Зынгæ ирон поэт Мамсыраты Османы фырт Темырболаты райгуырдыл ацы аз æххæст кæны 180 азы. Бирæ нæ зонæм йæ царды хабæрттæй. Бирæ нæ зонæм йæ аивадон уацмыстæй дæр. Ныртæккæ нæм дзы цы ис, уымæй дзæвгар фылдæр ныффыста æмæ литературæиртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй баззадысты йæ хо Азизæмæ.

Темырболат райгуырд 1843 азы Цæгат Ирыстоны Мамсыраты хъæуы. Фæстæдæр сæ бинонтæ æрцардысты Бруты хъæуы. Дыууадæс азы йыл куы сæххæст, уæд, 1855 азы, ацыд ахуыр кæнынмæ Бетъырбухы кадетон корпусмæ. Æнтысгæйæ йæ каст фæцис 1860 азы, райста корнеты цин æмæ йæ службæмæ арвыстой Харьковы областы уланты (бæхджынты) пъолкмæ. Уым уыд 1865 азмæ. Уæд йæ мады ‘фсымæр Къуындыхаты Муссæ ирон пысылмон адæмы сцом кодта æмдин Туркмæ. Темырболаты нæ фæндыд службæ ныууадзын, фæлæ йæ мады ‘фсымæры домæны ныхмæ йæ бон ницы зæгъын бацис, сразы йæ бинонтæ æмæ хæстæджыты иу хаимæ æцæгæлон бæстæмæ ацæуыныл. Туркмæ ацæуын ма нæ фæндыд æндæр ирæтты дæр, се ‘хсæн-иу быцæутæ дæр рауад, чидæртæ дзы сæ фæнд дæр ивтой, фæлæ цæуинаг чи уыд, уыдон, фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ цыдысты.

Æрыгон, зæрдæргъæвд афицер – Темырболатæн, гæнæн уыд, æмæ скодтаид иттæг хорз æфсæддон карьерæ, фæлæ нæ бацыд турчы æфсадмæ. Чи йæ зыдта уыдонæй бирæтæ дзырдтой, зæгъгæ, йæ амæлæты бонмæ дæр йæ хъуыдыйы уыдис, фæстæмæ райгуырæн къуыммæ æрæздæхын. Цардис Батманташы хъæуы, йæ хæдзаргæрон зæхмæ зылд æмæ дзы зайын кодта алыгъуызон дыргътæ æмæ халсæртæ. Цы иу дзы æркодта, уыдонæй лæвæрдта тыхстдæр ирон бинонтæн. Уарзта ирон хъисфæндырæй цæгъдын. Арæх йæ цæхæрадонæй хъуыст ирон музыкæйы зæлтæ. Кавказы хæхтæ мысгæйæ-иу цæссыгкалгæйæ фыста йе ‘мдзæвгæтæ.

Йе ‘мдзæвгæты Темырболат, сæйраджыдæр, æвдисы Туркмæ лидзæг ирæтты трагеди. Иууыл тыхджындæр æнкъарæн дзы у райгуырæн бæстæмæ уарзт. Йæ зæрдæ риссы, йæ адæм дыууæ дихы кæй фесты æмæ иу ран дæр сæ фыды уæзæджы амондыл схæцынхъом кæй не сты, йæ бон сын баххуыскæнын кæй нæу, бæстæйæ скъуыд, æфхæрд адæмæн Ирыстонмæ раздæхæн кæй нал ис, уый тыххæй.

Йæ зæрдæ рыст, æцæгæлон зæххыл ирон лæджы хæрзæгъдау кæй хæлы, буржуазон зондахаст сæм кæй стыхджын, уый тыххæй. Цыфæнды зынвадæтты дæр æгад сæрмæ ма æрхæссын, рæстаг æмæ рæсугъдæй цæрын – уый у поэты идеал. Ахæм идеал ын йæ царды уыд Хетæгкаты Къоста. Йæхи йын нæ зыдта, фæлæ йын йæ хуызист федта  æмæ йын йæ хорзы кой хъуыста. Йе ‘мдзæвгæ «Кæмдæр»-ы Къостайы тыххæй ахæм рæнхъытæ фыссы:

Ды дæ митæй рæсугъд дæ,

Ноджы ма уындæй хайджын дæ.

Дæ зонд æмæ де ‘гъдауæй

Ды мæ цæсты кадджын дæ.

Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй Темырболат Туркмæ куыд зынтæй ацыд,  уый йæ зæрдæйы хъæдгомæй баззад йæ фæстаг сулæфты онг. Ацы хъуыдытæ   ирддæр æмæ æргомдæрæй зынынц йе  ‘мдзæвгæ «Сагъæс»-ы.

Дысон бонмæ бафынæй

Ме уæнгтæ нæ куырдтой,

Мæ цæстытæ дзагъырæй

Æрцъынд кæнын нæ куымдтой.

Ацы рæнхъытæ бакæсгæйæ алчидæр зæгъдзæнис, зæгъгæ, ахæм æгъуыссæг æхсæвтæ, æрмæст Темырболат нæ, фæлæ ма йæ рæдыд чи бамбæрста æмæ Туркмæ ацæуыныл чи фæсмон кодта, уыдон се ‘ппæт  дæр æрвыстой. Уый та æмдзæвгæйы зæгъы дарддæр:

Нæ райгуырæн, нæ бæстæ,

Цардæн адджын ды куы дæ!

Цард н’агурæм дæ фæстæ,

Зæрдæйы рухс дæр ды куы дæ…

О, фæлæ уæззау уавæрты бахаугæйæ дæр тыхст адæмæн нæ сæтты сæ хъару. Уый та зыны ацы æмдзæвгæйы дæлдæр:

Кæмдæриддæр, дæ цæуæт,

Нæхи дæ номæй куы хæссæм.

Цыфæнды тых ныл æрцæуæд, –

Æгад нæ сæрмæ нæ хæссæм.

Туркмæ алидзæг ирæтты фæсмон Темырболат ноджы æргомдæрæй æвдисы йе ‘мдзæвгæ «Дыууæ æмбал»-ы:

Нал  зонын зарджытæ, –

Зæрдæ хуылфы куы бахус,

Кæд дæ хъæуы хъарджытæ

Уæд мæм дзæбæх æрбайхъус.

Темырболаты тыххæй фæзæгъынц, зæгъгæ, йæ хъысмæтæй Туркмæ куы нæ ахастаид, уæд æмдзæвгæтæ дæр, зæгъгæ, нæ фыстаид æмæ, мæнмæ гæсгæ, ахæм дзурджытæ не сты раст. Уымæн æмæ литературæиртасджытæ зæгъынц, зæгъгæ, Темырболат Ирыстонæй цъус æмдзæвгæтæ нæ ахаста æмæ уый у уырнинаг. Уымæн æмæ Туркмæ куы ацыд, уæд Темырболатыл цыд 22 азы æмæ уыцы азты æмдзæвгæтæ фыссыны æвзыгъддзинæдтæ вæййынц сæ тæккæ цырыныл, кæд сæ нæма февдисынц, уæддæр сын бантысы сæдæгай æмдзæвгæтæ ныффыссын.

Темырболат 56 азы йедтæмæ кæй нæ фæцардис, уый дæр дзурæг у ууыл, æмæ йын æддагон бæстæйы хур йæ зæрдæ кæй никуы батавта, æппынæдзух  æнкъардзæрдæ æмæ хъуыдытимæ кæй цард.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.