Хъаныхъуаты Иналы райгуырдыл сæххæст 150 азы

Нæ фысджытæй цъус чи фæцард æмæ уæрæх сфæлдыстадон куыстытæ кæмæн баззад, уыдонæй иу у Хъаныхъуаты Инал. Инал райгуырд 1851 азы Джызæлы хъæуы. Инал кæд нырма æвзонг уыд, искæдæм ацæуыны фæлтæрддзинæдтæ йæм фаг нæма уыдис, уæддæр, ахуырмæ рæвдз кæй уыд, уый тыххæй йын Ставраполы гимназмæ ацæуыны тыххæй йæ бинонтæ ницыуал загътой æмæ ацыд. Каст æй фæцис æнтысгæйæ, фæлæ дарддæр цы араза, уый нæ зыдта æмæ аныгъуылд алыгъуызон хъуыдыты. Фæстæдæр сфæнд кодта, сабибонтæй фæстæмæ бирæ цы куыст æмæ дæсныйад уарзта уый, афицеры дæсныйад райсын. Сæххæст йæ фæнд, бацыд æмæ æнтысгæйæ каст фæци æфсæддон-артиллерион ахуыргæнæндон. Æфсæддон-артиллерион дæсныйад райсынимæ иумæ фæцис Иналы сабыр цард дæр. 1872 азы райдыдта уырыссаг-туркаг хæст æмæ дзы Инал æххæст кодта бирæ вазыгджын хæстæ. Хæсты хорз  æфсæддон цæттæдзинад æмæ арæхстдзинад рай-сыны фæстæ ныр та йæ хæстæ æххæст кодта Скæсæн-Сыбыры артиллерион бригады.  Уым кусгæйæ дæр йæхи æвдыста æрхъуыдыджын æмæ арæхстджынæй. Цъус ын нæ уыд хицауадон хорзæхтæ дæр. Фадат ын уыд йе ‘фсæддон хæс дарддæр кæнынæн, фæлæ аскъуыддзаг кодта йæ ныууадзын æмæ ацыд Дард Скæсæнмæ. Фыццаг куыста ахуыргæнæгæй Владивостокы астæуккаг скъолатæй сæ иуы. Фæстæдæр та горæты администрацийы, бынæттон мыхуыры органты. Ирон лæг кæмдæриддæр куыста, алы ран дæр уыд цæвиттойнаг, йе ‘нтыстытæй æрмæст йæхи зæрдæ нæ рухс кодта, фæлæ ма йæ чи зыдта æмæ кæимæ куыста, уыдоны зæрдæтæ дæр.

Адæймаг æндæр адæмты ‘хсæн цасфæнды ма фæцæра, йе ‘нтыстытæ куыдфæнды бæрзонддæр ма уой, уæддæр æй Фыдыбæстæ иу уысм дæр рох нæ вæййы. Ахæм æнкъа-рæнтæй цух нæ уыд Инал дæр. Йæ хъуыдытæ куы стыхджын сты, рцæуыны фадæттæ та фылдæр куы систы, уæд сбадт науыл æмæ рацыд, бирæ кæй уарзта, уыцы Ирыстонмæ. Йæ фæндаг рог æмæ зæрдæйы фæндиаг нæ уыд, фæцыд æртæ мæйы, фæлæ Ирыстонмæ куы æрхæццæ, фыдæлты зæххыл йæ къах куы æрæвæрдта, йæ уæлдæфæй йын ахъаззаг куы сулæфыд, уæд, цыма йе уæнгтæ баст уыдысты æмæ йын ныр уæгъд фесты, уыйау банкъардта йæхи æмæ йæ цинæн нал уыд кæрон.

Нæ фысджыты фылдæр се сфæлыстадон куыстытæ райдыдтой 19-аздзыдæй. Инал дæр, кæд уæдмæ дæр фыста, уæддæр сæ мыхуыр кæнын райдыдта уыцы кары. Фыццаг фыссын райдыдта очерктæ. Æвдыста сæ йæ адæм, Ирыстоны цы стыр цаутæ цыдис, уыцы хабæрттæ. Уыдæттыл фыст у йæ гуырахстджын радзырд «Ирон хъæу». Радзырд хъуы-дыйæ кæд вазыгджын у, уæддæр фыст у хуы-мæтæг æвзагæй æмæ уый чиныгкæсæгæн дæтты фадат, цæмæй дзы кæсгæ-кæсын ма фæллайа. Радзырды дзырд цы хъæуыл цæуы, уый уавæр æмæ уынды тыххæй автор зæгъы, зæгъгæ, «йæ мæгуыр хуызæй мæ зæрдæ нырхæндæг ис». Æмæ ахæм хъæутæ Ирыстоны уæд, мыййаг, цъус нæ уыд. О, фæлæ се ‘ппæты цæрджытæн дæр уырнын кæны фидæны рухс цард.

