Мыхуырæй рацыд  журнал «Мах дуг»-ы фарастæм номыр.

70 азы сæххæст фыссæг Гуыцмæзты Алешы райгуырдыл. Уый тыххæй журналы мыхуыр æрцыд «Хæлæртты мысинæгтæ». Хъазиты Мелитон йæ уац «Бæллицты фæдыл фæрныг хæтæнты цæуæг»-ы бацæуæны фыссы: «Не сфæлдисæг нын йæ парахат зæрдæйæ балæвар кодта, йæ раттæджы комулæфт кæмæ хæццæ кодта, ахæм бæллиццаг кæстæр. Сыгъдæг æмæ рæдау зæрдæйы хицау. Ирыстоны сæрвæлтау удуæлдай æмæ зонды цæстæй æппæтуынæг, аив дзырдыл тайæг æмæ руайæг, фæлгонцты дунемæ йæ бæллицты фæдыл фæрныг хæтæнты цæуæг – нæ фыдыбæстæ, нæ адæмы амондæн æппæтзонæг фыссæг Гуыцмæзты Алешы.» Мыхуыр  ма æрцыдысты Кокайты Тотрадзы «Алеш… Ирон фыссæг… Ирыстоны хæстон», Гусалты Барисы «Дзырдцух къахыр дуне», Булкъаты Игоры «1985 аз. Калак. Алеш, Мелитон, Хадже æмæ æз», Гæбæраты Юрийы зæрдæмæхъаргæ уац «Æнæ дæу», Касаты Батрадзы æмдзæвгæ «Мæ уды тыхст». Афтæ ма мыхуыр цæуынц Алешæн йæхи радзырдтæ.

Ацы аз юбилейон аз у поэт Бызыккаты Земфирæйæн дæр, сæххæст ыл 70 азы. Уый цытæн журналы мыхуыр æрцыд йе ʻмдзæвгæты цикл «Раст у фатау мæ ирд фæндаг».

«Ног уацмыстæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын мыхуыр цæуы Гусалты Барисы радзырд «Туг-стæг кæрдæджы хал».

Рубрикæ «Мах дуг»-ы равдыст» нæ зонгæ кæны РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг Хетæгкаты Асланы конд нывтимæ. Ацы нывтæ мыхуыр æрцыдысты, чингуыты рауагъдад «СЕМ» Нарты кадджытæн цы ног чиныг бацæттæ кодта, уым.

«Нарты кадджыты рауагъды 75 азы бонмæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын мыхуыр цæуы Дзанайты Иваны уац «Ирон адæмы стыр хæзна», афтæ ма «Нарты æмбисæндтæй» æмæ кадæг «Нарты сау рувасдзарм».

Торчынты Хъазыбегы æмдзæвгæтæй фыст роман «Зеинап», кæрон – мыхуыр æрцыд рубрикæ «Ног телмацтæ»-йы бын.

Рубрикæ «Ирон зонды авналæнтæ»-йы бын журналкæсæг бакæсдзæн ЕГАРЫ «Фыдæлтыккон табутæ, зарджыты ныхæстæ». Рубрикæ «Адæмон сфæлдыстад» мыхуыр кæны Едзиты Андрейы «Таурæгътæ». Журнал ма мыхуыр кæны Куыдзойты Анжелæйы уац «Растфыссынад – адæмы иу кæныны фæрæз».

«Ирон прозæйы антологи»-йы бын мыхуыр æрцыд Будайты Милусяйы радзырд «Хъысмæт». Мыхуыр ма цæуы сентябры мæйы цауты афæлгæст дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.