15-æм майы Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссар хайы дæр цытимæ банысан кодтой ирон æвзаджы бон. Хуссар Ирыстоны ирон æвзаджы бæрæгбоны цытæн культурон уагдæтты æмæ иумиагахуырадон скъолаты дæр ацы бонты уагъд цыдысты алыгъуызон мадзæлттæ, цыран, сæйраджыдæр, дзырд цыдис æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ рæзты тыххæй. Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн цытджын мадзал уагъд æрцыдис 15-æм майы нæ горæты Театралон фæзуаты Хетæгкаты Къостайы цырты раз. Ацы ахсджиаг бон банысан кæныны тыххæй ардæм æрбамбырд сты нæ республикæйы сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, нæ горæты, афтæ ма районты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Бæрæгбонон мадзалы райдианы æрæмбырдуæвджытæ зынгæ ахуыргонд-лингвист Абайты Васо æмæ ирон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цыртыты раз сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ, уый фæстæ мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса. «Мадæлон æвзаг иууыл бæрзонддæр чи систа, уыдон сты Хетæгкаты Къоста æмæ Абайты Васо æмæ сын сæ фыдæбон æмæ кад дæлæмæ уадзын нæ хъæуы. Мах, ирон адæм хæсджын стæм, цæмæй не взагыл кусæм æмæ йыл дзурæм, афтæ куы нæ уа, уæд æвзаг кæны мæлгæ. Не ‘взаджы рæзт баст у не ‘ппæтыл дæр æмæ йыл хъуамæ кусæм йæ фидæны рæсугъддзинадыл. Бæрæг куыд у, афтæмæй 15-æм майы 1899 азы мыхуыры рацыд ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» æмæ уымæ гæсгæ бæрæгбонæй расидтæуыд  ацы уалдзыгон бон. Ирон æвзаджы бон нысан цæуы 2003-æм азæй РЦИ-Аланийы уæды Сæргълæууæг Дзассохты Алыксандры барамындмæ гæсгæ. Уымæ гæсгæ сидын алы иронмæ дæр, цæмæй дзура йæ мадæлон æвзагыл æмæ йæ цæстыгагуыйау хъахъхъæна», – банысан кодта Гаглойты Элиса. Бæрæгбонон мадзалы скъоладзау фæсивæд æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ æрдзырдтой мадæлон æвзаджы стыр нысаниуæгыл æмæ аив бакастысты ирон поэтты æмдзæвгæтæ. Скъоладзау фæсивæд ма Къостайы цырты раз сæххæст кодтой ирон националон кæфтытæ дæр.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.