(Йæ амæлæтыл сæххæст иу афæдз)

«Æз мæ зæрдæ м’ армы дзыхъхъы дарын…»

Царды ахӕм ӕнӕмбаринаг фӕзындтӕ ис, ӕмӕ иуӕй-иу адӕймӕгтӕ искӕцы хъуыддаджы бӕрзонд куы схизынц, уӕд иннӕты хӕрзиуӕгӕн фыдӕбон кӕныны бӕсты сӕхи уды номыл фӕцӕрынц цӕргӕ-цӕрӕнбонты.

Хетӕгкаты Къостайы номыл преми, литературон преми «Нарты фӕткъуы» ӕмӕ ӕндӕр премиты лауреат, йӕ уацмысты ӕнӕхъӕн дуджы комулӕфт бынат кӕмӕн ссардта, уыцы поэт Хъодалаты Герсан ӕнӕмӕнг схызти поэзийы бӕрзӕндмӕ. Йе ʻмдзӕвгӕтӕй бирӕтӕ систы адӕмон зарджытӕ.

Бирӕ йын бантыст сфӕлдисын, йӕ сисы арӕхст схӕццӕ ис бӕрзонд дӕсныдзинады ӕмвӕзадмӕ. Йӕ уды хахнывау разындис поэзийы уаг, фӕтк ӕмӕ ӕгъдау, ӕмӕ ӕдзух ӕнхъӕлмӕ касти, чи разындзӕн йӕ фӕстӕ йӕхийау уды тӕмӕнӕй йемыдзаг, фыссӕн сисыл ӕнувыдӕй чи ныххӕцдзӕн ӕмӕ поэзийы хуымзӕхх ӕнауӕрдонӕй чи сфӕйлаудзӕн, чи дзы байтаудзӕн зӕрин дзырдтӕ, цӕмӕй ӕрхӕссой фӕрнджын тыллӕг. Уайдзӕфты бын-иу фӕкодта кӕсдӕр кары фысджытӕй зивӕггӕнгӕ чи цыд сфӕлдыстады фӕндагыл, уыдон. Æвæццæгæн йӕ уд ӕнцойӕнхъӕл агуырдта ирон аив дзырдӕн ӕйттмардзӕ фӕдисон, ӕнӕзивӕг зиууон, Ссардта йӕ ӕви нӕ, уый ничи зӕгъдзӕн, ничи зоны йӕ удӕнцойы хабар дӕр. Уыйхыгъд нын бӕстон раргом кодта йӕ уды сагъӕстӕ, йӕ дзуринӕгтӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ фыццаг аудинаг уыди йӕ Райгуырӕн бӕстӕ. Чизоны йӕ уды арфы уыцы аудинӕгтӕ фылдӕр уыдысты, фӕлӕ ис ахӕм сусӕггӕгтӕ, ӕттагон адӕймагӕн бавналын кӕмӕ не ʻмбӕлы, ӕмӕ уыдон кой нӕ кӕнын. Фӕлӕ мӕнӕ цы фыссы йе ʻмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд «Ӕвдудон»-ы:

Æвæццæгæн, æвдудон дæ, мæ Ир,

Æндæра ма сæрсæфæны къæсæрыл

Куыд сæндидзыс, куыд æфтауыс æфсир,

Куыд ма схæцыс æрвайдæнмæ дæ сæрыл!