Инал цæрынмæ цы хъæумæ æрцыд, уырдæм цæугæйæ фæндагыл уыдта æндæр хъæуты цард æмæ уавæртæ æмæ алцæмæй дæр рухс кодта йæ зæрдæ. Тыхст хъæуты цæрджытæн æмбарын кодта, зæгъгæ, уыцы хъæуты цæрджытæм хорзæй цы ис, уый сæйраджы дæр у, куыстмæ сæ ахаст. Арæхстджынæй сын зæгъы, зæгъгæ, хъæуты куы цæрай, уæд дын  хъуамæ  уа фос, кæм сæ дарай, уый, скъæт холлагдон. Уалдзæгæй фæззæгмæ та хъæууон лæгæн йæ зæрдæ  хъуамæ рухс кæна йæ картофы хуымтæй.

Автор йæ радзырды адæмы æрмæст куыстмæ нæ разæнгард кæны, фæлæ сын амоны цæмæй кæрæдзимæ дарой хорз ахаст, искæй ис сын хъыг ма уа, фæлæ йыл зоной цин кæнын. Кæрæдзимæ сæ мæгуырау ахасты тыххæй автор афтæ зæгъы, зæгъгæ, мæ ног хъæуы цъус рæстæг нæ цæрын, фæлæ, хъыгагæн, иу цæрæг дæр мæ нæ бафарста, куыд цæрын æмæ цахæм зындзинæдтыл æмбæлын, уый тыххæй. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ мæм чи æрбацæуы, уыдон дæр вæййынц мæ хиуæттæ, ме ‘ввахс адæм. Автор сын сæ арфæйы ныхæстæй банысан кодта, зæгъгæ йын цы фæндиæгтæ зæгъынц, уыдонæй иу æнæмæнгдæр  вæййы, цæмæй суа афицер æмæ сын æрмæст ныфс ма уа, фæлæ ма йæ бон уа бахъуыды рæстæджы баххуыс кæнын дæр. Ам æнæ сæрмагод хъусдард нæ ныууагъта, ирон адæмы ‘хсæн фыдæлтæй фæстæмæ афицеры номæн стыр кад кæй ис, уый дæр.

Автор йæ радзырд «Ирон хъæу»-ы адæмы æрмæст куыстыл нæ цайдагъ кæны, æрмæст сын куыст нæ уарзын кæны, фæлæ ма сын уарзын кæны æмæ амоны, фыдæлтæй нын цы бирæ æгъдæуттæ баззад, уыдон зонын æмæ æххæст кæнын. Фæсивæдæй никæуыл худы, фæлæ сæ фæдзæхсы цæмæй зоной æмæ аргъ кæной сæ хистæртæн. Цæвиттонæн æры-мысыд: иу хатт бацыд хистæрты бадтмæ – кæй йæ фæхуыдтой уый тыххæй. Куы сæм баввахс, уæд цалдæр ацæргæ лæджы слæууыдысты сæ къæхтыл æмæ йын дæттой сæ бынæттæ, фæлæ уый не сбадт, семæ ныхас кодта лæу-гæйæ. Уый хистæртæ банымадтой хорзыл æмæ йын сæхæдæг дæр уый фæстæ кодтой аргъ æмæ кад.

Радзырды ма автор æрыгæтты цайдагъ кæны бирæ хорз миниуджытыл.

Ирон адæм сæ равзæрдæй фæстæмæ цы стыр æнамонддзинæдтæ бавзæрстой, уыдо-нæй иу уыд, сæ иу хай Туркмæ кæй алыгъдысты, уый. Чизоны йын ахæм стыр æнамонд-дзинады ном дæр нæ радтаиккам, фæлæ цалынмæ Туркмæ цыдысты, уæдмæ дзы фæмард бирæ адæм. Стæй бынаты дæр сæ зæрдæ ницæмæй барухс æмæ скатайаг сты. Се ‘хсæн уыдысты Иналы бинонтæ дæр, фæлæ уыдон, иуæй-иу бинонтæм абаргæйæ, тагъд бамбæрстой сæ рæдыд, ссардтой тых, хъару æмæ, «мæгуырæй дæр радтæг адæмы ‘хсæн уæм», дзургæ раздæхтысты фæстæмæ.

