Парламенты депутат Къуезерты Арсен сорганизаци кодта гуманитарон æххуыс Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ.

Уый размæ Къуезерты лæппуйы хъæппæрисæй Хуссар Ирыстоны Нацбанджы конд æрцыд сæрмагонд хыгъд. Уырдæм депутаттæ сæ мыздæй, кæмæн йæ бон цас уыд, уыйбæрц ахыгъдтæ сарæзтой.

«Канд депутаттæ нæ, фæлæ  ма æддагон адæмæй дæр чи фехъуыста хабар, уыдон дæр-иу ацы хыгъдыл сæвæрдтой финансон фæрæзтæ. Цхинвалы районæй дæр мæм бирæтæ æрбацыдысты, куы фехъуыстой сæрмагонд груз цæттæ кæнæм, уæд. Иу нæлгоймаг та (йæ ном зæгъын нæ уадзы) 50 банкæйы мыд æрбахаста лæппутæн, ирон цыхт дæр æрбахастой хуынæн. Иууыл стырдæр финансон æххуыстæ бакодтой Президент Гаглойты Алан, Парламенты спикер, Таможнæйон комитет æмæ Нацбанг», – зæгъы Къуезерты Арсен.

Æххуыс комкоммæ ныццæудзæн Мелитопольмæ. Хæстонтæн балхæдтой гигиенæйы предметтæ, хæлцадон продукттæ, бастдзинады фæрæзтæ, æфсæддон дарæс æмæ къахыдарæс.

Гуманитарон æххуыс сæрмагонд æфсæддон зонæмæ аластой депутаттæ Къуезерты Арсен, Мулдарты Гарри, Остъаты Роберт æмæ  Сланты Иван.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.