Ацы диссаджы рӕнхъытӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Герсан, бирӕ ӕмгъуыды дӕргъы йӕ хъус фӕдардта йӕ Фыдыбӕстӕйы хъысмӕтмӕ, фӕстагмӕ нал бафӕрӕзта йӕ бирӕнымӕц зынтӕн, ӕмӕ йӕ риуӕй райхъуыст нӕлгоймаг-хъӕбулы хъӕрзын: «Ӕвӕццӕгӕн ӕвдудон дӕ…»

Йе ʻмдзӕвгӕтӕй бирӕтӕ систы адӕмон зарджытау. Уыдонӕй иу у мады тыххӕй цы ӕмдзӕвгӕ ныффыста, уый. Ацы ӕмдзӕвгӕ сси адӕмы уарзон, зӕрдӕмӕ лӕдӕрсӕг зарӕг-мысинаг. Уым дзырдӕуы: «Ӕз мӕ мӕгуыр мады мысын…» Ацы дзырд ӕцӕгӕлон нӕу, йӕ ныййарӕг мадӕй чи бавдӕлон ис, уыдонӕй иуӕн дӕр. Йе уымӕ гӕсгӕ фестадысты зарӕджы рӕнхъытӕ ӕмӕ ӕрзылдысты Иры кӕмтты ӕмӕ хӕхтыл. Зарынц ацы зарӕджы сидзӕр уды сагъӕс ӕнкъаргӕйӕ.

Мӕнӕ куыд фыссы ноджы йӕ иу ӕмдзӕвгӕйы Хъодалайы фырт:

«Æз мæ зæрдæ м’ армы дзыхъхъы дарын…»

Кӕд искӕцы адӕймагыл ӕууӕнк ис, уӕлдадйдӕр та зынгзӕрдӕ поэтыл, уӕд ацы ныхӕстӕ химӕ хоныны ныхӕстӕ сты. Авторӕн ӕргом у йӕ зӕрдӕ, цӕттӕ у алы адӕймагӕн дӕр балӕггад кӕнынмӕ. Бантысти поэтӕн уыцы лӕггад ӕви нӕ, уый фӕбӕрӕг ис дунейы стырдӕр хорзӕхты аккаг суӕвгӕйӕ. Кӕд исджи нӕ фехъуыста поэты разӕнгардгӕнӕг хъӕлӕс, уӕд уый тыххӕй та йӕхӕдӕг афтӕ фыссы:

«Фæлæ адæм расыг ысты, зарынц,

Нал хатынц сæ сæр æмæ сæ фад дæр…»

Уый та у алкӕцы сфӕлдыстадон кусӕджы стырдӕр мӕт. Хъӕр мӕрдтӕм дӕр хъуысы, фӕлӕ расыг адӕммӕ та, ӕвӕццӕгӕн, нӕ хъуысы. Афтӕ куынӕ уаид, уӕд Ирыстоны разагъта адӕймӕгтӕй сӕ иу уыди Хъодалаты Герсан, ӕмӕ нӕм абон йӕ хъӕлӕс хъуамӕ хъуысид ӕрвнӕрдау.

Ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, кӕд искуы уыцы бон ӕрцӕуид…

Годжыцаты Нелли,

журнал «Фидиуӕг»-ы

сӕйраг редактор

Йе ʻмдзӕвгӕты ӕвдыста йӕ уды хъӕр

Хъодалаты Герсаны цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бирæ ис  фыст, фæлæ æз зæгъдзынæн, цы йæ зыдтон æмæ мæ царды цахæмæй баззад, ууыл. Герсан ахæм уыдис æмæ лыстæг кастис царды æгъдæуттæм æмæ фæзындтытæм, стæй чи цавæр адæймаг у,  цавæр удыхъæд ын ис, уымæ.

Йе ʻмдзæвгæты ис æцæгдзинад, æвдыст дзы цæуы зæрдæйы æнкъарындзинад æмæ уды хъæр, сты æнцонæмбарæн.

Арæх-иу дзырдта, зæгъгæ, æмдзæвгæ куы фыссын, уæд иуæй-иу хатт кæугæ дæр фæкæнын, иуæй-иу æмдзæвгæйыл та цин. Æмæ уый æцæгæй дæр афтæ у. Адæймаг цавæр уацмыс фыссы, æнкъард æмдзæвгæ уа æви хъæлдзæг, зæрдæйы сконд дæр афтæ вæййы, уымæн æмæ зæрдæйæ цæуынц.

