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй æрмæстдæр дыууæ комитетæн ссис сæ бон сæ хатдзæгтæ радтын РХИ-йы Хицауады Сæрдары бынатмæ Бекъойты Генндийы снысан кæныны тыххæй, кæцыйы кандидатурæйы бавдыста республикæйы Президент.

«Абоны бонмæ Президенты бавдыст кандидатурæйы фæдыл махмæ ис æрмæстдæр дыууæ комитеты хатдзæджы: бюджет æмæ хъалонты фæдыл æмæ фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитетты. Иннæ комитетты рабадтытæ уагъд не ‘рцыдысты, кворум сын кæй нæ уыд, уый аххосæй æмæ уый фæстиуæгæн сæ бон не ссис сæ хатдзæгтæ радтын», – загъта Тадтайы фырт.

Спикер банысан кодта, зæгъгæ, комитетты рабадтытæ уагъд не ‘рцыдысты, хицæн депутаттæ Парламенты куыст кæй саботаж кæнынц, уый аххосæй. Уымæй дарддæр ма загъта, зæгъгæ, президиумы рабадтæн уадзæн нæй кворум кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ.

Закъондæттынадон органы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, регламентмæ гæсгæ Парламенты Сæрдар хæсджын у Президенты бавдыстæн дзуапп радтын æмæ паддзахады сæргълæууæджы адресыл фыстæг кæй арвитдзæн, премьер-министры бынатмæ Бекъойты Геннадийы кандидатурæмæ цæуылнæ æркастæуыд, уый тыххæй.

Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр дæр банысан кодта, зæгъгæ, Хицауады Сæрдары бынатмæ Президенты бавдыст кандидатурæйæн сæ хатдзæгтæ хъуамæ радтаиккой парламентон комитеттæ иууылдæр.

«Ацы процедурæ домы бæрæг архайдтытæ, фыццаг рады æппæт комитеттæ дæр хъуамæ радтой сæ хатдзæгтæ æмæ сæ бавдисой президиуммæ. Фæлæ депутатты иу хай парламенты куыст кæй байкот кæнынц, уый хынцгæйæ, комитетты рабадтытæ уагъд не ‘рцыдысты æмæ уый фæстиуæгæн сæ хатдзæгтæ дæр президиуммæ нæ бавдыстой. Уымæ гæсгæ мах бахъæудзæн не сразы уæвын Хицауады Сæрдары бынатмæ Бекъойты Геннадийы снысан кæныны тыххæй Президенты фæндоныл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.