Курдиатджын фыссæг, æхсæнадон архайæг Хъазиты Мелитон иу мæйы размæ госпитализаци æрцыд Беслæны Цæгат Кавказы бирæпрофилон медицинон центрмæ. Уымæн ныридæгæн сарæзтой æртæ вазыгджын операцийы.

Йæ цардæмбал Тототы Ленæйы ныхæстæм гæсгæ Хъазийы фыртæн йæ зæрдæимæ проблемæтæ рагæй ис. «Йæ зæрдæйæ кæй хъæрзы, уымæ гæсгæ Мелитонæн йæ къæхтæ рæсыдысты, кæцыйы фæстиуæгæн йæ къахыл фæзынд хъæдгом æмæ йын дæргъвæтин рæстæджы дæргъы нал гас кодта. Кæд йæхи нæ фæндыд Беслæны рынчындоны схуыссын, уæддæр æй мах, йæ бинонтæ нал ныууагътам æмæ йæ акодтам уырдæм. Нырма уал ын сопераци кодтой йæ къахыл æмæ цалдæр боны фæстæ та йæ зæрдæйыл – раивтой йын йæ тугдадзинтæ. Дыууæ къуырийы фæстæ йæ хъуамæ рафыстаиккой рынчындонæй, фæлæ та йæхи æвзæр банкъардта. Сарæзтой йын зæрдæйы УЗИ æмæ сбæрæг кодтой, зæрдæ æмæ рæуджыты ‘хсæн тæнгъæд кæй æртымбыл ис, уый. Уымæ гæсгæ йын бахъуыд дыккаг операци саразын. Цалдæр боны фæхуыссыд реанимацион хайады, уый фæстæ йæ ракодтой палатæмæ. Нырма кæд йæхи лæмæгъ хаты, уæддæр дохтыртæ ныфс æвæрынц,  тагъд кæй сæнæниз уыдзæн æмæ æввахс бонты йæ хæдзарыл дзæбæхæй кæй сæмбæлдзæн, уымæй.

Абон Хъазиты Мелитон у Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар, афтæ ма у ХИПУ-йы ахуыргæнæг, лæвæрд ын æрцыд профессоры ном. У Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат.

Хъазийы фыртæн стыр кад кæнынц дыууæ Ирыстоны адæм. Мæнæ цы загътой йе ‘мсисонтæ  фыссæджы сфæлдыстады тыххæй. «Хорз адæймаг, курдиатджын фыссæг. Ахæм у Хъазиты Резойы фырт Мелитон. Райгуырд æмæ схъомыл Хуссар Ирыстоны иу рæсугъд хъæуы. Уæлдæр ахуырмæ та бацыд нæхи институтмæ, ныр университеты ном кæмæн ис, уырдæм. Уыдис тынг рæвдз студент. Фæстæдæр ссис институты ахуыргæнæг, фæци аспирантурæ фæсаууонмæ æмæ бахъахъхъæдта диссертаци, райста филолгон зонæдты кандидаты ном. Ныртæккæ кусы университеты дæр æмæ зонад-иртасæн институты дæр ирон литературæйы хайады. Мелитон мæнæй бирæ кæстæр у, фæлæ йæ зонгæ рагæй кæнын. Фыццаджыдæр – хорз кусæгæй, курдитатджын фыссæгæй æмæ æгъдауджын ирон адæймагæй. Куысты у цæвиттойнаг… Иумæ кусæм æмæ йæ куыстæй дæн тынг разы æмæ зæрдæрухс. Мелитоны курдиат нывæфтыд литературæйы арæхсы æппæтмæ – æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ фыссынмæ, литературон критикæ æмæ иртасæн куыстмæ, публицистикæ æмæ ирон æвзагмæ уацмыстæ ивынмæ, драмон уацмыстæ фæлдисынмæ. Иу дзырдæй, арæхсы æппæтмæ дæр.

Æмæ ма йæм ис ноджы иу ахсджиаг миниуæг – арæхстгай иу кæны иу организацийы Хуссар Ирыстоны фысджыты æмæ уыдон æмзиууонты Цæгат Ирыстоны. Иудзырдæй, Мелитон у æхсæны царды дæр курдиатджын архайæг. Нæ кæстæртыл æмбæлы уымæн йæ аивадон æмæ зонадон уацмыстæ зонын, уымæн йæ адæймаджы рæсугъд миниуджытыл æнувыд уæвын æрвылбоны хъуыддæгты æмæ æхсæнады царды». Нафи.

 Ходы Камал та фыссæджы тыххæй загъта: «…Мелитонмæ æз хæлæг кæнын… Мæнæ «белая зависть» кæй хонынц, афтæ йæм хæлæг кæнын, уыйбæрц хорз хъуыддæгтæ аразын æмæ йын æппынæдзух кусын кæй æнтысы, уый тыххæй…».

Сæ раздæры коллегæ, курдиатджын фыссæгæн газет «Хурзæрин»-ы коллективы æмæ йæ бирæ хæлæртты зæрдæ зæгъы, тагъд цы сæнæниз уа, уый. Бирæ нын фæцæр æмæ дæ диссаджы сфæлдыстадæй рухс кæн де сфæлдыстадæн та-бугæнджыты æмæ дæ уарзон адæмы зæрдæтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.