Хъодалаты Герсан уыдис мæ хицон. Иу рæстæджы дадайы хойы æрдыгæй мæ хион æрбацыдис Калакæй æмæ йæ куы базыдта, æмдзæвгæтæ фыссын, уæд мæ Герсантæм хæдзармæ акодта, цæмæй мын ме мдзæвгæтæм æркæса.

Куы сæм æркастис Герсан, уæд афтæ, уд, дам, сæ ис. Мæ зæрдæмæ, зæгъ, фæцыдысты æмæ ма дам мæм сæ куыстмæ журнал «Фидиуæг»-ы редакцимæ æрбацу æмæ, дам, дын сæм уым иннæ поэттæ дæр æркæсой. Уæд базонгæ дæн Дзугаты Георгий, Пухаты Алыксандр, Мæргъиты Къоста, Дзуццаты Хадзы-Мурат, уый фæстæ иннæтимæ дæр. Дзæбæх мæ айстой æмæ мын райдыдтой мыхуыр кæнын ме мдзæвгæтæ журналы. Мæ сæрæй сын ныллæг кувын. Бирæ-иу мын дзы куы ницы бацарæзтой. Уæд-иу мæнæн дæр æзсызгон уыдис æмæ ноджы разæнгард кодтон. Фæстæдæр дзы куысты бынат дæр фæзындис журнал «Фидиуæг»-ы редакцийы. Герсан æмæ мæм Асиат хæдзармæ ссыдысты æмæ мæ æркодтой кусынмæ, бузныг сæ дæн уæдæй нырмæ.

Иууылдæр мæ фысджытæ айстой тынг зæрдиагæй, никуы мæ ничи фæхъыг кодта æмæ мæн дæр мæ къах æндæр ранмæ ацæуынмæ нал ахаста, хи бинонтау мын уыдысты, чи дзы нал ис, уыдон алы хатт дæр зæрдæрисгæ æмæ сæ уындмæ бæлгæйæ мысын.

Иу рæстæджы ахæм уавæры уыдтæн æмæ ницыуал фыстон цыдæр аххосæгтæм гæсгæ, нындзыг æмæ ныддур дæн. Бузныг дæн Герсанæй, иууыл мæм хыл кодта, цæуылнæ зæгъ фыссыс. Еныр-ма, зæгъ, куы ницы ныффыссай, уæд, зæгъ, дæм нал сдзурдзынæн. Афтæ мæм цасдæр рæстæг æцæгæй дæр нал дзырдта. Салам-иу ын куы радтон, уæд-иу азылдис иннæрдæм. Стæй йæм куы схастон æмдзæвгæтæ, уæд афтæ зæгъы:

– Еныр уый дæхицæн хæлæг кодтай? Зивæг цæмæн кæныс? – Æхсызгон ын уыдис, æмæ уый æз никуы ферох кæндзынæн.

Ацыдис Герсан дæр не хсæнæй æмæ та мын уый дæр мысынæн баззадис. Мысынæн нæ, фæлæ йæ хъæлæс нырма дæр уайы мæ хъустыл, кæд иу аз рацыдис, уæддæр.

Герсан бирæ азты дæргъы журнал «Фидиуæг»-ы кусгæйæ цæстуарзон лæггад фæкодта литературон фæсивæдæн, канд мæнæн нæ, фæлæ.

Хорз адæмы алчидæр хорзæй фæмысы. Адæймаг æнусон нæу, алчидæр ацæуы йе нусон бæстæм æмæ йæ хорздзинæдтæ, хорз хъуыддæгтæ куы ныууадзы йæ фæстæ, уæд ноджы æнусондæр вæййы йæ ном.

