Хъæууон хæдзарады министрады ветеринарон хайады кусджытæ, хъæдгæрæттæм хæстæг цы хъæутæ ис, уым профилактикон мадзæлтты нысанæн ауагътой вакцинаци хъæддаг сырдтæн. «Цæрæн пункттæм хæстæг, сырдтæ арæхдæр кæдæм цæуынц, уым æвæрд æрцæуы хæринаг, вакцинæимæ хæццæйæ, цæмæй йæ сырд бахæра æмæ йæ иммунитет скуса. Вакцинаци цы хæринагыл ис, ууыл хæццæ цæуы стуры сой, цæмæй йæ смагмæ гæсгæ сырд ссара», – зæгъы ветеринарон хайады сæргълæууæг Тедеты Ацæмæз.

Специалист куыд зæгъы, афтæмæй ацы профилактикон мадзал уагъд æрцæуы æрвылаз дæр. Уымæн æмæ ис ахæм низтæ, кæцытæ хæдзарон фосыл бахæцынц хъæддаг цæрæгойтæй. Уыдон уæлдай тынгдæр сцырын вæййынц зымæджы райдианы. Адæй-маджы организмау фос дæр зымæджы сцух вæййы витаминтæй. Уымæ гæсгæ сæм æмхиц вæййынц æндæр æмæ æндæр низтæ. Фæстаг азты нæ республикæйы чи апарахат вæййы, уыцы хуыты африкæйаг емынæ  хæдзарон фосыл, сæйраджыдæр, инфекци бахæцы хъæддаг хуытæй. Цæрджыты хуытæ арæх баиу вæййынц семæ. Вирус хуыйы организммæ куы бахауы, уæд æмбæхст хуызы фæвæййы 2-5 боны. Низ аххæссы 15-20 бон, стæй амæлы. Хуыты мæрдтæ уымæн судзын кæнынц специалисттæ, æмæ мæры дæр вирус цæры 100 бонæй фылдæр, фæздæгдзыд дзидзайы та – 5  мæйы бæрц.

Хъæддаг хуытыл арæх цуан кæнынц адæм. Уыдон зымæджы ‘рдæм уæлдай уæндондæр вæййынц. Хъæдмæ хæстæг чи цæрынц, уыдонæн суанг сæ кæртмæ дæр бацæуынц. Специалист амоны: хъæддаг хуытыл чи цуан кæны, уый хъуамæ зона: уыдон дæр гæнæн ис æмæ рынчын уой африкæйаг емынæйæ æмæ æрранизæй дæр. Уымæ гæсгæ сæ фыд тæссаг у хæрынæн. Хъæуы йæ лабораторийы сбæрæг кæнын.

Тедеты Ацæмæз ма куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы африкæйаг емынæ куы фæзынд, уæд хъæууон хæдзарады министрад райста мадзæлттæ, цæмæй низ дарддæр мауал парахат уа. Цæрджыты ‘хсæн цыд профилактикон беседæтæ. Низ цы хъæуты рабæрæг, уым æххæст цыдысты дезинфекцион ма-дзæлттæ, æвæрд æрцыд районтæм цæуæг фæндæгтыл дизбарьертæ. Фæлæ та ноябры мæйы кæрон Громы хъæуы ногæй мæлын райдыдтой хуытæ. Ацы вирус кæд зымæджы цъус æрсабыр вæййы, уæддæр, æвæццæгæн, цæрджытæ, нæ фæдзæхстытæ куыд æмбæлы, афтæ не ‘ххæст кæнынц. Сæрды мæйты эпидеми куы фæзынд, уæд, Цъинагары зонæйы цы хъæутæ ис, уым нæ уыд хуыты амæлыны цаутæ. Мах фæдзæхстмæ гæсгæ, хъуамæ низ кæм уыд, уыцы территоримæ æввахс дыууын километры радиусыл куынæг æрцыдаиккой хуытæ. Нæ уыд бар иу ранæй иннæ ранмæ уыдон аласынæн. Фæлæ, æвæццæгæн, уыцы фæдзæхстытæ фехæлдтой. Хъæутæй низ кæм нæ уыд, уыдон дæр фæдзæхст уыдысты, цæмæй сæ хизынмæ ма уа-дзой. Фæлæ уыдон дæр фехæлдтой ветеринарты фæдзæхстытæ.

           УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.