14 февралы милицийы сæрмагонд нысаны къорды кусджытæ банысан кодтой сæ бæрæгбон – 31 азы рацыд йæ сырæзты бонæй. Цытджын мадзал уагъд æрцыд ОМОН-ы актон залы. Ардæм арфæтæ ракæнынмæ фæуазæг сты бæстæйы президент Гаглойты Алан, Хицауады æмæ Парламенты уæнгтæ, тыхон структурæйы минæвæрттæ, спецкъорды ветерантæ æмæ рæнхъон сконд.

Мадзал йæ раныхасæй æрбайгом кодта мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валери, кæцы банысан кодта, зæгъгæ ОМОН-ы сырæзт уыд дуджы домæн, æмæ йæ кусджытæ та ссисты ирон адæмы хъахъхъæнджытæ.

Нæ республикæйы рæбинаг цæджындз: ОМОН-ы сырæзтыл сæххæст 31 азы

«Фыццаджыдæр мæ раарфæ кæнын фæнды ОМОН-ы рæнхъыты чи, лæггад кодта, æмæ кæны, уыдонæн. ОМОН-ы бæрæгбонимæ мæ раарфæ кæнын фæнды ирон адæмæн дæр, уымæн æмæ ацы спецкъордæй сæрыстыр сты, кæддæриддæр сæ фарсмæ вæййынц. Ӕз ма сæрыстыр дæн нæ Парламенты фыццаг æрсидты депутаттæй, кæцытæ, уавæр бахынцгæйæ, бамбæрстой, Ирыстон куынæгмæ кæй цæуы, æмæ расидтысты хæдбардзинад. Уыцы рæстæджы не хсæнады фæзынд аккаг гоймаг – Гæззаты Вадим Герсаны фырт. Уый иттæг хорз æмбæрста гуырдзиаг фашистты фæндтæ, æмæ йæхимæ райста спецкъорд саразыны хæс. Депутаттæ республикæйы хæдбардзинады бындур æрæвæрдтой, ОМОН та ссис йæ рæбинаг цæджындз. Гæззаты Вадим фæстæдæр фæмард фыдгæнджыты къухтæй, фæлæ йæ хъуыддаг абоны бон дæр цæры. Йæ тырыса йын йæ фæстæ райста Сиукъаты Таймураз, кæцы ОМОН-ы кад дæлдæр не ‘руагъта. Абоны бон фидарæй зæгъæн ис, ОМОН-ы командиртæ иууылдæр егъау хайбавæрд кæй бахастой Ирыстоны райрæзтмæ, рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ. Фæлæ, дæ адæмæн лæггад кæнгæйæ, дæ къухмæ æхсæнгарз куы райсай, уæд фыдбылыз æмхиц вæййы. ОМОН-ы рæнхъытæй дзæвгарæй фæхъуыдысты сæ службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ æмæ сæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ, æмæ сын сæ ном ссарæм иу уысм æдзæмæй алæугæйæ», – загъта Гæззаты Валери.

ОМОН-æн æрæджы снысан кодтой ног командир – милицийы булкъон Тедеты Иналы, æмæ ведомствойы сæргълæууæг банысан кодта, ныфс мæ ис, спецкъорды традицитæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты.

«Сабыр дуджы æнцондæр у цæрын дæр æмæ кусын дæр, æмæ мæ уырны, ОМОН-ы къухдариуæгад æппынæдзух кæй архайдзæнис рæнхъон сконды иумæйаг æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл. Республикæйы къухдариуæгад, Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрад æмæ нæхæдæг дæр  алы хъуыддаджы дæр уæ фарсмæ уыдзыстæм», – загъта кæронбæттæны мидхъуыддæгты министр.

Бæстæйы президент дæр йæ раныхасы фæнысан кодта, ОМОН кæй ссис нæ республикæйы цæрджыты бартæ хъахъхъæнæг, паддзахадон системæйы фæткæвæрæг.

«Уæззау æхсæнадон-политикон уавæрты сырæзтысты паддзахадон структурæтæ æмæ нæм ОМОН-ы фæрцы уыдис фæтк, хъахъхъæд цыдысты закъæттæ. Уымæй уæлдай ма егъау хайбавæрд бахастой гуырдзиаг фашистты фæсурыны хъуыддагмæ дæр 1990-æм азтæй суанг 2008 азмæ. Фæхицæн кæнын мæ фæнды спецкъорды ветеранты, кæцытæ се взонг бонтæ арвыстой Ирыстон хъахъхъæнгæйæ, сæ уæхсджытыл уыдис уæззау уаргъ, фæлæ сфæрæзтой. Уымæй уæлдай ма схъомыл кодтой ноджы аккаг фæлтæр дæр æмæ уыдон абон дарддæр рухс фидæнмæ ахæсдзысты къорды тырыса. ОМОН-ы æрыгон кусджытæ сты цæвиттон нæ рæзгæ фæлтæрæн, дæлæмæ нæ уадзынц спецкъорды кад. Фидарæй мæ уырны, фидæны дæр ОМОН-ы рæнхъытæм кæй тырндзысты фæсивæд. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй дзы кусат æнæ фыдбылызæй, зæрдæрухсæй æмæ уæ адæмы хорзæх уæд», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Гæззаты Валери ОМОН-ы сырæзты боны цытæн Гаглойты Аланы схорзæхджын кодта «30 лет ОМОН МВД РЮО»-йы майданæй.

Сæ хæстæ иттæг хорз кæй æххæст кæнынц æмæ ма ОМОН-ы сырæзтыл дæр 31 азы кæй сæххæст, уый фæдыл схорзæхджын кодой цалдæр аккаг кусæджы. Милицийы булкъон Къобесты Русланæн лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном.

Кадджын церемони фæуыны фæстæ Гаглойты Алан, Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад æмæ Къорды кусджытæ веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой ОМОН-ы фæмардуæвæг кусджыты цыртыты раз Тъбеты хъæуы æмæ ТЭК-ы, бабæрæг ма кодтой ОМОН-ы бындурæвæрæг æмæ фыццаг командир Гæззаты Вадимы ингæн дæр.

               ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.