Туаты Ленӕ

журнал «Фидиуӕг»-ы поэзийы хайады редаткор

 

 

 Кӕстӕр фӕлтӕрыл аудӕг

Адӕймаг йе ʻцӕг дунемӕ куы ацӕуы, уӕд ын аргъ тынгдӕр фӕкӕнӕм. Мысгӕ дӕр ӕй уӕд фӕкӕнӕм, аргъ кӕнын дӕр ын уӕд райдайӕм. Уӕд фӕзӕгъӕм, куы ма ацардаид ӕмӕ ма не ‘хсӕн куы уаид абон. Фӕлӕ куыд фӕзӕгъынц, – адзалӕн мадзал нӕй…

Журнал «Фидиуӕг»-ы сӕйраг редактор Хъодалаты Герсаны йе ‘нусон бынатмӕ афӕндараст кодтам афӕдзы размӕ. Афӕдз не ‘хсӕн нал ис хорз Поэт, хорз Адӕймаг ӕмӕ хорз Хӕлар. Кӕстӕртимӕ кӕстӕр чи уыд, хистӕртимӕ хистӕр.

Герсанмӕ бирӕ хорз миниуджытӕ уыд, фӕлӕ дзы мӕ зӕрдыл баззад иу  хорздзинад. Ӕвӕццӕгӕн уымӕн, ӕмӕ ахӕм миниуӕг Дунескӕнӕг алкӕй нӕ бахайджын кӕны. Кӕнӕ кӕй бахайджын кӕны, уый та ӕдзӕстуарзон разыны. Герсан аудыдта аив литературӕмӕ-иу фыццаг къахдзӕф чи ӕрбакодта, уыцы кӕстӕр фӕлтӕрыл. Зондамонӕн ныхас, ныфсӕвӕрӕн дзырд – уыдон никуы хӕлӕг кодта.

– Уӕззау фӕндаг равзӕрстат, мӕ хуртӕ, ӕмӕ йыл кӕд кӕронмӕ цӕуын бафӕразат, уӕд уын мӕ лӕгуын сӕрыл дӕр фӕндаг тӕргай дӕр уӕ чидӕртӕ фӕуыдзӕн, фӕллайгӕ дӕр уӕ бирӕтӕ бакӕндзысты, фӕлӕ афтӕ вӕййы. Ӕнцон нӕу аив литературӕйы уыгӕрдӕны хосдзау уӕвын. – арӕх иу дзырдта афтӕ  нӕ куырыхон хистӕр.

Иухатт ын ӕз афтӕ зӕгъын: «Герсан, стдӕсаздзыдӕй мӕ фыццаг радзырд «Фи-диуӕджы» мыхуыр ӕрцыд. Бамбӕлдтӕн иу ахӕм фысджытыл ӕмӕ иу ӕвзӕнгтӕм былысчъилтӕй чи каст, ды та сӕ афтӕ цӕмӕн рӕвдауыс?

– Уыдонӕн се ‘мбисонд сӕхи. Фӕлӕ мах 1960 азты куы ӕрбакъахдзӕф кодтам ирон аив литературӕмӕ, уӕд мах дӕр  афтӕ рӕвдыдта Гафез. Ӕмӕ абон журналы къӕсӕрӕй курдиаты тавӕг кӕмӕ ис, ахӕм ӕвзонг чызг кӕнӕ  лӕппу куы ӕрбакъахдзӕф кӕна, уӕд ыл дуар куыд хъуамӕ ӕхгӕнон. Уӕд ӕз фыссӕг нӕ, фӕлӕ адӕймаг дӕр  куынӕ уыдзынӕн…

Дзӕнӕттаг у Герсан. Мах дӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ ды куыд рӕвдыдтай, афтӕ  рӕвдауӕм ӕвзонг фӕлтӕрӕй йӕ куъхмӕ фыссынгарз чи райсы ирон аив  ли-тературӕмӕ чысыл хайбавӕрд бахӕссыны охыл, уыдоны.