Хъаныхъуаты Иналы сфæлдыстадон бынтыл дзургæйæ банысан хъæуы уый, æмæ æмхуызон рæвдз кæй уыд куыд радзырдтæ, афтæ æмдзæвгæтæ фыссынмæ дæр. Куыд йæ радзырдты, афтæ йе ‘мдзæвгæты дæр ныфсджынæй домдта, цæмæй алы ирон дæр кæ-рæдзи уарзгæйæ æнувыд уой Фыдыбæстæйыл, уыимæ хъахъхъæд цæуой демократон домæнтæ. Йæ мæгуыр адæмы тыххæй йе ‘мдзæвгæ «Фæндон»-ы фыссы:

Зæрдæсаст, ыссæст чи у цардæй,
Æз уыдонæн стыр ныфс дæттин
Æмæ сæ мæ ныхас, мæ зардæй
Рæстдзинады тохмæ кæнин.

Алкæй ныхасмæ дæр хъæуы хъусын, фæлæ, хъыгагæн, алкæй ныхæстæ не ‘мбæлы райсын. Ацы хъуыдыты тыххæй мæнæ цы зæгъы йе мдзæвгæ «Фæуырны мæн»-ы.

Мæ зæрдæ аскъуыйы æмбойны, –
Цæуыл æууæндыдтæн, кæуыл!..
Мæ цæстытæ фæзилын доны,
Мæ сайд хæрзæууæнкыл кæуын.

Инал ирон адæмы знæгтыл не ‘ууæндыд, фæлæ бирæ æмбæстæгтæ æууæндыдысты, сæ цард сын чи зыгъуыммæ кодта, афтæмæй та æууæнк чи домдтой, уыцы зыгъуыммæгæн-джытыл. Йæхæдæг сæм цахæм цæстæнгасæй кæсы, уый та бæрæг у йе ‘мдзæвгæ «Æрхæндæг»-æй.

Уыдон фæндаг мын – æлгъыстаг
Никуы уыдзæнис хæлар
Райы сæ зæрдæ фыдæхæй,
Бон сын фыдæхсæвау тар.

Хуымæтæг адæмы цæрын чи нæ уагъта, уыдон ныхмæ тох кæнын хуымæтæг хъуыддаг нæ уыд, фæлæ Иналы уыдæттæ нæ састой. Цалынмæ цард, цалынмæ уацмыстæ фыста, уæдмæ тох кодта сæ ныхмæ, Уый ирдæй зыны йæ иннæ æмдзæвгæ «Фæцæрæн нæй»-йы.

Лæгмар æфхæрдты туг кæм кæлы,
Мæнгард митæй кæм ысцæм зæхх,
Абырæг хъан кæм у фæрнæй,
Нæ, уым фæцæрæн нæй!

Ам Инал афтæ нæ зæгъы, æмæ, мæгуыр адæмы хорз кæй нæ фæнды, уыдонæй тæрсын хъæуы, фæлидзын кæдæмдæр, фæлæ ма уавæр чи не ‘мбары, уыдонæн дæр æмбарын кæны, цæмæй хуыздæр сдзурой сæ бартыл.

Инал фыдгæнджытæ æмæ зыгъуыммæгæнджытæй кæй нæ фæтарст, æппынæдзух йæ хъуыдыйы йæ радтæг адæм кæй уыдысты, уый æвдисы йæ иннæ æмдзæвгæ «Сагъæс»-ы

Дæ фидæнæй нын ма фæтæрс,

Лæгау уал фид дæ хæс;

Дæ ивгъуыдæн зæгъ арфæтæ,

Æвæсмонæй йæм кæс.

Иналы райгуырды 150 азы сæххæсты боны цытæн ма мæ зæгъын фæнды уый  æмæ Инал кæд фæцард цъус, бæрцæй дæр 48 азы, уæддæр ын бантыст тынг бирæ. Куы ма ацардаид, уæд ирон литературæмæ йе стыр хуынтæй ноджы тынгдæр барухс кодтаид афтæ бирæ кæй уарзта, уыцы адæмы фæдонты.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.