Йæ бонтæ фæуд кæнынц фæззæгæн æмæ рæхджы æрбалæудзæн зымæг. Тæхаг мæргътæй иутæ сæ фæндаг акæнынц хъарм бæстæм, æндæртæ та баззайынц ам æмæ немæ сæ зымæг фервитынц. Зымæг уыдонæн хæлц ссарын фæзын вæййы æмæ сæ бахъæуы адæймаджы æххуыс. Уый тынгдæр фенкъарынц сывæллæттæ æмæ бацархайынц, сæ бон цæмæй у, уымæй сын баххуыс кæныныл. Ацы хъуыддагмæ уæлдай хъусдард аздахынц 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Ныр дæр та фæллойы урокыл мæргътæн аразынц чысыл хæдзæрттæ æмæ сæ ауындзынц бæлæстыл, цæмæй дзы сæ хицæуттæ æрбынат кæной. Уыимæ ма сын уыдон ам сæвæрынц хæринæгтæ дæр. Тæхгæ мæргътæ хъæууон хæдзарадæн цы æххуыс сты, стæй хицæн тæхгæ мæргътæ цахæм миниуджытæй хайджын сты уыдæтты тыххæй сын арæх радзуры биологийы ахуыргæнæг Гæбæраты Екатеринæ. Бамбарын сын кæны æрвылбон дæр уыдон кæй хæрынц æмæ куынæг кæнынц æрдзæн, нæ хъæууон хæдзарадæн стыр зиан чи хæссы, ахæм алыгъуызон лыстæг уырынгонты, хъæндилты бындзыты, дзынгаты. Зæгъæм нæзыцъиу боны дæргъы бахæры алыгъуызон хъæндилтæ æмæ уырынгонты йæхи уæзæй фылдæр. Ацы хъуыдддаджы йæ æййафы зæрватыкк дæр. Мæргътæ канд бирæ пайда нæ хæссынц хъæууон хæдзарадæн, фæлæ ма сты рæсугъд æмæ зарынмæ иттæг дæсны. Уыдонмæ хъусгæйæ адæймагæн йе уæнгтæ фæрогдæр вæййынц, зæрдæ цавæрдæр рæсугъд æнкъарæнтæй байдзаг вæййы.
Уыдонæн ма сæ фылдæрмæ ис бирæ æрдзон миниуджытæ дæр. Лæмбынæг сæм дæ хъус куы æрдарай, уæд дын, уый феххуыс уыдзæнис боныгъæд базонынæн. Зæгъæм сауцъиу райсомæй кæнæ изæрæй куы зара, уæд уый нысан кæны хорз бон кæй уыдзæн. Афтæ у хæрдмæдзу цъиуы хъуыддаг дæр. Уый бонрæфты хæрдмæ куы тæха, уæд уый дæр хорз боны нысан у. Зæрватыччытæ кæд бæрзæндты тæхой уæд æнхъæлмæ кæсын хъæуы их кæнæ тæрккъæвдамæ. Кæд æмæ ныллæджыты, зæхмæ æввахс тæхой, уæд та хур бон кæндзæнис. Чысыл тæхгæ цъиутæн рагæй фæстæмæ дæр иууыл стырдæр знæгтæ сты цъиусур, хъæрццыгъа æмæ цæргæс. Ацы тугдзых мæргътæ афтæ сцъус сты æмæ сын марыны бар дæр нал ис. Фæлæ уый хыгъд сарæх ис дзæгъындзæг. Ацы тугдзых сырд лыстæг цъиутæн стыр зиан æрхæссы къуырттуадзыны афон. Зилы сын сæ ахстæттыл, давы сын сæ лæппынты. Хæры сæ йæхæдæг æмæ сæ хæрын кæны йæ лæппынтæн дæр. Давы хæдзарон карчы цъиутæ дæр. Ацы тугдзых маргъ дæр зианæй дарддæр пайда ницы хæссы. Æппæт уыдæтты тыххæй ахуыргæнинæгтæн радзуры Гæбæраты Екатеринæ æмæ сæм уымæй æвзæрын кæны ахæм æнкъарæнтæ, цæмæй аудой, адæймагæн пайда чи сты, уыцы тæхгæ мæргътыл.
Скъолайы чи архайы æмæ Гæбæраты Екатеринæ кæмæн разамынд кæны, уыцы клуб «Æнæниз фæлтæр»-ы уæнгтæ нæ экологи бахъахъхъæныны тыххæй арæх ауадзынц алыгъуызон акцитæ.
Хорз уаид, ацы бафæзминаг хъæппæрис куы бафæзмиккой иннæ скъолаты ахуыргæнинæгтæ дæр.
БЕСТАУТЫ Валя