                                                                                              Журнал «Фидиуӕг»-ы

бӕрнон нымӕрдар

 Остъаты Алан

 

Ӕнустӕм адӕмы зӕрдӕйы баззайдзӕн

Герсанмӕ йӕ хъысмӕт ӕгъатыр уыд, ӕнахъомӕй йын йӕ чысыл уӕхсчытыл, растдӕр нӕхи Хетӕгкаты Къостайау, ӕгӕр уӕззау уӕргъ ӕруагъта: Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы цалдӕр сывӕллонӕй чысылтӕй сидзӕрӕй аззадысты, фӕлӕ уӕддӕр, раст къӕйных зайӕгой асфальты хъӕбӕр йӕ сӕрӕй куыд стоны, афтӕ Герсанӕн дӕр, хъысмӕты фыддӕрадӕн йӕ курдиат царды тымыгъы цыренӕй-цырендӕр кодта. Фыссӕг та, куыд уынӕм, афтӕ йӕ хъал цардӕй не сфыссӕг вӕййы ӕмӕ ӕвзонг поэт сыфмӕ ралӕвӕрдта йӕ алыгъуызон ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ-иу ын уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ   уӕззау уаргъ хӕссын дӕр фенцондӕр ис. Йӕ сис йӕ къухӕй никуы ахауд, ӕнтысгӕ дӕр ын бирӕ бакодта, фыста алы ӕмӕ алы жанрты, фӕлӕ йӕ ном ӕнустӕм адӕмы зӕрдӕты баззайдзӕн куыд стыр поэт.  Йе стыр ӕнкъарӕнтӕ, йӕ сагъӕстӕ адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтой, йӕ бирӕнымӕц чингуыты хуызы. Йӕ фӕстаг чиныг дӕр ма, бӕргӕ, куы ӕрӕййӕфтаид, фӕлӕ хъысмӕт ӕгъатыр у…

Уыйхыгъд, куыд фӕзӕгъынц, Хуыцау кӕд иу къухӕй ӕхсойгӕ кӕны, уӕд иннӕ къухӕй та – рӕвдаугӕ. Герсанӕн йе ‘мсис цардӕмбал ӕмӕ йӕ иузӕрдион ӕмбӕлццон Наниты Асиатимӕ уӕхски-уӕхскӕй фыдӕбон кодтой. Схъомыл кодтой хорз хъӕбултӕ. Уӕдӕ цард ӕнӕфӕхъӕлӕба дӕр кӕм вӕййы, фӕлӕ дӕнцӕгӕн хӕссинаг уыд сӕ къайаг.

Ӕмӕ ныр сидзӕрӕй фӕуагъта, канд йӕ бинонты нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн Ирыстоны. Герсаны хуызӕн курдиатджын адӕймаг куы фӕхъӕуы цардӕй, уӕд уый ӕнӕхъӕн бӕстӕйы зиан вӕййы. Сидзӕрӕй фӕуагъта йӕ уарзон журналы иузӕрдион коллективы дӕр. Мах та йӕ мысдзыстӕм, куыд хъӕрмуд, фӕлмӕнзӕрдӕ, хъӕздыг удыхъӕды хицау, фӕлӕ хуымӕтӕг адӕймаг. Йӕ адӕмуарзондзинад алкӕуыл дӕр парахат кодта. Ӕнӕзонгӕ адӕймӕгтимӕ дӕр ӕвзаг ардта. Уыдис ын тынг хӕдхуызон философон зондахаст.

Бирӕ хорз ныхӕстӕ ис Герсанӕй зӕгъӕн, ӕмӕ йын нӕ зӕрдӕ зӕгъы, Рухс Дзӕнӕты бадӕд ӕмӕ хӕрзмӕ аудӕт йӕ уарзон бинонтыл ӕмӕ йӕ сӕйраг сагъӕс – йӕ уарзон  Ирыстоныл!..

Гаглойты Мæдинӕ, журнал

«Фидиуӕг»-ы корректор

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.