Адæймагæн зынаргъ чи у, æрмæст йæ ном зæгъынæй дæр цæсгом цæмæй ныррухс вæййы, зæрдæйы цины æнкъарæнтæ кæй тыххæй анхъæвзынц, фæллойы уæлахизтæ басæттынмæ йæ чи разæнгард кæны, уыцы ном нын уæлдай зынаргъдæр вæййы. Дзургæ дæр æй уымæн фæкæнæм уæлдай хъæлдзæгдæр æмæ уарзæгой зæрдæйы уагимæ. Ахæм у Хуссар Ирыстоны сабырцæрæг адæмæн сæ Республикæйы ном. Фæлæ поэты загъдау:

«Иунæгæй цæрын æгад у,

Дзыллæ уæд дæ фæстæ».

Гъе, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоныл зæрдийæ чи цин кæны, йæ алы æнтыстыл дæр зæрдæхъæлдзæгæй чи сæмбæлы, зын рæстæджы йæ уæлхъус чи æрбалæууы, æфсымæры къух æм чи фæдары, уыдон сты йе ‘мцæдисонтæ. Уыдонæн дæр аргъ æмæ цыт кæнын зонынц нæ адæм.

Республикæйы боны хæдразмæ фембæлдтæн цалдæр адæймагимæ æмæ нын равдыстой сæ цины æнкъарæнтæ.

Цхинвалы районы Культурæйы управленийы Культурæйы хæдзары директор Тыбылты Земæ:

–  Нæ управленийы куыст у раппæлинаг æмæ уым ис нæ кусджыты хайбавæрд, алчи дæр сæ йæ куыстмæ цæсгомджын æмæ нысанмæздæхт ахаст кæй здахы, уый фæрцы нын ис æнтыстытæ. Фæлæ банысан кæнын хъæуы, мах цыфæнды хорз куыст кæнæм, уæддæр нæ республикæйы æрдыгæй куынæ уа æмбæлон хъусдард æмæ æххуыс, уæд нæхицæн иунæгæй зын уаид. Алы аз дæр нæ цæрджытæн фæуадзæм мидисджын культурон мадзæлттæ. Хъыгагæн, нæ куыст цасдæрбæрцæй бакъуылымпы ацы æнæхайыры коронавирусы аххосæй. Фæлæ ныр уавæр цасдæрбæрцæй фæхуыздæр æмæ нæ Управленийы хистæр Гаглойты Ростик йæ коллективæн бахæс кодта, цæмæй нæ куыст сисæм йæ раздæры æмвæзадмæ. Уыцы ахсджиаг хæс æмбаргæйæ нæ алчи дæр тырны районы цæрджыты ‘хсæн культурон-рухсадон куыст рапарахат кæнынмæ. Уæлдæр æй загътон, иунæгæй нын тынг зын уаид, не ‘нцой куынæ лæууиккой æмбæлон органтæ, уæд. Амæйразмæ райстам инвентарь, стæй кафæн дарæс, музыкалон инструменттæй дæр стæм ифтонг. Нæ куыстуарзаг коллектив разы у йæ куыст æмæ архайдæй, фæлæ ууыл не ‘рлæудзыстæм æмæ нæ район æмæ уымæн æддейæ цæуæг  æмбæстæгты дæр хайджын кæндзыстæм культурæйы хæрзиуджытæй.

Ацы районы адæмон ахуырады хайады методкабинеты хистæр Шахпаронов Алик:

– Республикæ Хуссар Ирыстон йæ фидæнмæ кæсы ныфсджынæй æмæ размæ кæны уæндон къахдзæфтæ. Бирæ цыдæртæ нæм сырæзт нæ адæмы хæрзиуæгæн æмæ дарддæр дæр фылдæр цыдæртæ фæивдзæн хорзæрдæм адæмон хæдзарады алы къабæзты. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæ йæ сырæзты фыццаг бонты æвзæрста зындзинæдтæ, æдзухон æхстытæ, æнæаххос адæймæгты мæлæт  æмæ æндæр ахæм æвирхъау цаутæн кæрон дæр нæ уыд. Фæлæ иууыл æбуалгъдæр æмæ фыдæвзарæнтæ уыдысты 2008-æм азы августы хæсты бонтæ, уæд нæ сабыруарзаг цæрджытæ цы тухитæ бавзæрстой, уыдон никуы сæфтдзысты нæ мысынадæй. Гуырдзыстонæн йæ сæйраг нысан уыд Хуссар Ирыстоны зæххæй йæ адæмы асæрибар кæнын, фæлæ йын уыцы фæнд нæ сæххæст. Нæ хъæбатыр лæппутæ Стыр Уæрæсейы æфсымæрон æххуысы фæрцы знагæн радтой аккаг ныхкъуырд æмæ нæ республикæ æрлæууыд йæ ног цард аразыны фæндагыл.

Уазджытæ нæм куы æрцæуы, уæд тынг фæцин кæнынц нæ размæцыдыл. Зæгъæм, нæ горæт тынг фæивта, йæ цæрджыты цардуагон уавæртæ дзæвгар фæхуыздæр сты. Сырæзт нæм ног, нырыккон театры агъуыст, уазæгдон «Ирыстон», университет, цæрæн хæдзæрттæ. Зæгъын хъæуы, æрмæст уыдоныл кæй не ‘рлæудзысты аразджытæ æмæ нын ноджыдæр нæ зæрдæтæ кæй барухс кæндзысты бирæ арæзтæдтæй. Зæрдиагæй арфæ кæнын мæ иубæстон адæмæн Республикæйы кадджын бæрæгбоны цытæн æмæ йыл кæддæриддæр æмбæлæнт хорз зæрдæйы уагимæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.