Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абон мах – нысан кæнæм фыдохы бон  Зары трагедийы 25-азы бон.

Зæрдæрыстимæ мах мысæм, гуырдзиаг фашистты къухтæй арæзт тугкалæн трагедийы амæттæгты сырдон мард куыд ачындæуыд, уый. Не ‘дзард æфсымæртæ æмæ хоты тыххæй номарæн цырæгътæ судзгæйæ, мах хъуыды кæнæм, уыдон  сæ царды фæстаг уысмыты цы бавзæрстой, ууыл. Мах уыдон нæ зæрдыл дарæм номгай. Уыцы æбуалгъы ныв цæстытыл куы ауайы, уæд нырдæр ма адæймаджы зæрдæ къултыл йæхи бахойы. Нæу æмæ сын нæ уыдзæн барст уыцы æгъатыр ӕнӕадӕймӕгтӕн сæ къух чи сарæзта, уыдонæн. Уадз æмæ сæ æрæййафæд Хуыцауы тæрхон, уыдон хъуамæ баййафой иууыл карздæр æфхрд сæ ракӕнды тыххæй.

Зары трагеди уыд хуссарирыстойнаг адæмы ныхмæ геноциды акты ноджы иу æвдисæн. Фæстаг рæстæджы бирæ цæуы дунейы террористон акттæ. Æмæ мах не ‘ппæтдæр хъуамæ нæ зæрдыл дарæм æмæ æппæтдæр саразæм, цæмæй, кæмфæнды ма уа, фидæны ахæм тæсаг террористон цаутæ мауал æрцæуой.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Мамиты Инал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.