Ирон адæмы риссагдæр трагедитæй иу у Зары трагеди. Абон 20 майы  1992 азы Зары фæндагыл цы трагеди æрцыд, ууыл æххæст кæны 25 азы. Ацы æнæадæймагон фыдракæнд Хуссар Ирыстоны историйы нысан æрцыд иууыл трагикондæр фыдракæндæй, ирон адæмы геноциды тугæйдзагдæр эпизодæй.  Уыцы бон 36 ирыстойнаг лигъдоны кæд сæхи бахизынмæ хъавыдысты, уæддæр нал фæхæццæ сты æдас бынатмæ. «Царды фæндаг» сын ссис мæлæты фæндаг. Уыдонæн сæ хистæр уыд 73 аздзыд, кæстæрыл та цыд 11 азы. Гуырдзиаг адæмы уыцы фашистон фыдракæндæн абоны бон дæр æмбæлон аргъ не ‘рцыд. Æниу, æрмæст уыцы цауæн нæ, фæлæ иннæ ирон адæмы ныхмæ æндæр фыдракæндты тыххæй дæр абоны онг  дзуапп ничи ма радта.

1992 азы 20 майы гуырдзиаг тугмондаг хæстонтæй сæхи баауон кæнынмæ Зары хъæуыл Цæгат Ирыстонмæ цыдысты иу уæзласæн машинæ æмæ рог машинæтыл лигъдæттæ – зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ.  Зары хъæуы сæрмæ фæндагмæ схъуызыдысты гуырдзиаг бандиттæ, æрурæдтой лигъдæтты колоннæйы æмæ сæ райдыдтой æхсын. Ацы трагедийы рæстæджы ма удæгасæй чи аирвæзт, уыдон куыд радзырдтой, афтæмæй сæ гуырдзиæгтæ æхстой æгъатырæй. Иу-чысыл лæппуйы мардæй ссардтой машинайæ 50 метры дæрддзæгæн, уый æхст уыд чъылдымы ‘рдыгæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй лæппу рагæпп кодта машинæйæ æмæ ралыгъд иннæ машинæты размæ хъæргæнгæйæ: «Аздæхут фæстæмæ, гуырдзиæгтæ нæ марынц!». Ацы хъæрæй иуæндæсаздзыд лæппу кæйдæрты аирвæзын кодта, фæлæ йын йæхи фæстийæ фехстой гуырдзиаг лæгхортæ æмæ йæ цардбæллон уд уым систа.

Дыккаг бон Цæгат Ирыстоны Сæйраг советы уæлвæткон сесси Иугонд Нациты Организацимæ арвыста сидт ахæм куырдиатимæ: «Урæд æр-цæуæд хуссайраг ирæтты геноцид Гуырдзыстоны æрдыгæй». Ацы ин-циденты тыххæй Гуырдзыстоны прокуратурæ æртыккаг бон фехъусын кодта, зæгъгæ, «фæдагурджытæн   трагедийы бынатмæ бацæуыны фадат нæй, ирæттæ сæ кæй хъыгдарынц, уый фæстиуæгæн, уымæн æмæ ирæтты нæ фæнды, цæмæй рæстдзинад сбæрæг уа». Ома, кæд цæфæй нæ мæлыс, уый та дын  рæхуыст!

Ацы цау Хуссар Ирыстоны адæм схуыдтой ирон адæмы ныхмæ геноциды акт. Æвæццæгæн, ирон адæмы знæгтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, Зары трагеди басæтдзæн ирæтты, фæлæ кæддæриддæр ирæттæ æрбангом вæййынц зын рæстæджы. Ацы трагеди сын кæд сæ зæрдæты ныууагъта стыр хъæдгом, уæддæр сæ æрбангом кодта æмæ сын сфидар кодта сæ удыхъæд. Адæм ноджы тынгдæр тох кодтой сæ сæрибардзинады, сæ хæдбардзинады сæрыл.

Истори хорз ахуыргæнæг у, æмæ нын ирдæй уынын кæны, æддагон фактортæм нæкæсгæйæ,  æппæт зындзинæдтæ бавзаргæйæ, нæ адæм æппæтæн дæр бафæрæзтой æмæ абон цæрынц сæрибар, хæдбар паддзахады. Трагедийы бынаты арæзт æрцыд мемориалон комплекс

Иунæг иронæй дæр нæ ферох уыдзæн Зары трагеди, æмæ ма дæр хъуамæ ферох уа. Уый тыххæй ныр 25 азы 20 майы Зары хъæуы сæрмæ Мемориалон комплексы цур хуссайраг ирæттæ банысан кæнынц «Фыдох æмæ мысæн бон». Æрвыл аз дæр мадзал райдайы 10 сахат æмæ 15 минутыл. Уый та у лигъдæтты куы фехстой, уыцы рæстæг.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.